Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

Уæрæсейы Федерацийы Гуырдзыстоны премьер-министры сæрмагонд минæвар Абашидзе Зураб сарæзта æнæнхъæлæджы хъусынгæнинаг, кæцыйы ныфсдзинад зæгъы уый фæдыл, зæгъгæ, кæд «Уæрæсе ахъаз кæна мотиваци кæныны фæдыл мах æмæ ирæтты ‘хсæн, мах æмæ абхазæгты ‘хсæн, уæд мах цæттæ стæм, статусимæ баст æппæт ацы фарстатыл ахæцæм иуæрдæм æмæ сыл иудзæвгар рæстæг бынтондæр мауал уынаффæ кæнæм».


Гуырдзыстоны политикты уæвæг реалитæ цахæм æнæбасæтгæдзинадимæ фæнды, уый аккаг у æмæ дзы пайда кæной æндæр хъуыддæгты. Цъус рæстæг, мыййаг, нæ рацыдис, цæмæй Гуырдзыстоны къухдариуæгадмæ бахъара уый æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны статусимæ баст фарстатæ кæй нæ уæвынад кæнынц.

Республикæ Хуссар Ирыстоны статус сбæлвырд кодтой йæ адæм æмæ йыл нæй уынаффæгæнæн. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад уыдис, Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстон сæ цæмæй ма скуынæг кодтаит, уымæй хи бахизыны амал æмæ расидт æрцыдис 1991 азы 21 декабры Декларацийæ. Ацы уынаффæ райстой 1992 азы 19 январы референдумы æппæтиумиаг хъæлæсæппæрстæй æмæ фидаргонд æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны 1992 азы Актæй 29 майы. Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад рæзтис æрмæстдæр дунеон барады нормæтимæ разыдзинады бындурыл.

2008 азæй фæстæмæ Республикæ Хуссар Ирыстон у нымад паддзахад æмæ æмбар бандурыл хайад исы Фæскавказы æдасдзинады Женевæйы дискусситы. Ацы дискусситы хайадисæг у Гуырдзыстон йæхæдæг дæр. Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн диалоджы тыххæй дзырд куы цæуа, æмæ гуырдзиаг политиктæ ныфс кæмæй ис, ууыл, уæд уымæн гæнæн ис æрмæстдæр хæдбар сыхаг паддзахадты ‘хсæн æмбар бындурыл æмæ æппæт реалитæ хынцгæйæ.


Цхинвал, 2015 азы 25 февраль