Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты К.И. интервью газет «Южная Осетия»-йæн

img_1010.jpg

- Æддагонполитикон архайды планы цахæм аргъ кæныс цы аз фæуыд кæны, уый фæстиуджытæн?


— 2015 азы фæстиуджытæн аргъ кæнгæйæ, зæгъæн ис æмæ Фæсарæйнаг хъуыдæгты министрад сæххæст кодта, цыдæриддæр ын хæсгонд уыдис, уыцы хæслæвæрдтæ иууылдæр. Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады архайды бындурон фæдæздæхт у, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент кæй бæлвырд кæны, нæ паддзахады уыцы æддагонполитикон курс æххæст кæнын. Министрад Президентæн хыгъд ратдзæнис, афæдзы дæргъы цы куыст бакодта, уый тыххæй æмæ Президенты хæслæвæрдтæ куыд сæххæст сты, уый тыххæй.

Хуссар Ирыстоны æддагон политикæ мидæггагон политикæйæ йæ æнæфæхицæнгæнгæйæ дарддæр кæнын æвдисы Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы интерестæ æмæ здæхт у паддзахадон суверенитет ифтонг кæнынмæ æмæ хъахъхъæнынмæ, экономикон рæзтæн хæрзвадат æддагон уавæртæ аразынмæ, инвестицион хъуыддæгтæ фидар кæнынмæ, паддзахадон архайды бындурондæр сферæты модернизацимæ. Уымæ гæсгæ мæ фæнды, цæмæй сæрмагондæй банысан кæнон 2015 азы 18 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн къухтæ фыст кæуыл æрцыдысты æмцæдисдзинад æмæ интеграцийы тыххæй, уыцы Бадзырды нысаниуæг. Бадзырдæн йæхи нормæ, афтæ май æ рæзты фæдыл нысангонд сразыдзинæдтæ иттæг хорз бандавдзысты æмкуысткæнынады æндæр æмæ æндæр къабæзты Уæрæсеимæ нæ бæстæйы æмахастыты æмвæзадыл.

- Ныртæккæ РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн приоритетон цахæм хæстæ сты?

— Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагонполитикон курсы принципиалон ивындзинæдтæ не’рцæудзысты. Уый у УФ партнерон ахастытæ рæзын кæныны æмæ РХИ интерестæ фидарæй æмæ фæдфæдылонæй хъахъхъæныны курс. Уый та ис уый мидæг æмæ, сæйраджыдæр, цæмæй нæ арæнтæ хъахъхъæд цæуой ныфсджынæй, цæмæй рæза экономикæ æмæ адæмы цард та кæна хуыздæр.

Æддагонполитикон уагдон системон куыст кæны, нæ хæдбардзинад нын чи банымадтой, уыдонимæ, æндæр бæстæтимæ æмæ æхсæндунеон организацитимæ ахастытæ рæзын кæныныл. Афтæ ма планон куыст цæуы республикæйы æвæрццаг имидж аразыныл дæр.

Стыр куыст цæуы нормативон-барадон базæ рæзын кæныныл дæр, кæцы регламентаци кæны Министрады куыст æмæ консулон службæйы гъæд хуыздæр кæнынæн.

- РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры бардзырдæй арæзт æрцыдис Экспертон совет Цахæм куыст цæуы ацы Советы фæлгæтты?

— Экспертон совет саразыны хъуыды æнæнхъæлæджы нæ фæзындис. Экспертон советтæ саразыны гæнæнтæ амынд цæуынц Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады тыххæй Уагæвæрды. Мах спайда кодтам уымæй æмæ сарæзтам æдзухархайгæ фæзуат хъуыдытæ кæрæдзийæн дзурыны охыл. Уырны мæ Министрады куыстæн реалон конструктивон критикæ, кæд æмæ дзы ахæмæн бынат уа, уæвæг фарстаты æмæ проблемæты æндæргъуызонæй аскъуыддзаг кæныны хъуыдытæ, кæцытæ гæнæн ис æмæ хицæн кæной къухдариуæгады хъуыдыимæ. Афтæмæй уыдон гæнæн ис æмæ суой пайдайы хъуыддаг. Ацы Экспертон советæн фыццаг рабадт уыдис 19 ноябры. «Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы актуалон фæдæздæхтытæ», зæгъгæ, уый фæлгæтты Экспертон советы фыццаг рабадты фæлгæтты йæ хайадисджытæ æруынаффæ кодтой Республикæйы æддагон политикæйы национ интересты нысаниуæджы фæдыл. Йæ хайадисджытæ хорзыл банымадтой Министрады Экспертон совет саразыны инициативæ. Уымæн æмæ уым уæрæхæй уынаффæ цæудзæнис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æддагонполитикон æмæ æхсæнадæмон механизмты архайд экспертон архайдимæ.Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Экспертон советы архайд дарддæр цæудзæнис фæдфæдылон æгъдауæй.

Экспертон советы куысты тыххæй репортажæн фенæн уыдзæнис РХИ Паддзахадон телеуынынады 8 декабры «Актуалон дипломати», зæгъгæ, ахæм ралæвæрды.

- Æрæджы Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыр фембæлдис Уæрæсейы Сириаг Арабаг Республикæйы минæвар Рияд Хаддадимæ. Дзырд цыдис фембæлды Хуссар Ирыстоны æмæ Сирийы æмахастыты перспективæтыл. Уымæ гæсгæ фембæлды рæстæджы эксперттæ, бындур сын ис, афтæмæй сдзырдтой, Сирийæн кæй ис Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны фадат. Хъуыддæгты ахæм рæзт цас уырнинаг у кæнæ цæй мидæг сты РХИ æмæ Сирийы æмахастытæ æввахсдæр перспективæйы?

