Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг


Цхуырбаты Андрей Викторы фырты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæгæй кæй снысан кодтой уый тыххæй

2015 азы 27 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. Указмæ гæсгæ Цхуырбаты Андрей Викторы фырт нысан æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæгæй.

Цхинвал, 2015 азы 28 июль