Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2014 азы 8 августы Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты Парламенты депутаты æвзæрстытæ. Хъæлæс дæттыны хайад райстой, иумиагæй сисгæйæ, регистрациæрцæуæг æвзарджыты 60%-æй фылдæрæй, кæцытæн уыдис æвзæрстыты цы фараст политикон партийы истой хайад, уыдонæй сæ кæмæн фæндыдис, уымæн йæ хъæлæс сæрибарæй радтыны фадат. 12 бæстæйæ æрцæуæг дунеон цæстдарджытæ нæ бафиппайдтой бæстæйы æвзæрстыты закъондзинад фехалыны иунæг цау дæр æмæ загътой, дзуапп кæй лæвæрдта æвзæрстыты уæлдæр стандарттæн, банысан кодтой, æвзæрстыты процедурæйы æппæт дæр нывыл кæй уыдис, йæ æргомдзинад æмæ демократондзинад.


Фæлæ хъæлæс дæттыны процедурæ дæр нæма фæцис, афтæмæй ЕЦ дунеон хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фæдыл Уæлдæр минæвар Кэтрин Эштон Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентон æвзæрстыты тыххæй фехъусын кодта, зæгъгæ, «Европæйаг Цæдис нæ нымайы æвзæрстытæ цы фæлгæтты уагъд æрцыдысты, уыдон конституцион æмæ барадон нормæты». Ахæм тоныл ма загъдгонд æрцыдис Цæгат-Атлантикон альянсы Генералон секретары хъусынгæнинаг дæр. Чизоны парадоксалон фæкæса искæмæ уый æмæ Брюссель иу бæстæты æвзæрстытæ кæй нæ нымайы, кæцыты хъæлæс лæвæрд цæуы сæрибарæй æмæ дунеон стандарттæ куыд амонынц, ахæм уагыл æмæ ма уыцыиу рæстæджы хъусын кæны «хъæлæскæнын кæй нымайы» æмæ «демократийы уæлахиз» кæй нымайы ахæм бæстæты, кæцыран дæлдзиныг цæуы æлдæргъуызон хъуыдыкæнынад, кæцыран практикæйы æххæст цæуынц адæймæгты фæдыл зилыны æмæ сæ политикон уырнындзинады тыххæй масон æгъдауæй æххæст цæуы сæ марыны хъуыддаг, кæцыран бар лæвæрд цæуы, цы кандидаты нæ уарзынц, уыдон ныхмæ гуымир тыхмитæй пайда кæнынæн æмæ хъæлæсдæттын та цæуы сармадзанты нæмгуыты æмæ бомбæты срæмыгъдтыты аккомпонементæй, кæцытæй, хицауад сæхи чи бакодтой, уыцы тыхтæ хъавынц протесты хъæлæс ныххуыдуг кæнынмæ.

Дипломатийы сæргълæууæг Евроцæдисы позици кæй фехъусын кодта, уымæн йæ нысан у, цæмæй рахæцой, Гуырдзыстоны цы территори нæу, ууыл дауты ‘вварс. Уый та у демократон принциптæм, дунеон фундаменталон барадон документты, æмбæстагон æмæ адæймаджы æмæ адæмты политикон бартæм ныхмæвæрд. Алы паддзахадæн дæр бар ис йæхæдæг æмæ сæрибарæй араза йæ мидæггагон хъуыддæгтæ, афтæ ма æвзарыны æмæ дæхæдæг æвзæрст æрцæуай, уый та у ахæм, кæцы у адæймаджы барты иумиаг нымадгонд хъуыддаг, сразы йыл уæвын, æххæст æй кæнын æмæ йæ хъахъхъæнын та у паддзахады æмæ дунеон æмæхсæнады уæлдæр нысанттæй сæ иу. Æмæ ма нын баззадис, цæмæй æрхæндæгæй сконстатаци кæнæм уый æмæ ЕЦ дунеон æмæ æдасдзинады хъуыддæгты фæдыл Уæлдæр минæвары дзыхæй хæдбар паддзахадты æвзæрстыты тыххæй цы комментарий райхъуыст, уыдон не ‘вдисынц, иу кæнæ иннæ бæстæйы хъуыддæгты æцæг уавæр, фæлæ нысан кæнынц зæрдæмæхъаргæ политизацигонд позици æмæ уымæй дызæрдыджы æппарынц Брюсселæн йæ бон у æмæ уа рæстаг æхсæны лæгæй кæнæ æмбæстагон æмæ политикон процедурæты барты фарстаты фæдыл эксперт æви нæ, уый

Хуссар Ирыстон дарддæр дæр цæудзæнис суверенон, демократон паддзахаддзинад фидардæр кæныны фæндагыл, фæсарæйнаг «хорзмæбæлджытæ» уый тыххæй куыдфæнды дæр ма хъуыды кæной, уæддæр.


Цхинвал, 2014 азы 9 июнь