Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. дзуаппытæ дзыллон информацийы фæрæзтæн

sanakoev.jpg

- Дауыт Георгийы фырт, Украинæйы абоны ситуаци æмæ Ныгуылæны санкцитæ хынцгæйæ, Уæрæсейы æмæ йе ‘мцæдисонты алыварс ситуацийæн æсаргъгæнæн ис, куыд тынг æндыгъд, афтæ. Уæрæсе у Хуссар Ирыстоны сæйраг стратегион партнер. Æмæ уæдæ куыд скъуыдзаг цæуынц арæнты æдасдзинады æмæ сæ фидар кæныны фарстатæ, уæлдайдæр та уый æмæ ныры онг дæр къухтæ фыст нæма ‘рцыдысты, Гуырдзыстон тыхæй, цæмай ма спайда кæна, уыцы юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг бадзырдыл?


— Æцæгæйдæр, фæстаг рæстæджы дунеон æмæхсæнад æвзары дунеон ахастыты рæзты ног, вазыгджын системæ. Ацы процесс, куыд зыны, афтæмæй уыдзæнис дæргъвæтин æмæ йæ фидæн та, зын рахатæн кæмæн у, ахæм. Азæй-азмæ фылдæр кæны æнæаскуыдзаг проблемæты уылæн æмæ ног, тæссаг хъуыддæгтæ адæймагады æдасдзинад æмæ рæзтæн. Уæрæсейы æппынæдзух дæр хъæуы импровизаци кæныны сæр æмæ æвæстиатæй дунейы стабилондзинады ифтонг кæныны мадзæлттæ агурын.

Абон зын зæгъæн у, цас рæстæг ахæсдзæнис Украинайы кризис æмæ цахæм уыдзысты йæ фæстиуджытæ, уый. Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, æмбарæм, Украинайы кризис Фæскавказы бæстæтæн, гæнæн ис æмæ суой уæлæмхас дестабилизацийы фактор æмæ уæлдай лæмбынæгдæрæй нæ хъус дарæм цауты рæзтмæ. Арæнты æдасдзинадыл дзырд куы цæуа, уæд 2009 азы 30 апрелы Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы президенттæ сæ къухтæ æрфыстой, арæнты иумиагæй цæмæй хъахъхъæной, уыцы Бадзырдыл. Ацы сразыдзинадыл къухтæ ‘рфыссын уыдис нæ бæстæты иумиаг тыхты рæзты барадон базæйы дывæрсыг ахасты логикон æгъдауæй адарддæр кæнын, кæцыйæн йæ райдиан уыдис 2008 азы 17 сентябры Уæрæсе æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæлардзинад, æмкуысткæнынад æмæ кæрæдзийæн æххуысы адарддæр. Документтæ куыд амонынц, афтæмæй сразыдзинад здæхт нæу æртыккæгæм паддзахадты ныхмæ. Абон мах æвдисæн стæм уымæн æмæ ацы документыл къух æрфыссыны ныр æхсæз азы дæргъы ифтонг кæны Республикæйы æмбæстæгты æнцойад, ахъаз ын кæны йæ демократон рæзтæн æмæ Хуссар Ирыстоны хуссар хайы демократон уагыл рæзт æмæ фидар кæнынæн.

- 18 февралы, Мæскуыйы, æнхъæлмæ кастæуы Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны тыххæй сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын. Цы хъуамæ уа ацы сразыдзинады, уый нын куы фæдырыстæр кæнис?

— Стыр куыст æрцыдис ацы сразыдзинады фæдыл, лæмбынæг куыст æрцыдис документы алы пунктыл дæр. Хуссар-ирыстойнаг-уæрæсейаг паддзахадон арæны делимитацийыл делегациты иумиаг куыст райдыдта суанг 2010 азы æмæ документ цæттæгонд æрцыдис къухтæ йыл æрфыссыны онг. Ацы Бадзырд ахсджиаг бынат æрцасдзæнис, ныры онг къухтæ фыст кæуыл æрцыдысты, афтæ ма къухтæ æрфыссынмæ цы дывæрсыг документтæ цæуынц, уыцы 80-йæ фылдæр æхсæнхицауадон æмæ æхсæнуагдонон бадзырдты æмæ сразыдзинæдты ‘хсæн, уыдоныл. Паддзахадон арæны тыххæй ноджыдæр иу хатт дзурæг у ууыл æмæ размæцыды, хæлардзинады, хæларсыхагон æмæ æмбар ахастытæ кæй рæзынц дыууæ суверенон паддзахад Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн. Ацы документыл къух æрфыссын ноджыдæр иу хатт нысан кæны гуырдзиаг политикты æмæ сæ ныгуылæйнаг фарсхæцджыты политикæйы, афтæ хуыйнаг «Хуссар Ирыстоны оккупаци» æнæхъоладзинад. Ноджыдæр ма мæ иу хатт фæнды уый банысан кæнын æмæ Хуссар Ирыстон цæттæ кæй у, ахæм архайдмæ сыхаг паддзахад Гуырдзыстонимæ æмæ бирæ хæттыты, уыдоны нымæцы дунеон организацитæ – Евроцæдис, ИНО, ЕЦÆО уылты гуырдзиаг фарстæ хатыдис, цæмæй иумиагæй рæвнæлдтаиккам паддзахадон арæн демилитаци æмæ демаркацийы куыстмæ. Фæлæ гуырдзиаг хицауад нæ разы кæны, арæн кæуылты цæуы, уый сбæлвырд кæныны фарстыл æруынаффæ кæныныл. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон райста уынаффæ, цæмæй Гуырдзыстонимае паддзахадон арæпы арæзтауы фарстыл куыст цыдаит иувæрсыгæй.

