Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

italyancy_0.jpg

18 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид фембæлдис Итали æмæ Хуссар Ирыстоны `хсæн Хæлардзинады æхсæнады Президент профессор Мауро Мурджиаимæ. Фембæлды ма уыдис Италиæмæ Хуссар Ирыстоны `хсæн Хæлардзинады æхсæнады уæнг Джорджио Лоренци.


Баныхæсты рæстæджы æруынаффæ кодтой Хуссар Ирыстоны æмæ Италийы хæлардзинады Æхсæнады æмахастыты фарстатыл, афтæ ма банысан æрцыдис дывæрсыг ахастыты дарддæры интенсификацийы перспективон архайды конкретон алгоритм, сæрмагондæй та базарадон-экономикон æмæ культурон къабæзты.

Фембæлды фæстиуджыты фæдыл хуссарирыстойнаг дзыллон информациты фæрæзты минæвæрттæн уагъд æрцыдис пресс-конференци.


Цхинвал, 2013 азы 18 сентябрь