Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

18 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл Бадзырдыл. Документыл къухтæ ’рфыссын равзæрын кодта стыр резонанс. Гуырдзыстон æмæ ныгуылæйнаг къорд бæстæйы, объективон æцæгдзинад нæ нымайгæйæ, Бадзырдыл къухтæ ‘рфыссын банымадтой дунеон барад фехалыныл. Афтæмæй та 2008 азы августæй фæстæмæ нæ бæстæты ‘хсæн къухтæ фыст æрцыд 80-йæ фылдæр дывæрсыг сразыдзинадыл, уыдонмæ ма хæлардзинад, æмкуысткæнынады фæдыл 2008 азы 17 сентябры мидфæлгæтон бадзырд дæр, фæлæ уыдонæй иунæг иумæ дæр сæ цымыдисдзинады ахæм стыр хъусдард нæ аздæхтой æртыккаг бæстæтæ.


Куыд банысан æрцыдис, афтæмæй Бадзырдыл къухтæ фыст куы ‘рцыдысты, уæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. хъусынгæнинаджы куыд дзырдæуы, афтæмæй ирон-уырыссаг ахастытæн ис дæргъвæтин истори; ирон минæварад йæ дипломатон мисси Санкт-Петербурджы æххæст кодта суанг XVIII æнусы æмбисы. Уæд дунейы картæйыл нæ уыдис хæдбар Гуырдзыстоны паддзахад йæ ныры арæнты, афтæ ма картæйыл нæ уыдысты æндæр паддзахадтæй иуйæ-иутæ дæр, кæцытæ критикæ кæнынц 18 марты Кремлы къухтæ фыст кæй æрцыдысты бадзырдыл, уыцы хъуыддаг.

Республикæ Хуссар Ирыстон хæдбарæй, йæ адæмы интерестæй къухдариуæг кæнгæйæ, бæлвырд кæны йæ мидæггон æмæ æттагон политикæ. Йæ приоритетон интересты нымæцы йын сты хъахъхъæнынадон æдасдзинад фидар кæнын, уæлдайдæр та Гуырдзыстоны ‘рдыгæй тасдзинад кæй рæзы, социалон-экономикон рæзты темптæ бæрзонддæр кæнын. Растдæр ацы фарстатæ ахсынц сæйраг бынат, къухтæ документыл æрфыссыны хъуыддаджы. Уыимæ иумæ ма уый дæр æмæ Бадзырд ницы хуызы нæу æртыккаг бæстæты кæнæ сæ закъонон интересты ныхмæ, уый нæ, фæлæ ма æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл автоматонæй нысан кæндзæнис регионалон æдасдзинады æппæт системæйы фидар кæныны хъуыддаг дæр.


Цхинвал, 2015 азы 24 март