Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари

24 марты Женевæйы ИНО-йы адæймаджы барты фæдыл Советы сессийыл райстæуыд резолюци «Гуырдзыстонимæ æмгуыстад», цыран æвдыстæуы тыхстдзинад «Хуссар Ирыстоны адæймаджы бартæ æмæ гуманитарон уавæры» фæдыл, æмæ ма æхсæнадæмон цæстдарджытæн кæй нæй йæ территоримæ бацæуыны бар, уый фæдыл. Ацы документ сессимæ бацæттæ кодта æмæ бавдыста Гуырдзыстон.


Æнæмбæрст у, цы хуызы хъуамæ уа Хуссар Ирыстон интеграцигонд Гуырдзыстон æмæ ИНО-йы адæймаджы барты фæдыл æмгуыстадмæ, фæлæ æнæ бафиппайæн нæй, Хуссар Ирыстоны цы мидполитикон хабæрттæ цæуы, уыдон фæдыл гуырдзиаг протесты æнæхъæн серийæн. Уыдон демонстративон хуызы уагъд цæуынц 28 марты, Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы радон раунды рæстæджы.

Хъыгагæн, нысан кæнæм ацы хатт ацы провокацийы архайæг кæй сси цытджын æхсæнадæмон организаци, кæцы, æниу, йæхи нæ батыхсын кодта æмæ нæ базыдта, куыд у æцæгæй уавæр Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстоны цы хуыз нынныв кодтой, ууыл баууæндгæйæ.

Гуырдзиаг реваншизмы бындуры цы политизацигонд иуварсон ахаст æвæрд ис, уый Хуссар Ирыстонæн бынтондæр бæзгæ нæу. Æхсæнадæмон æмæхсæнад хъуамæ йæ хъус æрдарид, ацы хабæрттæ кæй цæуынц Женевæйаг дискусситы рæстæджы, цыран ныр бирæ азты дæргъы Гуырдзыстон йæ къух кæй нæ фыссы иумæйаг документыл тыхæй ма спайда кæныны фæдыл.

Хуссар Ирыстон у æхсæнадæмон барады бæрнон субъект, æмæ бирæ хатт равдыста цæттæдзинад æхсæнадæмон организацитимæ æмгуыстадмæ, кæд æмæ уыцы æмгуыстад уа æнæ Гуырдзыстон æмæ æнæ йæ проблемæты контексты. Æрмæстдæр уæд æхсæнадæмон æмæхсæнадæн уыдзæн йæхи объективон хъуыды Хуссар Ирыстоны тыххæй, сæрмагондæй, адæймаджы барты фæдыл фарстаты тыххæй. Æмæ уыцы хъуыды нæ уыдзæн гуырдзиаг пропагандон штампты бындурыл арæзт.


Цхинвал, 2017 азы 28 март