Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давиды интервью газет «Южная Осетия»-йæн

sanakoev.jpeg

Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, ууыл фондз азы кæй сæххæст, уый фæдыл


- 26 августы 5 азы æххæст кæны Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны суверенитет куы банымадта, ууыл. Цахæм нысаниуæг ис 2008 азы августы Уæрæсейы ацы фæндвидар уынаффæйæн Хуссар Ирыстоны адæмы царды?

— Æцæгæйдæр, 26 августы фондз азы æххæст кæны Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл. Уыцы бон, 2008 азы, Уæрæсейы Федерацийы Президент Д.А. Медведев райста, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы адæмтæн хъысмæтхæссæг чи уыдис, ахæм уынаффæ – йæ къух æрфыста Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы Указыл.

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый ссис сæ хæдбардзинады сæрыл тохы Хуссар Ирыстоны адæмы бирæазон тохы закъонбæрцон фæстиуæг æмæ ссис Хуссар Ирыстоны историйы иууыл ногдæр æмæ ахсджиагдæр цау, кæцы ног фарс байгом кодта уырыссаг – ирон ахастыты. Уæрæсейы ‘рдыгæй фарс Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад нымад кæй æрцыдис, уый йын йæ адæмы ифтонг кæны бирæ рæстæджы дæргъы цы сабырадмæ æнхъæлмæ кастысты, уымæй, стабилон рæзтæй. Ныр ын Уæрæсе у æдасдзинады гарант. Нырыккон барадон-демократон паддзахад аразгæйæ, уæндонæй размæ цæуы социалон-экономикон инфраструктурæ æндидзын кæнынмæ æмæ уый та у ахæм змæлынгæнæг тых, адæмы фæстæмæ сабыр, æцæг аккаг цардмæ здахæг фæндаг. Уæрæсе Хуссар Ирыстонæн æххуыс кæны бирæазон хуыдуггæнæг блокадæ æмæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй хъæддаг хæстон блокадæ аиварс кæныны хъуыддаджы.

- Фондз азы дæргъы Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты бирæ бадзырдтæ æмæ фидыдтыл. Куыд аргъ кæныс сæ рæзты реализацийы динамикæйæн æмæ ма бакусыны æмæ сыл къухтæ æрфыссыны стадийы цахæм фидыдтæ сты?

— Президент Тыбылты Леонид 2013 азы 30 апрелы адæммæ æмæ Парламентмæ йæ ныстуаны иу хатт ноджыдæр бабæлвырд кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æттагон политикæйы иууыл приоритетондæр фæдæздæхт у Уæрæсейы Федерациимæ хæларадон ахастытæ дарддæр рæзын æмæ арфдæр кæнын. Абоны бонмæ Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны адæмты ‘хсæн сырæзтысты иууыл хуыздæр æмæ хъармдæр хæларадон ахастытæ, кæцытæн сæ райдиан цæуы æнусты арфæй æмæ сын ис дæргъвæтин æмæ хъæздыг истори. Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмкуысткæнынады бирæ сферæты сырæзт иттæг хорз атмосферæ нæ æмкуысткæнынады конкретон проекттæ реализаци кæныны хъуыддаджы. Нæ æмархайд бындуриуæг кæны, канд нæ адæмы кæрæдзийæн аргъ кæныныл нæ, фæлæ ма фидар барадон базæйыл дæр. Аивгъуыйгæ фондз азы дæргъы стыр куыст æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн иттæг хорз паддзахадон ахастытæ саразыны сæраппонд. 2008 азы 17 сентябры хæлардзинад, æмкуысткæнынад æмæ кæрæдзийæн æххуысы Бадзырдæй дарддæр ма абоны онг арæзт æрцыдысты æвдайы бæрц æндæр æмæ æндæр æмвæзады æхсæнадæмон фидыдтæ, кæцыты сты уæрæх куыст æмкæнынады æмвæзады æхсæнпаддзахадон, æхсæнхицауадон æмæ æхсæнведомствойон фарстатæ.

Куыстæуы сыл æмæ къухтæ ‘рфыссынмæ цæттæ цæуынц 20 фидыдæй фылдæр, уыцы нымæцы дывæр æмбæстагад райсыны фарстатæ æрбæстон кæныны тыххæй Бадзырд, кæцыйæн стыр нысаниуæг ис Хуссар Ирыстоны цæрджыты царды, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны тыххæй Бадзырд. Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы Федераци æмæ .республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн дывæрсыг ахастытæ арæзт цæуынц уæрæх бадзырдон-барадон базæ хынцгæйæ æмæ нæ уагдон ацы фæдæздæхты кæны æрвылбон куыст.

