Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Цхуырбаты К.И. интервью газет «Южная Осетия»-йæн

- 28 майы нысан цæуы хуссарирыстойнаг дипломатийы бонæй. РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзыны рæстæгимæ йæ куы абарæм, уæд гæнæн ис æмæ зæгъæм хуссарирыстойнаг дипломати ног, гъæдджын æмвæзадмæ рахызтис, зæгъгæ? Æмæ цы у йæ приоритетон фæдæздæхт РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты архайды ныры политикон ситуацийы?


— 28 майы 23 азы æххæст кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад саразыныл. Традицимæ гæсгæ ацы бон нысан цæуы, куыд Хуссар Ирыстоны дипломатийы бон, афтæ.

1992 азы 28 майы иууыл уæззаудæр уавæрты, Хуссар Ирыстонæн Гуырдзыстоны ‘рдыгæй геноцидæй тас куы уыдис, уæд æндæр министрадты ‘мранхъ арæзт æрцыдис æддагон бастдзинæдты министрад дæр. Фæстæдæр йæ ном ивд æрцыдис Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады номмæ æмæ ссис хæдбар Хуссар Ирыстоны ахсджиагдæр институттæй сæ иу. Æхсæнадон изоляцийы уавæрты паддзахадон интерестæ рæгъмæ хæссын æнæнымад уавæрты, гарзджын конфликтæй тас уæвгæйæ, æхсæнадæмон æлхъывдады уавæрты уæлдай зындæр уыдис, фæлæ мах уæддæр нæ ныфс никуы асастам. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæ архайды райдианæй фæстæмæ лæууы паддзахады æмæ адæмы интерестæ хъахъхъæнæгæй дипломатон фронты æмæ хæссы тынг стыр хайбавæрд регионы сабырад æмæ æнцойад бахъахъхъæнынмæ æппæт æгъдауæй дæр ахъаз кæны йæ бæстæйы хæдбардзинад фидар кæнынæн.

Ацы архайды закъонбæрцадон фæстиуæг ссис Уæрæсейы Федераци нын нæ хæдбардзинад кæй банымадта, уый, кæцы ссис ног, ахсджиаг этап Хуссар Ирыстоны æттагонполитикон уагдоны райдиан. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ банымады æмæ дипломатон ахастыты фарстаты спектр Министрад кæй хъуамæ аскъуыддзаг кæна, уыдон бирæ фæфылдæр сты. Фæлæ уæд дæр æмæ ныр дæр махæн нæ сæйраг хæс у Республикæ Хуссар Ирыстоны æттагонполитикон позицитæ фидар кæнын, Президент кæй бæлвырд кæны, нæ паддзахады уыцы æттагонполитикон курс царды æххæст кæныныл кусын, Хуссар Ирыстоны националон интерестæ бæлвырд кæнын, йæ суверенитет æмæ йын йе ‘мбæстæгты бахъахъхъæнын, кæцытæ цæрынц Республикæйæн æтте, бæстæйы социалон-экономикон рæзтæн хорз æттагон уавæртæ саразын.

Нæ политикон архайды приоритетон фæдæздæхт у Уæрæсейы Федерациимæ æмæ йæ субъекттимæ дарддæр дæр хæларадон ахастытæ рæзын æмæ арфдæр кæнын.

Гуырдзыстоны хæстон агрессийы фæстæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта 2008 азы августы, уæд та паддзахадты ‘хсæн дунеон барад куыд амоны, афтæ арæзт цæуынц бадзырдон ахастытæ.

Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахæм бадзырдон-барадон ахастыты базæйы ис 80 сразыдзинадæй фылдæр. Министрады хæс ма у, ацы бадзырдтæ куыд æххæст цæуынц, ууыл контроль кæнын дæр.

2015 азы 18 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æмкуысткæнынад æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны сæраппонд 2008 азы 17 сентябры Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Президенттæ сæ къух æрфыстой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырдыл, кæцы ног этап байгом кодта нæ бæстæты ‘хсæн æхсæнпаддзахадон ахастытæн.

