Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари

Нæ хъусдарды иуварс нæ ацыд Гуырдзыстон радон хатт куыд бафæлвæрдта «Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны статус» сбæрæг кæнын, уый. Ацы хатт «Гуырдзыстоны сконды сæрмагонд статусы» фарстайыл æрныхас кодтой сыхаг паддзахады конституцион къамисы.


Гуырдзиаг æхсæнадæн æвæлладæй уырнын кæнынц абсурдон идейæ цавæрдæр «реинтеграцийы» æмæ Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Гуырдзыстонæн иу паддзахады фæлгæтты иумæйаг уæвынады гæнæнты тыххæй.

Ситуацийы абсурдондзинад ма уый мидæг ис, æмæ ацы ныхæстæ дзырд цæуынц нæ рæстæджы, Хуссар Ирыстон хæдбардзинады тыххæй референдум, Гуырдзыстоны цалдæр хæстон агрессийы Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны куыд æхсæнадæмон барады субъекты хæдбардзинады банымадыл 25 азы куы рацыд, уый фæстæ.

Фæнды нæ радон хатт æрсидын гуырдзиаг политиктæм, цæмæй æрхизой уæлæрвтæй зæххмæ, цыран ис нæ бæстæты æхсæн уæвæг æцæг реалон Паддзахадон арæн. Гуырдзыстоны уыцы арæн хорз зындгонд у, уымæн æмæ регулярон æгъдауæй арæнгæрæтты аразынц экскурситæ фæсарæйнаг бæстæты алыхуызон политикон архайджытæн.

Æнæкæронæй «территориалон иудзинады тыххæй» мифæн уæвæн нæй, æмæ Гуырдзыстоны уый хъуамæ æмбарой. Фæлæ ис гæнæн æхсæнадæмон барады бындурыл æмæ нæ адæмты интересты реалонæй нæ бæстæты æхсæн ахастытæ æрбæстон кæныны процессмæ бавналын.


Цхинвал, 2017 азы 26 январь