- Банысангонд бадзырдты нымæцы ис Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æттагонполитикон уагдæтты æмгуысткæнынады тыххæй фидыд. Цас ахадæнæй æххæст цæуы нæ паддзахадты фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты ‘хсæн æмархайд?

— Суанг 2009 азы 20 РХИ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты фарстаты фæдыл æмкуысткæнынады Меморандум. Ацы Меморандумы бындурыл махæн фадат фæзындис, цæмæй æрвылаз дæр УФ дипломатон уæлдæр ахуыргæнæндæтты исæм нысанон бынæттæ.

Æрвылаз дæр ДАМПИ(У)-мæ арвитæм фондз студенты, РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæй фондзы та арвитæм УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты Дипакадемимæ, кæцыран ныридæгæн ахуыр кæнынц не ‘мкусджытæ. Уымæй дарддæр ма нæ кусджытæн фадат ис фæдфæдылон æгъдауæй УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дипломатон академийы цæуой цыбырæстæгмæйон цæттæгæнæн æмæ ногæйбацæттæгæнæн курсытæ. Фадат нын ис, цæмæй кадртæ цæттæ кæнæм æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты дæр, куыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты дунеон ахастыты факультеты. РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн æдзухон æмархайд кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварадимæ.

- Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады приоритетондæр куыстытæй сæ иу у, цæмæй нын нæ Республикæйы банымайой. Уый та у, æнæмæнг чи хъуамæ уа, ахæм прцесс. Æнхъæлмæкæсæн ис æввахсдæр перспективæйы нын нæ Республикæйы æндæр паддзахадтæ дæр кæй банымайдзысты, уымæ?

— Цардхъом паддзахадтæ нациты сæхи фæндонмæ гæсгæ равзæрсты бартæ реализаци кæныны фæстиуæгæн цы паддзахадтæ фæзындысты, афтæ ма эффективон хицауадтæ адæмы сæрибар фæндонмæ гæсгæйæравзæрсты фæстиуæгæн чи ‘рцыдис, ахæмтæ кæддæриддæр уæвынад кæндзысты. Мах, не ‘ппæты дæр нæ тыхтæ аздахын хъæуы нæ паддзахады экономикæ дарддæр фидар кæнынмæ æмæ хъуамæ суæм, æндæртæ дæр кæмæ бацымыдис кæной, ахæм фидар бæстæ. Афтæмæй Хуссар Ирыстонимæ ахастытæ сырæзын кæныны контексты цæстæй чи кæсдзæнис, уыцы бæстæты потенциалон хай дзæвгар сырæздзæнис. Нæ уагдон, æнæмæнгдæр, æнæсцухæй кусы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад чи банымадта, уыдоны нымæц фылдæр кæныныл. Æмæ кæд Гуырдзыстоны дипломатии тынг архайы Республикæ Хуссар Ирыстоны æндæр бæстæтæдæр цæмæй ма банымайой, ууыл, уæдæр йæ банымайыны процесс дарддæр кæндзæнис.

- Цахæм фæндиæгтæ зæгъыс нæ республикæйы адæмæн Уæрæсе Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы бæрæгбонон боны?

— Ацы иттæг зæрдæмæдзæугæ фадатæй пайда кæнгæйæ, мæ фæнды стыр бузныг зæгъон Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн, нæ паддзахады хæдбардзинад нын кæй банымадта æмæ йæ уый фæстæйы стыр æххуысы тыххæй. Растдæр Уæрæсейы Федераци фæзындис æххуысмæ Хуссар Ирыстонмæ, хæстон тæссагдзинадæй, мæлæтхæссæг хъуыддагæй, нæ адæмы царды æмæ мæлæты фарст скъуыддзаг куы цыдис, уæд.

Фæнды мæ нæ бæстæйы историйы ацы нысаниуæгджын боны зæрдиаг арфæ ракæнон Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн, хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг адæмтæн мæ цæст карзы сабырад æмæ дидинрафтыды фæндиæгтæ. Нæ адæмæн сæ тых цасдæриддæр амона, уымæй æппæт дæр сараздзысты, цæмæй Уæрæсе макуы фæфæсмон кæна, Хуссар Ирыстонмæ æххуысмæ кæй фæзындис æмæ йын йæ хæдбардзинад кæй банымадта, уый тыххæй. Хуссар Ирыстон кæддæриддæр хъуыды кæндзæнис кæмæй уа бузныг йæ фервæзыны æмæ йын сæрибармæ æмæ хæдбардзинадмæ йæ бартæ чи банымадта, уыцы Стыр Уæрæсейы.


Цхинвал, 2013 азы 23 август