Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. комментари «Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум снысан кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамынды фæдыл

Нæ паддзахадæн йæ историон ном радтыны фæдыл референдум ауадзыны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды Барамынд у политикон æгъдауæй афоныл æмæ историон æгъдауæй фидаргонд.


Абоны ном – Республикæ Хуссар Ирыстонимæ нæ адæм тох кодтой сæ цард æмæ хæдбардзинадыл, сæ къухты бафтыд æхсæнадæмон банымад æмæ уыимæ иумæ, æмсæрæй бафтауинаг у дыккаг ном дæр – Паддзахад Алани. Дыууæ номæй алкæцыйæ дæр уыдзæн пайда кæнæн хицæнæй, æмæ уый уыдзæн закъонон æмæ раст. Дыууæ æмсæр номæй чи пайда кæны, ахæм паддзахадтæ бирæ ис. Уымæй æвдыстæуы, Республикæ Хуссар Ирыстон размæ кæй цæуы æмæ кæй у хъомысджын астæуккагæнусон паддзахад Аланийы дарддæргæнæг, ирæттæ кæй та сты алантæ, уый.

Ном «Паддзахад Алани» сфидар кæнынæй ноджы тынгдæр нысангонд цæуы Ирыстоны историон-культурон территориалон иудзинад, йæ цæгатаг æмæ хуссайраг хæйтты иудзинад. Ома, Уæрæсейы Федерацийы субъект уæвæг Цæгат Ирыстоны фарсмæ ис хæдбар паддзахад Алани. Æмæ Аланийы дыууæ хай дæр, кæцытæн ис иумæйаг ивгъуыд æмæ иумæйаг тырнынад фидæнмæ, рагæй æмæ бæстонæй сбæрæг кодтой сæ ориентиртæ.





Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум снысан кæныны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамынд


Нæ культурон-историон бынтæ æмæ нæ адæмы хæдбындурдзинады æнæфæхицæнгæнгæ хай — нæ паддзахады рагон ном сног кæнынмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы цæрджыты тырнындзинадæй къухдариуæггæнгæйæ,

Фæлтæрты æхсæн историон æмæ монон бастдзинæдтыл бындуриуæггæнгæйæ æмæ нæ фыдæлты зæхх хъæбатырæй чи хъахъхъæдта æмæ абоны фæлтæртæн кæй фæрцы баззади, кадимæ уыдон номарынæн,

Алайнаг хицауиуæгады сæндидзыд традициты историон гуырæнтæм не ‘нгас аздахгæйæ, уыимæ нæ бастдзинад нымайгæйæ æмæ йæ хорз фидæны бындуртæ сфидар кæнынмæ тырнгæйæ,

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 16-æм пунктмæ гæсгæ Барамынд дæттын:

1. Нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны референдум ахæм фарсты фæдыл: «Разы дæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 1-аг пункты 1-аг статьямæ ивддзинæдтæ бахæссынимæ. Ахæм редакцийæ?

«1. Республикæ Хуссар Ирыстон — Паддзахад Алани — Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы хибæлвырдкæныны фæстиуæгæн арæзт чи æрцыд, ахæм суверенон барадон паддзахад.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Паддзахад Аланийы нæмттæн сæ нысаниуæг у иугъуызон.».

2. Референдум ауадзыны бон нысангонд æрцæуæд 2017 азы 9 апрелмæ.

3. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны
Президент Тыбылты Леонид