Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл БНО уæлдæр къамиссар æхсин Нави Пиллэй, Гуырдзыстоны визиты уæвгæйæ, цы къорд хъусынгæнинаджы сарæзта Хуссар Ирыстоны ситуацийы фæдыл, уыдонæн бынтондæр ницы иудзинад ис хъуыддаджы реалон уавæримæ. Уæлдæр банысангонд къамиссары ныхасмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстон ссис «сау афтид бынат» æмæ «зæххыл иууыл зындæр бафтæн кæдæм у, ахæм бынат, цæрыны фадæттæ дзы æппынæдзух кæнынц æвзæрæй-æвзæрдæр». Уый ма банысан кодта, зæгъгæ «нæ бирæ хæттыты бафæлвæрдтæ æмæ БНО Генералон секретары сидтытæн Абхазмæ æмæ Хуссар Ирыстонмæ бацæуыны тыххæй фæстиуæг никуы уыдис нæ-иу нæ бауагътой. Æз мæхæдæг дæр бафæлвæрдтон, цæмæй мæ бауадзой, фæлæ та мын радон хатт дæр бар нæ радтой».


Æхсин Пиллэй, куыд бæрзонд æмæ бæрнон пост ахсæг, афтæ йын зындгонд хъуамæ уа уый æмæ дунейы кæцыфæнды бæстæйы территоримæ бацæуыны хъуыддаг арæзт кæй цæуы йæ мидæггагон закъондæттынадмæ гæсгæ. Æмæ афтæ у Республикæ Хуссар Ирыстоны дæр. Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æххæст бæрндзинадимæ хъуысын кæны уый æмæ нæдæр БНО Генералон секретарь, нæдæр адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл Уæлдæр къамиссар никуы хатыдысты Хуссар Ирыстоны хицауиуæгадмæ цæмæй сын радтаиккой бæстæйы территоримæ бацæуыны бар, уый тыххæй.

Банысан кæнын æмбæлы уый æмæ Уæлдæр къамиссар Гуырдзыстонмæ йæ визиты рæстæджы афтæ разæнгардæй цы хъусинæгтæ сарæзта, уыдонæй кæй рæдийын кæны дунеон æмæхсæнады æмæ кæй æнцой кæнынц Хуссар Ирыстонмæ æмæ йæ адæммæ знаджы цæстæй чи кæсынц, Гуырдзыстоны политикты организацийы уыцы æрæмысæггаг æвдсæйнæгтыл æмæ «æнæхицауадон организациты» ныхæстыл. Æхсин Пиллэй, Хуссар Ирыстоны территорийыл чи цæры, уыдон царды уавæртæ февзæрдæр кæныны тыххæй кæй тыхсы, уый комкоммæдæр ныхмæвæрд у объективон реалондзинадимæ, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны царды стандарттæ бирæ уæлдæр лæууынц, Гуырдзыстоны цахæм сты, уымæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны ахæм иуварсыг фарсхæцынад нæй гæнæн æмæ ахъаз кæна Гуырдзыстоны политикон интерестæн, нæдæр дунеон æмæхсæнæдæн, нæдæр Хуссар Ирыстоны фæсконфликтон уавæр æрбæстон кæнынæн.

Хуссар Ирыстоны хицауад иу æмæ дыууæ хатты, мыййаг, нæ бæлвырд кодта йе ‘ргомдзинад дунеон æмæхсæнадимæ йæ хайадисты тыххæй æмæ та ныр дæр ногæй хъусын кæны, Хуссар Ирыстонæн æмæ йæ æвæджиаг бартæн аргъ чи кæны, æппæт уыцы дунеон организацитæ æмæ бæстæтимæ æмархайд кæнынмæ цæттæ кæй у, уый.


Цхинвал, 2014 азы 22 май