Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. комментари Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны 7-æм афæдзыбоны фæдыл
Нæ бæстæты æхсæн ис дипломатон ахастытæ, уыд паддзахадон визит Венесуэлæмæ.
Хуссар Ирыстоны лæмбынæгæй хъус дарынц хæларадон Венесуэлæйы хабæрттæм. Бæстæйы къухдариуæгады фарс хæцæм, Республикæйы зын экономикон уавæры фæстиуæгæн сæвзæргæ социалон-экономикон проблемæтæ иуварс кæныны хъуыддаджы æмæ нæ ныфс ис уавæр тагъд рæстæджы стабилизацигонд кæй æрцæудзæн, уымæй.
Хуссар Ирыстон æмæ Венесуэлæ фæнд кæнынц, нæ бæстæты æхсæн авд азы дæргъы цы хæларадон ахастытæ сæвзæрд, уыдон дарддæр фидар кæнын.
Куыд у зындгонд, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстонмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æрхуындмæ гæсгæ уыд Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Минæварады делегаци йæ сæргъ Хъуыддæгты рæстæгмæ æвджиддар Альваро Энрике Санчес Кордеоимæ.
Визиты фæлгæтты дзырд цыд дарддæры æмгуыстад æмæ æмархайды перспективæтыл алыхуызон къабæзты, дывæрсыг ахастытæ бадзырдон-барадон базæ практикон æгъдауæй йедзаг кæнын æмæ райрæзыныл.
2016 азы 10 августы Каракасы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Козаты Н.З. радта Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Президент Николас Мадуро Моросмæ æууæнчы грамотæтæ.
Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны 7-æм афæдзыбоны охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Делси Родригес Гомесмæ.
Цхинвал, 2016 азы 9 сентябрь