Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Лигъдæтты фæдыл БНО ГА цы резолюци райста, уый фæдыл

2014 азы 5 июны БНО Генералон Ассамблея райста лигъдæтты фæдыл Гуырдзыстоны иницииргонд резолюции. Документ у, гуымир æгъдауæй зыгъуыммæгонд чи ‘рцыдис, проблемæ æххæстæй иуварсыг æмæ политизацигондæй æвдыст кæм цæуы, ахæм. Гуырдзыстон йе спонсортимæ уый хъары дунеон æмхæларадæн æмæ йæ нысан та, сæйраджыдæр у, цæмæй ма Гуырдзыстон ноджыдæр иу хатт зæгъа искæй территоримæ йæ претензиты тыххæй.


Æхсæз азы бæрц рацыдис Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ ахасты Гуырдзыстоны радон агрессийæ. Уый фагæй фылдæр рæстæг у, цæмæй бæлвырдæй æмæ фидарæй базындæуа агрессоры, куыд хæстон фыдгæнæг, афтæ чи у, уый, афтæ ма загъдгонд æрцæуой регионы æндыгъддзинад аразынæн æмæ йæ карз кæнынæн чи ахъаз кæны, уыдон нæмттæ дæр. Фæлæ ирон адæмы скуынæг кæныны нысанæн цы хæст уыдис, уымæн абоны онг дæр æмбæлон аргъгонд не ‘рцыдис дунеон æмæхсæнады ‘рдыгæй. Гуырдзыстоны спонсортæ Тбилисæн разæнгардæй барынц, æгæрстæмæй, иууыл æнæадæймагондæр фыдракæндтæ, уыдонмæ ма ирæттæм ахасты дæсгай мин æфсæддон фыдракæндтæ дæр бафтаугæйæ.

Гуырдзыстон фадатæй пайда кæнгæйæ, йе спонсорты къухтæй блокада аразы, цæмæй Хуссар Ирыстон хайад ма райса лигъдæтты фарсты тыххæй уынаффæ кæныны æмæ цæмæй ма бауадзой хъуыддæгты уавæр æцæгæй куыд у, ахæм рæстаг информаци апарахат кæнын. Гуырдзыстон кæй бавдыста Генералон Ассамблейы йæ райсыны тыххæй лигъдæтты фæстæмæ раздахыны фæдыл, уыцы резолюцийы бæстæтæ-хайадисджытæм сидгæйæ, уыдон проблемæйы мидис цæй мидæг уыдис, уымæн сæ фылдæр хай зонгæ дæр ницы кодта.

Афтæмæй та этникон гуырдзиæгты фылдæр хай Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийæ ацыдысты, Гуырдзыстоны æфсад куы ‘рбабырстой, уымæй цалдæр боны раздæр. Сæ нымæц уыдаит 5000 адæймагæй чысыл фылдæр. Уыцы рæстæджы – 1990-1992 азты Гуырдзыстонæй æмæ Хуссар Ирыстонæй, гуырдзиаг боевиктæ æмæ æфсæддонтæ кæй æххæст кодтой, уыцы этникон асыгъдæг кæнынæй сæхи бахизыны охыл сæ цæрæнбынæттæй фæлыгъдысты 100 мин иронæй фылдæр. Уыдонæн сæ фылдæр хайæн нæ уыдис хи фæндонмæ гæсгæ, æдасæй, цахæм æмбæлы, ахæм уагыл æнæкъуылымпыйæ фæстæмæ рæздхыны фадат æмæ сæ мулчы реституцион бартæй спайда кæнын. Резолюцийы уыдон хъысмæты тыххæй исты зæгъыныл йæхи бынтондæр ничи батыхсын кодта. 2008 азы августы агрессорты бомбæтæй æмæ æгъатыр хъæддаг митæй тæрсгæйæ, ма ирон лигъдæттæм ноджыдæр бафтыдысты 36 мин адæймагæй фылдæр.

Куыд зыны, афтæмæй ирон адæмæн нацистон Гуырдзыстон цы хъизæмæрттæ бавзарын кодта, уый никæй батыхсын кодта, уыцы резолюци райсыны ‘вварс чи рахæцыдысты, уыдонæй. Æмæ куыд зыны, афтæмæй æцæгæй нæ тыхсынц Хуссар Ирыстонæй чи ацыдысты, уыцы этникон гуырдзиæгты хъысмæтыл дæр, уымæн æмæ æргомæй зыны гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй дарддæр цы бахъавдтытæ фæнд кæнынц Хуссар Ирыстонæн блокадæ саразыны тыххæй æмæ сын фадат ма уа лигъдæтты бирæпланон проблемæтæ аскъуыдзаг кæныны хъуыддаг кæна дардæй-дарддæр.


Цхинвал, 2014 азы 7 июнь