Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



2 марты Фæсконфликтон фарст æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын Минæвар Джиоты М.К. сæргълæудæй Цхинвалы уагъд æрцыдис Женевайы дискусситы Хуссар Ирыстоны хайадисджыты кусæгон фембæлд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевайы дискусситы Æмсæрдæрттимæ. Уыдысты дзы ЕЦ, ЕЦÆО æмæ БНО Минæвæрттæ, кæцытæ Республикæмæ æрцыдысты дискусситы 35-æм радон раунды хæдразмæ.


Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис, 22-23 марты чи хъуамæ уой, уыцы дискусситæм бацæттæ кæныны фарстатыл.

Хъусдард бындуронæй здæхт æрцыдис æдасдзинады фарстатæм, сæйраджыдæр та дыууæ фарсы дæр кæрæдзиимæ тыхæй цæмæй ма спайда кæной, уый фæдыл документыл куыст фæактивондæр кæнын æмæ йæ райсыны фæдыл.

Æвæрццаг аргъ æрцыдис инциденттæ ма ‘руадзын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны Механизмы фæлгæтты куысты фæстиуджытæн. Кæд æмæ æмткæй уавæрæн арæныл лæвæрд æрцыдис, куыд стабилон, ахæм аргъ, уæддæр банысан æрцыдис, цæмæй фарстыл афоныл реакци цæуа, мыййаг исты тасдзинад куы фæзына Гуырдзыстонимæ арæнгæрон территорийыл, уæд.

Фембæлтты фæлгæтты ма уынаффæ цыдис, гуманитарон характер кæмæн ис, сæриагондæй та РХИ æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон агурыны хъуыддаг адарддæр кæнынмæ, афтæ ма дыууæ фарсы ‘рдыгæй сæ сæрибардзинад ист цы æмбæстæгæн æрцыдис, уыдон кæрæдзийыл баивыны хъуыддагмæ.

Ацы фарсты фæдыл фæрстæ банысан кодтой, æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон фæдыл Дунеон Сырх Дзуары Комитеты эгидæйæ Æртывæрсыг механизмы куысты ахсджиагдзинад, кæцыйы фæлгæтты 5 февралы йæ радон нымæцмæ гæсгæ уыдис фарастæм фембæлд.

Фембæлды рæстæджы хуссарирыстойнаг фарсмæ лæвæрд æрцыдысты, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон агурыны фарстаты тыххæй хæдбар эксперт Душан Игньятович цы фæдæсгарæн куыстытæ сæххæст кодта, уыдон фæстиуджытæ.

Хуссарирыстойнаг делегаци ма ноджыдæр иу хатт бафидар кодта йæ позици, гæнæн кæй нæй лигъдæтты фарстыл Женевайы дискусситы æруынаффæ кæнынæн, цалынмæ гуырдзиаг фарс ацы фарст политизаци кæна, уæдмæ æмæ архайа, цæмæй йæ къухты бафта лигъдæтты тыххæй резолюци БНО ГА форматы ист æрцæуа, уæдмæ.

Фембæлды фæстæ Женевайы дискусситы Æмсæрдæрттæ дзуапп радтой дзыллон информациты фæрæзты минæвæртты фарстытæн.


Цхинвал, 2016 азы 2 март