- Ныр дыууæ мæйы дæргъы уынаффæ цæуы Уæрæсеимæ Хуссар Ирыстоны æмцæдисдзинады æмæ интеграцийы фæдыл бадзырдыл къухтæ æрфыссыны тыххæй. Уымæй Республикæ цæмæ ‘нхъæлмæ кæсы æмæ абоны-бонмæ цахæм стадийы ис къухтæ йыл æрфыссыны хъуыддаг?

— Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы æмцæдисдзинады æмæ интеграцийы фæдыл бадзырд æрвыст æрцыдис Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ æмæ йæм хъуамæ ‘ркæсой йæ уæрæсейаг коллегатæ. Бадзырды проектмæ гæсгæ арæзт хъуамæ ‘рцæуа хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады иууон тыгъдад. Уымæй дарддæр ма бадзырд ахъаз кæндзæнис хуссарирыстойнаг адæмы царды социалон æмвæзад рæзын кæнынæн дæр.

Сусæггаг никæмæн у уый æмæ Кавказы æмæ æмткæй Евразийы æппæт геополитикон ситуацийы рæзт баст кæй угуырдзиаг-ирон æмæ гуырдзиаг-абхазаг конфликты рæзтыл. НАТО-йы æфсæддон активондзинад Фæскавказы, уæлдайдæр та Гуырдзыстоны НАТО-йы план ахуыргæнæн центр дзы саразыны хъуыддаг кæй æвзæрын кæнынц регионы стабилондзинадæн тæссагдзинад æмæ, гæнæн ис, æркæной мæгуырау фæстиуджытæм. Мах хорз хъуыды кæнæм альянсы уæнгты æфсæддон интервенцийы фæстиуджытæ, уыцы нымæцы Æввахс Скæсæны дæр, кæцытæ стабилизацийы амал не систы, цыма кæцыйы тыххæй сæххæст кодтой хифæхæццæкæнын, фæлæ ноджы пырхгонд æрцыдысты паддзахадон æмæ хицауиуæгады институттæ дæр.Уымæ гæсгæ альянсы æппæт архайдтытæ дæр æфсæддон арæзтады æмæ НАТО-йы дарддæры æрбаввахс Хуссар Ирыстоны арæнтæм ныхмæ бахъæуы адекватон дзуапп агурыны сæр.

- Ды ма ноджыдæр дæ Кавказы æдасдзинады фæдыл Женевайы дискусситы Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды дæр. Æмткæй цахæм аргъ кæныс ацы бадзырдтыты процессæн æмæ Дæ хъуыдымæ гæсгæ исты исты перспективæ ис Гуырдзыстонимæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документыл къухтæ æрфыссынæн. Цас бæрцæй у Республикæйæн ацы бадзырдтыты формат?

- Æз афтæ нымайын æмæ Кавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевайы дискусситы фæзуат, кæцытæ уагъд цæуынц Евроцæдисы, ЕЦÆО æмæ ННО, Уæрæсейы, АИШ-ы, Гуырдзыстоны, Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны хайадист æмæ Эгидæйæ, кæд сын бæлвырд фæстиуджытæ нæй, уæддæр сты æнæмæнгхъæуæг æмæ ахсджиаг. Женева у иунæг-иу ахæм фæзуат, кæцыран ирæттæ, абхазæгтæ æмæ гуырдзиæгтæ,фылдæр æви цъусдæр бæрцæй зæгъой сæ позици. Цалынмæ нæ фенæм Хуссар Ирыстоны адæмæн æдасдзинады фидар гаранти æмæ сæ не сифтонг кæнæм, 2008 азы августы цаутæ фæлхат кæй нал æрцæудзысты, ахæм уырнындзинадæй, уæдмæ дискусситæ уыдзысты актуалон. Уымæй дарддæр ма банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ регулярон æгъдауæй уагъдцæуæг æмæ Женевайы дискусситы фæлгæтты архайæг хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæны районы инциденттæ иуварс кæнын æмæ сыл бандавыны Механизмы эффективондзинад. Ацы механизмты нысан у цæмæй сæ хъус дарой РХИ алыварс уавæры скарзмæ, къаддæр кæной ног конфликтты фæзынд, райтынг æмæ апарахаты хъуыддаг. Механизмты нысан цæуы ног кусæгон къордтæ саразын, кæцытæ хъуамæ æмбæлой æрвылкъуыри, кæнæ та сæ сæр куы бахъæуа, уæд арæхдæр, уынаффæ кæной уавæр,мыййаг куы фæкарздæр уа, уæд уыцы фарстатыл, сæ хъус дарой конкретон ситуацитæм. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ дзæвгар бадзырдтыты фæстиуæгæн ацы механизмты архайдыл кæй сразы сты Женевайы дискусситы æмвæзадыл. Афтæ у æви уфтæ, уæддæр диалогæн æнæмæнгхъуыдаг у платформа. Уадз лæмæгъ æмæ æдых дæр уæт. Фæлæ ахæм фæзуат хъуамæ уа.

