Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давиды комментарий ПТРК «Ир»-æн

intervyu_d._sanakoeva_1.jpg

2013 азы 17 сентябры нысан цæуы Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл бадзырдыл къухтæ æрфыссыны 5 азы сæххæсты бон. Ацы боны нысаниуæджы тыххæй ПТРК «Ир»-æн йæ интервьюйы комментарий радта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид.


— Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн 2008 азы 17 сентябры къухтæ фыст кæуыл æрцыдысты, уыцы Хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл бадзырд нæ адæмтæн у стыр нысаниуæг кæмæн ис, ахæм. Уый бындур æрæвæрдта нæ паддзахæдты ‘хсæн дывæрсыг ахастытæ саразыны хъуыддаджы, нæ бæстæйы æдасдзинад æмæ стабилондзинадæн сарæзта фидар гаранти. Хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы фæдыл бадзырд Хуссар Ирыстонæн экономикон æмæ социалон рæзты гæнæнтæн дæтты максималон фадат.

Бадзырды уагæвæрдтæ уайтагъддæр райстой практикон баххæст æмæ радтой нæ паддзахæдты æмархайд ног бæрзонд æмвæзадмæ ракæныны фадат. Дыууæ фарсы иумиаг æмгуысты абон онг арæзт æрцыдысты æндæр æмæ æндæр æмвæзады æвдайы бæрц дунеон фидыды бæрц. Уыдонмæ хауынц æндæр æмæ æндæр æмвæзæдты æхсæнпаддзахадон, æхсæнхицауадон æмæ æхсæнуагдонон æмгуыстады бирæ фарстатæ. Бакусын, бацæттæ кæнын æмæ сыл къухтæ ‘рфыссыны стадийы сты 20 фидыдæй фылдæр.

Ацы фадатæй пайда кæнгæйæ, мæн фæнды, цæмæй раарфæ кæнон Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн, Уæрæсейы æмбæстæгтæн ацы нысаниуæгджын цауы фæдыл, уымæн æмæ йын нæ адæмты царды ис историон нысаниуæг.


Цхинвал, 2013 азы 17 сентябрь