Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2013 азы 31 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Харитоны фырт цы Указ рауагъта, уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны ‘мбæстæг Джерапты Таймураз Савелийы фыртæн хатыргонд æрцыдис йæ фыдракæнд, кæй тыххæй йын 2010 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Тæрхондон УФ УК 278 статьямæ гæсгæ тæрхон рахаста 13 азы ‘мгъуыдмæ йæ сæрибардзинад байсын.


Хуссарирыстойнаг фарс дунеон фæзуæтыл бирæ хæттыты, уыцы нымæцы Женевæйы дискусситы æмæ фембæлдты дæр амыдта, цæмæй иуварс цыдаид æмæ сæхи тыхсын кодтаиккой, инциденты фæдыл сын Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ахæстæтты цы ахæстытæ ис, уыдон кæрæдзийыл, ома «алкæй алкæуыл» баивыны принципмæ гæсгæ ссæрибар кæныныл. Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад афтæ нымайы, зæгъгæ, абоны гуманон къахдзæф у Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады хорз фæндондзинады цæвиттон, бафæзмдзæнис æй гуырдзыстойнаг фарс дæр æмæ йæ фæдыл расайдзæнис кæрæдзийы ахæстыты ссæрибар кæныны процесс.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ногæй хъусын кæны, зæгъгæ, 2005 азæй фæстæмæ Гуырдзыстоны ахæстæтты сты, Гуырдзыстоны тæрхонгæнджытæ политикон мотивтæм гæсгæ æнæзакъонон тæрхон кæуыл скодтой, Республикæ Хуссар Ирыстоны уыцы æмбæстæгтæ, æмæ йæ ныфс ис, Саакашвили æмæ йæ хъузæтты фыдракæндтимæ баст чи не сты, уыцы гуырдзыстойнаг ног хицауиуæгад дæр сараздзысты бæрнджын къахдзæфтæ кæрæдзийы ахæстыты ссæрибар кæныны хъуыддаджы.


Цхинвал, 2013 азы 31 декабрь