- Ды загътай, зæгъгæ, 2015 азы райдианы Хуссар Ирыстоны делегаци фæнд кæны, цæмæй ацæуа Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæм семæ дипломатон ахастытæ саразыны сæраппонд. Кæд фæнд кæнут ацы республикæтæм ацæуын æмæ куыд рæздзысты ДАР æмæ ЛАР ахастытæ?

— Мах нæ хъус лæмбынæг дардтам, Минскы чи цыдысты, уыцы тынг вазыгджын баныхæстæм æмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастыстæм сæ фæстиуджытæм, кæцытæ кæрон хъуамæ скодтаиккой тугкалдæн Украинайы. Райгондæй баззадыстæм сæ фæстиуджытæй æмæ нæ ныфс ис, иууыл сæйрагдæр дзы кæй у æхстытæ æруромыныл кæй сразы сты æмæ йæм кæй нал раздæхдзысты, уый. Минскы фембæлдæн ис ахсджиаг характер, канд Украинайы нæ, фæлæ æнæхъæн дунейы дæр. Къухты бафтыдысты принципиалон сразыдзинæдтæ, кæцытæ, сæйраджыдæр, ахъаз кæндзысты, адæймæгтæ дзы кæй нал мæлдзысты, уымæн.

Мах райгонд стæм Луганскы æмæ Донецкы нæ партнертæй, нысаниуæгджын нын сты, ацы бæстæты адæм цы ахсджиаг уынаффæтæ кæнынц, уыдон, кæцытæм гæсгæ мах дæр аразæм нæ къахдзæфтæ, нæ бæстæты æмкуыст кæныны ахастытæ. Нæ фæнд у дарддæр дæр семæ нæ ахастытæ рæзын кæнын. Республикæйы хъæуы стыр куыст бакæнын æмæ, сæйраджыдæр та, нæ коллегæты, кæцытæ кусынц бадзырды процессыл æмæ мидæггагон проблемæтæ скъуыддзаг кæныныл. Нæ æмахастыты рæзты фæндагыл цæугæйæ уал абоны бонмæ нæ къухты бафтыдысты бæрæг бадзырдтæ. Ацы процесс кæд иудзæвгар адаргъ, уæддæр, уæддæр æнхъæлмæ кæсæм, нæ дарддæры къахдзæфтæ саразынæн хуыздæр фадæтæ фæзынынмæ. Иу хатт мам æ ноджыдæр фæнды ДАР æмæ ЛАР бирæ хъизæмæрттæ бавзарæг адæмæн зæгъын, семæ æмхъуыды кæй стæм æмæ се ‘вварс кæй стæм, уый тыххæй.

- Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад цахæм куыст кæны Хуссар Ирыстоны дунеон банымады сæраппонд æмæ уыцы хъуыддаджы цахæм зындзинæдтыл æмбæлыс?

— Æнæмæнгæйдæр, нæ уагдон фæдфæдылонæй кусы, цæмæй уæрæхдæр кæна Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайæг паддзахадты нымæц. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, зын у æнæ Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты активон фарсхæцынад æмæ æххуысæй. Ирон дипломаттæн тынг зын у, цæмæй сын комкоммæ контакттæ уа иукъорд бæстæты къухдариуæгадимæ. Ацы вазыгджын куыст æххæст цæуы æндæр æмæ æндæр фæдæздæхтыты æмæ ацы фæдаджы æмбæлæм зындзинæдтыл, кæцыты, сæйраджыдæр, аразынц. Гуырдзиаг фарс æмæ йæ ныгуылæйнаг партнертæ. Уымæ гæсгæ махæн нырма нæ бон нæу, цæмæй уын конкретонæй зæгъæм нæ архайды фæстиуджытæ. Фæлæ нæ уымæ нæ кæсгæйæ, ныфс ис, нæ хæдбардзинады процесс, кæй дарддæр кæндзæнис, уымæй.