Бадзырды нысан у дыууæ паддзахады ‘хсæн интеграцийы æмвæзад гъæдджынæй рæзын кæнын. Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы ‘хсæн бадзырдмæ гæсгæ арæзт æрцæудзæн хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады иумиаг тыгъдад, кæцы уыдзæнис регионы сабырад æмæ æдасдзинады иумиаг гарант. Афтæ ма бæлвырд æрцыдысты бындурон фæдæздæхтытæ дывæрсыг æмкуысткæнынады экономикæйы, социалон, гуманитарон сферæйы фæдæздæхтытæ. Уымæн æмæ ацы документ у фæлгæтон æмæ йыл хъæуы бакусын æмæ дывæрсыг сразыдзинæдтæ саразын æмкуысткæнынады конкретон фæдæздæхтыты.

Мах ма нæ бастдзинæдтæ фидар кæнæм æфсымæрон республикæтæ – Абхазимæ, Днестргæрон Молдаваг Республикæимæ, Хæххон Хъарабахы Республикæимæ. Бирæ азты дæргъы уæхски-уæхск рæзы хæдбар фæндагыл цæуыны сæраппонд нæ закъонон бартыл тох кæнгæйæ. Растдæр нæ респкбликæты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадтæ суанг 2000 азы сарæзтой æдзухархайæг мбырд. 2006 азы Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæ Днестргæрон Молдаваг Республикæты Президентты саммиты æрцыдис арæзт Æмæхсæнад «Демократи æмæ адæмы барты сæраппонд», кæцыйы иумиаг тыхтæ здæхт сты дунеон аренæйы нæ иумиаг интерестæ бахъахъхъæнынмæ, паддзахаддзинад сфидар кæнынмæ.

Нæ архайды вазыгджындæр сферæтæй сæ иу у консулон куыст, кæцы скъуыддзаг кæны, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй Республикæйæн æдте чи сты, уыдон, уым уой æви нæ, уыцы проблемæтæ.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад стыр куыст æххæст кæны хæларадон бæстæты номхыгъд фæфылдæр кæныныл æмæ æндæр æмæ æндæр æмвæзадты бастдзинæдтæ рæзын кæныныл. Нæ сæйраг хæс у Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон позицитæ фидар кæнын, Республикæйы раз цы проблемæтæ ис, уыдонмæ нæ кæсгæйæ, нын ис оптимистон зæрдæйы уаг.

- Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадтой, географион æгъдауæй махæй бирæ дард чи сты, уыцы къорд паддзахады. Ацы аз уыдтам дипломатты æмвæзадыл Хуссар Ирыстоны активизаци Венесуэла æмæ Науруимæ. Уый ууыл дзурæг у æмæ дывæрсыг ахастытæ дарддæр дæр рæздзысты интенсивонæй? Хуссар Ирыстоны æмæ нын нæ хæдбардзинад чи банымадта, уыцы Венесуэла, Никарагуа æмæ Науруйы ‘хсæн сразыдзинæдтыл къухтæ цахæм сферæты æрцыдысты фыст?

— Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад кæны активон æттагонполитикон архайд, кæцытимæ рæзын кæнæм æхсæнпаддзахадон ахастытæ.

Æрæджыйы цаутæй гæнæн ис æмæ банысан кæнæм Республикæ Науруйы делегацийы 22 апрелы визит Вице-президент Дэвид Адеангы сæргълæудæй. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. фембæлды рæстæджы бафидар æрцыдис дывæрсыг ахастытæ фидар æмæ рæзын кæныны фæндонимæ конкретон фæдæздæхтыты, уыцы нымæцы ма уынаффæ цыдис æндæр æмæ æндæр къабæзты сразыдзинæдтыл бакусыны гæнæнтæ, сæрмагондæй та – кæрæдзимæ æнæвизайæ цæуын. Загъдæуыдис ма фæндондзинад кæрæдзимæ консултæ снысан кæнын æмæ делегациты визиттæ, канд хицауадон æмвæзадыл нæ, фæлæ ма сфæлдыстадон æмæ спортивон коллективты æмвæзадыл дæр.

