Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг
Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æмархайды перспективæтыл. Дыууæ фарсы дæр сæ фæнд загътой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ‘хсæн традицион хæларадон æмæ æфсымæрон ахастыты предметон политикон диалог дарддæр кæнынмæ цæттæдзинад, афтæ ма банысан кодтой дыууæ бæстæйы дипломатон уагдæтты ‘хсæн ахастытæ дарддæр рæзын æмæ арфдæр кæнынмæ тырнындзинад.
Зæрдыл лæууын кæнæм уый æмæ ацы бонты Абхазы уагъд кæй цæуынц Абхазы хæдбардзинады æмæ Фыдыбæстæйон хæсты адæмы уæлахизы 20 азы бæрæгбонон мадзæлттæ.
Цхинвал, 2013 азы 1 октябрь