Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

mkkk_2.jpg

15 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид йæхимæ райста Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Минæварады сæргълæууæг Валентина Кимы.


Фембæлды уынаффæ кодтой РХИ-йы территорийыл фæстаг мæйты Сырх Дзуары архайдмæ хауæг фарстатыл. Дзырдтой, уымæй размæ цы фембæлд уыдис æбæрæгæй сæфт адæймæгты агурыны сæраппонд, уый фæдыл. Кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ загътой цымыдисаг къорд фарстаты тыххæй.

Санахъоты Давид бузныг загъта ДСДК-йы сæргълæууæгæн йæ визиты тыххæй æмæ банысан кодта ДСДК-йы бирæазон ахадæн куыст Хуссар Ирыстоны. Фембæлды хайадисджытæ цæттæдзинад загътой сæ дарддæры координацигонд архайды æмæ æргом æмкуысткæнынады тыххæй.


Цхинвал, 2013 азы 15 ноябрь