15 апрелы Венесуэлайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фембæлд уыдис Боливариайнаг Респуликæйы Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын Минæвар Тыбылты Даниелæн. Венесуэлайы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Делси Родригесмæ радта æууæнчы грамотаты халдихтæ.

23 апрелы Республикæ Никарагуайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Тыбылты Даниель Манагуайы Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Самуэль Сантос Лопесмæ радта æууæнчы грамотаты халдихтæ.

Гуырдзыстон, АИШ æмæ Евроцæдис кæд Хуссар Ирыстоны банымайыны процессы ныхмæ фидарæй лæууынц, уæддæр æдзухонæй куыст цæуы къорд бæстæты хицауадтимæ дипломатон ахастытæ аразыныл. Хъыгагæн нæ къаннæг республикæйæн йæхи сæрмагонд фадæттæ ахæм стыр нæ вæййынц. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы Федераци æххуыс кæны æмæ хæцы не ‘вварс. Ныфс нæ ис, нæ архайды ацы ахсджиаг фæдæздæхты дæр нын æнтыст кæй уыдзæнис, уымæй.

Венесуэлайы Боливариайнаг Республикæимæ нын ис ахæм сразыдзинæдтæ:

— Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Венесуэлайы Боливариайнаг Республикæйы ‘хсæн æмкуысткæнынады Генералон сразыдзинад;
- Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Венесуэлайы Боливариайнаг Республикæйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ саразыны тыххæй сразыдзинад;
- Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады æмæ Венесуэлайы Боливариайнаг Республикæйы Хицауады ‘хсæн политикон консультациты механизм саразыны тыххæй кæрæдзи ‘мбарыны фæдыл Меморандум.

Ахæм документтыл ма къухтæ фыст æрцыдысты Никарагуайы Республикæимæ дæр.

- Фæстаг цалдæр азы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хаххыл Дунеон ахастыты Мæскуыйы паддзахадон институтмæ æрвыст æрцæуынц хуссарирыстойнаг абитуриенттæ. Махæн зындгонд куыд у, афтæмæй ацы ахуыры азы уый каст фæуыдзысты хуссарирыстойнаг æвзонг дипломаттæ. Куыд у куыстæй сæ сифтонг кæныны хъуыддаг. Барадон фæткмæ гæсгæ уыдон æнæмæнгæй хъуамæ рæздæхой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ? Министрады архайды кадавар уавæртæ æмæ штатон структурæ зæрдыл даргæйæ ма дарддæр дæр ДАМПИ-мæ абитуриенттæ ‘рвитын æнæмæнгхъуыддвг у?

— УФ амындмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстонæн фадат фæзындис, цæмæй йын æрвылаз дæр Уæрæсейы Федерацийы дипломатон уæлдæр ахуыргæнæндæтты лæвæрд цæуой нысанон бынæттæ.

2010 азæй райдайгæйæ, мах æрвылаз дæр ДАМПИ-мæ арвитæм фондз студенты. Нæ хæс ис уый мидæг, цæмæй равзарæм иууыл хуыздæр, перспективондæр æвзонг адæймæгты æмæ райсой, иттæг ахсджиаг чи у, ахæм ахуырад, кæцы сын дæтдзæнис æндæр æмæ æндæр къабæзты æтысгæ куысты фадат. Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн ма лæвæрд æрцыдис ахæм фадат дæр, цæмæй йæ кусджытæ сахуыр кæной УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты Дипломатон академийы, рæстæгæй-рæстæгмæ цæуой цыбыррæстæгмæйон цæтæггæнæн æмæ квалификаци бæрзонддæргæнæн курсытæ.

