Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



12 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Минæварады делегаци Хъуыддæгты рæстæгмæ æвджид Альваро Энрике Санчес Кордеойы сæргълæудæй. Делегаци Республикæ Хуссар Ирыстоны ис Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æрбахуындмæ гæсгæ.


Фембæлды рæстæджы дзырд цыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæйы æхсæн хæларадон ахастытæ кæрæдзийæн алыхуызон пайда къабæзты дарддæр фидар кæныны перспективæтыл, æмæ ма æхсæнадæмон проблемæты иуæй-иу аспекттыл.

Фембæлды хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Х.æ. Цхуырбаты А.В.


Цхинвал, 2016 азы 12 июль