— Нæ уагдон æндæр бæстæтимæ бастдзинæдтæ аразыны куыст кæны æдзухонæй. Сири у ахæм бæстæтæй сæ иу, кæцыимæ нын уый тыххæй дзырд цæуы цалдæр азы дæргъы. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах фæнды, цæмæй нын æввахсдæр перспективæйы ацы хъуыддаджы уа æвæрццаг фæстиуæг, фæлæ дипломатты куыст у зын æмæ вазыгджын. Уыдон та сты, ноджыдæр бакусын кæуыл хъæуы, ахæм кусæгон моменттæ. Æмæ уый та, уайтагъд фæстиуджытæ кæмæн уа, ахæм æнцон процесс кæй нæ уыдзæнис, ууыл дзурын дæр нæ хъæуы, фæлæ йыл мах кусæм æмæ нæ ныфс ис, дарддæр дæр ыл æмкуыст кæй кæндзыстæм, уымæй.

Гасситы Знаур Республикæ Хуссар Ирыстоны номæй Цхинвалмæ фæхуыдта Сирийы Минæвæртты. Абон Сирии ис тынг уæззау уавæрты æмæ йын нæ цæст уарзы, цæмæй ацы бæстæйы тагъддæр æрлæууа сабырад.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы, сæрмагондæй та Минæвары куыстыл дзырд куы цæуа, уæд банысан кæнын хъæуы уый æмæ ууыл кæй æнцайы ног æмæ нырыонг цы ис, уыцы бастдзинæдтæ аразыны уæз. Нæ зæрдыл хъуамæ дарæм уый æмæ Мæскуыйы аккредитаци кæй сты паддзахадтæн сæ фылдæры Минæварадтæ. Æмæ ацы фæдæздæхты Гасситы Знауыр, кæд æмæ бирæ рæстæджы дæргъы дæр нæ службæ кæны Минæварæй, уæддæр йæ бон бацис йæхи иууыл хуыздæр уагыл равдисын. Йæ куыстæн ын стыр аргъ кæны Министрад.

- Цас ахадæн у, РХИ хæдбардзинад чи банымадтой, уыдоны Хуссар Ирыстоны Минæварадты куыст дывæрсыг ахастытæ фидар æмæ рæзын кæныны хъуыддаджы?

— Абоны бонмæ æххæстæй сæ куыст кæнынц РХИ æртæ дипломатон минæварады – Абхазы, Днестргæрон Молдаваг Республикæйы æмæ Уæрæсейы Федерацийы. Сæ архайд бындуриуæг кæны дыууæ паддзахады закъондæттынадыл цахæм æмбæлы, ахæм дывæрсыг сразыдзинæдтыл, сæрмагондæй та æхсæндунеон барадыл дипломатон ахастыты фæдыл Венæйы, 1961 азы, конвенцийыл. Республикæйы дипломатон корпус цы бæстæты ис, уыдон лæууынц бæрзонд æмвæзадыл æмæ йæ хæс у, цæмæй фидар æмæ рæзын кæна, традицион чи сты, уыцы хæларадон ахастытæ, кæцытæ арæзт цæуынц нæ бæстæты ‘хсæн. Нæ дипломатон минæварадтæ, мæнмæ гæсгæ, эффективонæй пайда кæнынц цы потенциал сæм ис, уымæй.

- Цахæм аргъ кæныс Фæскавказы æдасдзинад цæмæй уа, уый тыххæй Женевайы дискусситы ахадындзинадæн?

— Æз афтæ нымайын æмæ Женевайы дискусситы формат у, æцæгæй чи архайы, ахæм. Уымæн йæ архайд здæхт у нæ регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад ифтонг кæнынмæ æмæ уымæ гæсгæ Женевайы дискусситы фæлгæтты æнæмæнгхъуыддаг у дискусситæ адарддæр кæнын. Женевайы дискусситы уынаффæ цы къорд фарстатыл цæуы, уый бæлвырдгонд æрцыдис 2008 азы Медведев-Саркозийы бадзырдтæм гæсгæ. Бындурон фарст дзы у æмткæй регионы æдасдзинад сифтонг кæныны фарст, тыхæй ма спайда кæныны хъуыддаг сифтонг кæнын, кæцы уыдзæнис, канд Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы нæ фæлæ ма æмткæй регионы цæрджыты æдасдзинад сифтонг кæнын дæр. Ахсджиаг момент у Женевайы дискусситы фæзуаты гуманитарон фарстатыл уынаффæ кæнын дæр.

Дискусситы 33-æм раунды хуссарирыстойнаг фарсы æхсæндунеон æхсæны лæгтæ фидарæй загътой, зæгъгæ, Гуырдзыстоны территорийыл, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон хъуыддаджы фæдæсгæрстмæ тагъд рæвналдзæнис, уый тыххæй сæрмагондæй хуынд чи ‘рцыдысты, уыцы хæдбар æхсæндунеон эксперт. Æмæ, æцæгæйдæр, октябры кæрон ЕЦÆО уымæ бакодта уголовон фæдæсгæрсты фæдыл хæдбар эксперт Душан Игньятовичы, кæцы ныридæгæн фембæлдис, ацы проблемæйы фæдыл чи кусы, уыцы адæймæгтимæ æмæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæй æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон хиуæттимæ. Рагацау куыд зыны, афтæмæй эксперты дыууæ мæйы куысты фæстиуджытæм гæсгæ бацæттæгонд æрцæудзæнис доклад æмбæлон хатдзæгтæ æмæ рекомендацитимæ.

Мæнмæ афтæ кæсы æмæ ацы фарстатæ аскъуыддзаг кæныны фæдæздæхты, гæнæн ис æмæ суа сыхаг паддзахадты ‘хсæн кæрæдзийыл æууæндыны ахсджиаг элемент.