Не ‘взонг паддзахады æнæмæнг хъæуынц профессионалон кадртæ, уымæ гæсгæ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ДАМПИ-мæ кæй рекомендаци кæны, уыдонимæ саразы бадзырд, кæцымæ гæсгæ уыдон хæсджын сты, цæмæй ахуыр фæуыны фæстæ кусынмæ рæздæхой Республикæмæ æмæ ам райдайой сæ фæллойадон архайд.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæ фадæттæм гæсгæ куыстæй ифтонг кæны ДАМПИ-йы рауагъдонты. Кæй зæгъын æй хъæуы, се ‘ппæтæн дзы нæ фаг кæнынц вакантон бынæттæ. Фæлæ ацы фæсивæдæн нæ фæзын уыдзæнис сæ райсгæ зонындзинæдтæй сæ райгуырæн зæххыл спайда кæнын. ДАМПИ у Уæрæсейы Федерацийы иууыл хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæй сæ иу. Уымæ гæсгæ сын сæ рауагъдонты алы ран дæр традиционæй зæрдиагæй фæисынц куыстмæ.

- Хуссар Ирыстон банымадта Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæты суверенитет. Æрæджы Цхинвалы баконд æрцыдысты ацы æвзонг паддзахадты Минæвæрдтæ. Ацы республикæтæм ахасты цахæм стадийы ис æхсæнпаддзахадон ахасты рæзт?

— 2014 азы 18 æмæ 27 июны РХИ Президент Тыбылты Л.Х. Указмæ гæсгæ нымад æрцыдысты Луганскы Адæмон Республикæ æмæ Донецкы Адæмон Республикæ.

Президенты Указ «Донецкы Адæмон Республикæ банымайыны тыххæй» æмæ «Луганскы Адæмон Республикæ банымайыны тыххæй» бастдзинæдтæ æххæст æрцыдысты ацы республикæты æттагон-политикон уагдæттимæ, семæ дипломатон ахастытæ саразыны сæраппонд.

2015 азы 16 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны байгом Луганскы Адæмон Республикæйы Минæварад æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы та – Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварад.

28 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны уыдис Луганскы Адæмон Республикæйы æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы Минæварадтæ бакæныны бæрæгбонон церемонии.

Минæварадты куыст ахъаз кæндзæнис нæ паддзахадты ‘хсæн хæларадон ахастытæн, афтæ ма историон хъысмæтты иудзинадæй баст сты гуманитарон, экономикон æмæ æндæр сферæйы дывæрсыгон ахастыты рæзтæй дæр.

Хуссар Ирыстоны лæмбынæгæй сæ хъус дарынц Донецкы æмæ Луганскы Республикæты ситуацимæ. Нæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй ацы бирæхъизæмæрттæ ‘взаргæ зæххыл тагъддæр æрцæуа сабырад, уый фæндиæгтæ.

Мах цæттæ стæм семæ ахадæн æмкуыст кæнынмæ, хæларадон æмæ æмбар бындурыл æппæт уæвæг потенциалæй пайда кæнынмæ.

- Цы фæндиæгтæ Дæм ис Хуссар Ирыстоны дипломатон уагдоны кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн?

— 28 май у хуссарирыстойнаг æппæт дипломатон кусджыты профессионалон бæрæгбон. Нæ разы лæууынц тынг вазыгджын хæстæ – ахадæнæй, афоныл æмæ дырысæй паддзахадон æттагон къурс реализаци кæнын.

Æндæр æмæ æндæр азты Министрады сæргъ лæууыдысты бирæ аккаг адæймæгтæ, кæцытæ абон нæ Республикæйы хæрзиуæгæн æндæр æмæ æндæр бæрнон бынæтты дарддæр кæнынц сæ хæрзиуæгадон архайд.

Ацы, иннæтæй чи хицæн кæны, уыцы бон мæ фæнды, цæмæй арфæ ракæнæм хуссарирыстойнаг æппæт дипломаттæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн, мæ цæст сын уарзы фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн сæ зын, фæлæ кадджын куысты.

Афтæ ма мæ фæнды Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады тыххæй Акт райсыны боны хæдразмæ нæ Республикæйы адæмæн се ‘ппæтæн раарфæ кæнон ацы стыр бæрæгбоны цытæн, бæстæйы алы цæрæгæн дæр мæ зæрдæ зæгъы хорздзинæдтæ.