Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы комментарий Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады тыххæй Н. Каландадзейы хъусынгæнинаджы фæдыл.

2012 азы 26 январы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Нино Каландадзе телекампани «Рустави-2»-йæн йæ интервьюйы фехъусын кодта, зæгъгæ, «Гуырдзыстоны иунæг хицауад дæр, хъауджыдæр нæу, паддзахады сæргъ чи фæнды дæр лæууа, уæддæр нæ ратдзæн бæстæйы хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинад фехалын бар»

Уый кæцыфæнды паддзахадæн дæр у раст позиции, фæлæ Гуырдзыстоны хицауад, цæмæндæр гæсгæ, дау кæны хæдбар паддзахад Хуссар Ирыстоны территорийыл æмæ уымæн та бынтондæр ницы бар ис. Гуырдзыстонæн никуы уыдис закъонон бар Хуссар Ирыстоны территоримæ, кæцы Гуырдзыстоны ССР-ы скондмæ конд æрцыдис ирон адæмы æвæндонæй 1922 азы. XX æнусы Гуырдзыстоны дыууæ хаты – 1920 æмæ 1989-1992 азты ирон адæмæн сарæзта геноцид æмæ сæ этикон æгъдауæй асыгъдæг кæныны хъуыддаг. Хуссар Ирыстон Гуырдзыстоны ССР-ы сконды цы рæстæджы фæцис, уым йæ къухдариуæгад кæнддæриддæр æххæст кодта дискриминацийы политикæ, культурæ скуынæг кæнын, тыххæй ассимиляции, ирæтты барты æмæ сæрибардзинад дæлдзиныг кæныны политикæ. 1921 азы чи æрцыд ист, æппæт уыцы паддзахадон актты денонсацийæ Гуырдзыстоны Сæйраг Совет 1990 азы æххæстæй скунæг кодта, Хуссар Ирыстон ма йе сконды уыдаит, уый паддзахадон-барадон бындуртæ. Гуырдзыстоны дунеон æмæхсæнад хæдбар паддзахадыл куы банымадта, уыцы рæстæгмæ Хуссар Ирыстон нæдæр паддзахадон, нæдæр юридикон æгъдауæй нал уыдис йе сконды æмæ йын ницы ахаст уыдис йæ «территориалон æнæхъæндзинадмæ».

Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстон банымайа æви ма банымайа, уымæ æнæ кæсгæйæ, ивд нæ цæуы, хæдбар кæй у, уыцы факт, кæцы фæзындис хисбæлвырд кæныны фæстиуæгæн æмæ Хуссар Ирыстон уæвынад кæндзæнис, Гуырдзыстон æм цахæм ахаст дары, уымæ нæ кæсгæйæ. Æмæ Гуырдзыстоны политикты ныхæстæ та сты æрмæстдæр традицион æгъдауæй Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ æмæ Уæрæсемæ цы ахаст дары, уый фæстиуæг. Бирæ гуырдзыстойнаг политиктæ фæстаг рæстæджы тынгæй-тынгдæр æмбарын райдыдтой Хуссар Ирыстонæн фæстæмæ Гуырдзыстоны скондмæ раздæхыны хъуыддагæн перспективæ кæй нæй, уый, фæлæ йæ уæддæр домынц инерцимæ гæсгæ. Уыдонæй иуæй-иуты дзырдтæ æвдисынц, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый кæй у, фæстæмæ раздæхæн кæмæн нал ис, ахæм процесс.

Æмæ иугæр Хуссар Ирыстон æмæ Гурдзыстоны ’хсæн нæй хæстон архайдтытæ мауал райдайыны тыххæй дунеон гарантæй фидаргонд сразыдзинад, уæд Хуссар Ирыстоны адæм нæ уынынц регионы уæрæсейаг æфсæддон тыхтæн, чи сæ бахъахъæна, æндæр ахæм альтернативæ. Абон Уæрæсейы гарзджын тыхтæ Хуссар Ирыстоны территорийыл кæй сты, уымæн йæ барадон базæ у хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг дывæрсыгон сразыдзинад, кæцы æххæстæй дзуапп дæтты регионы стабилондзинадыл чи фæзындис, уыцы дунеон-бадзырдон практикæйæн.

г. Цхинвал,
2012 азы 31 январь.