Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

17 июлы Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад сæрмагонд хъусынгæнинаджы æвзæрыл банымадта Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады 58-æм арми Хуссар æфсæддон округы æмæ Хуссар Ирыстоны цы æфсæддон ахуыртæ ауагъта, уыдон æмæ сæ схуыдта «провокацион архайдтытæ».


Гуырдзыстоны хицæутты тыхсдзинад Уæрæсейы ‘рдыгæй мæнг тасдзинады характер кæмæн ис, уыцы æфсæддон ахуырты тæссагдзинад у æрымысгæ. Уæрæсейы Федерацийæн, куыд фидауынгæнæг, афтæ 2008 азы августы хæсты Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Гуырдзыстоны фидыдмæ æркæныны фæдыл цы операци сæххæст кодта, уый ссис скъуыддзаггæнæг ситуаци æрбæстон кæныны хъуыддаджы æмæ ма абоны бонмæ дæр у иунæг-иу гарант регионы æнцойад æмæ сабырдзинадæн. Æрмæстдæр Хуссар Ирстоны цы уæрæсейаг æфсæддон контингент дислокаци кæны æмæ йæ мисси дывæрсыг бадзырды бындурыл чи аразы, уый фæрцы æрьиноныг Хуссар Ирыстоны территорийыл, бирæ рæстæджы кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы сабырад.

Гуырдзыстоны ‘рдыгæй фарс йæ рынчын амбициты æмæ реваншистон нысанттæ бамбæхсыны сæраппонд пайда кæны индуциркæныны негатив Уæрæсейы ныхмæ. Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы бирæ хæттыты сабырадон æмахастытæм æрсидт Гуырдзыстоны демилитаризаци скæныны тыххæй никæмæ фехъуыстис. Уый нæ, фæлæ ма Гуырдзыстоны æфсæддон потенциал блицкриг «сыгъдæг быдыр»-æй фыдæнхъæл куы фæцис, уый фæстæ йæ хæстон потенциал ноджыдæр бирæ фæфылдæр кодта.

Гуырдзыстоны территорийыл Гуырдзыстоны АИШ æмæ НАТО-йы иумиаг проекттæ кæй æххæст цæуынц, уый ахъаз кæны æндыгъдады эскалацион архайдтытæн æмæ Гуырдзыстоны разæнгард кæнынц радон провокацион архайдтытæм, ахæмтæм, цахæм цау æрцыдис æрæджы арæныл.

Гуырдзыстонæн цахæмфæнды фæсарæйнаг æххуыс, уæлдайдæр та æфсæддон, куыдфæнды æфсон ын ма ссарой, уæддæр вазыгджындæр кæны регионы сабырад æмæ стабилондзинад фидар кæныны перспективæйæн.


Цхинвал, 2015 азы 17 июль