Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг




2014 азы 11 марты фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Женевæйы дискусситы хайадисæг хуссарирыстойнаг делегацийæн Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй Цхинвалы кусæгон фембæлд уыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттимæ ЕЦ, ЕЦÆО æмæ БНО-йæ, кæцытæ Республикæмæ æрцыдысты дискусситы радон раунды хæдразмæ.


Фембæлды бындурон темæ уыдис, ацы аз 25-26 марты, нысангонд чи цæуы, Женевæйы дискусситы уыцы 27-æм раундмæ бацæттæ кæнын.

Ныхасы рæстæджы-ма дыууæ фарсы дæр бауынаффæ кодтой Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæнтыл æдасдзинады хъуыддаг стабилон скæныны фарстытыл, уыцы нымæцы инциденттæ иуварс кæнын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны иумиаг архайды механизмты эффективондзинад рæзын кæныны фарстыл дæр (МПРИ).

Хуссарирыстойнаг фарс та ногæй банысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон хæсджынгæнæг сразыдзинадыл къухтæ ‘рфыссыны иттæг стыр нысаниуæг æмæ йæ цæттæдзинад загъта ахадæн æмæ конструктивон куыст кæныны тыххæй. Уый уагъд цæудзæн уыцы раунды фæлгæтты

Лæмбынæгæй дзырд цыдис гуманитарон фарстаты фæдыл, кæцыты ахсджиаг бынат бацахста, æбæрæгæй чи фесæфтысты æмæ Гуырдзыстоны æнæбындурæй тæрхон кæуыл æрцыдис, Хуссар Ирыстоны уыцы æмбæстæгты хъысмæты фарстыл.

Фембæлды фæстæ æмсæрдæрттæ бабæрæг кодтой Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæны фадыг Дицы цæрæн пункты.

12 марты та плангонд у Женевæйы дискусситы æмсæрдæртты ацыд Ленингоры районмæ. Уыдон уым фембæлдзысты администрацийы сæргълæууæг æмæ районы цæрджытимæ.


Цхинвал, 2014 азы 11 март