Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари

Хъусдард аздæхтæуыд ИНО-йы Генералон Секретары минæвары ныхæстæм, кæцыты хъыгдзинад загъдæуыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстытæ æмæ бæстæйæн йæ историон ном Паддзахад Алани раздахыны фæдыл референдум ауагъд кæй æрцыдысты, уый тыххæй. ИНО-йы уымæн аргъ кæнынц, куыд иуварсон архайдтытæ, кæцытæ гæнæн ис негативонæй бандавой регионалон æдасдзинадыл æмæ фехалой Жене-вæйы æхсæнадæмон дискусситæ.


Ацы ныхæстæ сæ раны бынтондæр не сты, уæлдайдæр ма Хуссар Ирыстоны чи æрцыд уагъд, уыцы ахсджиаг политикон цаутæ кæй сты æрмæстдæр йæ мидæггагон хъуыддаг æмæ суверенон бар æмæ æндæр бæстæты интерестæм бынтондæр нæ æвналынц, уый хынцгæйæ. Ацы æвзæрстытæ уыдысты хæдбар республикæ Хуссар Ирыстоны чи æрцыд уагъд, уыдонæй æхсæзæм президентон æвзæрстытæ æмæ фæндзæм та референдум. Æмбæстæгты фæндон равдисын организаци æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци æмæ æвзарæн закъондæттынады бындурыл, демократийы æмæ æхсæнадæмон барадон нормæты бындурæвæрæн принциптæм гæсгæ. Уыимæ æргом хъæлæсæппæрсты бæрзонд æмвæзад дунеон цæстдарджытæн фадат радта, цæмæй йын бæрзонд аргъ скæной æмæ йæ æндæр бæстæтæн райсинаг æмæ аккаг чи у, ахæм фæлтæрддзинадыл банымайой.

Дызæрдыг кæнæм, ацы цаутæ исты хуызы бандавой регионалон æдасдзинадыл, уæлдайдæр та Женевæйаг дискусситы позицийыл, ууыл.

ИНО-йы Генералон секретары минæвары ныхæсты логикæйæн æрмæстдæр уæд ис бамбарæн, кæд æмæ Женевæйаг дискусситæ ИНО-йæн сты Хуссар Ирыстоныл политикон æндæвдады инструмент Гуырдзыстоны политикон орбитæмæ йæ бакæныны перспективæимæ. Ахæм ахастæн Женевæйаг æхсæнадæмон дискусситæм нæй райсæн.

Хуссар Ирыстоны ацы æхсæнадæмон формат нымайынц æрмæстдæр дипломатон фæзуатыл, цыран бакуыстæуы æхсæнадæмон хæсистытыл æмæ сыл къухтæ æрфыссыныл. Уыдон та ифтонг кæнынц æмæ гаранти дæттынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æдасдзинадæн, цæмæй Гуырдзыстоны ‘рдыгæй тыхæй мауал спайдачындæуа. Ногæй хъусдард здахæм уымæ æмæ цалдæр азы дæргъы Гуырдзыстон, дунеон организациты дискусситы хайадисæг бæстæты, уыцы нымæцы ИНО-йы разыйæ алыгъуызон æфсæндтæй демонстративон æгъдауæй кæй къуылымпы кæнынц ацы куыст, уымæ. Растдæр ацы уавæрыл хъуамæ хъыг кæнид ИНО, кæцыйы минæвар у Женевæйаг дискусситы æмсæрдæрттæй сæ иу.

Серьезон хъыджы аккаг ма у, Гуырдзыстон Женевæйаг форматы фехалын регулярон æгъдауæй кæй провокаци кæны, уый. Растдæр Гуырдзыстоны фарс фæндвидарæй æмæ иуварсонæй рахæссы уынаффæ кæнынмæ Женевæйаг дискусситы мандатмæ хауæг фарстыты æндæр дунеон фæзуæттæм, уыцы нымæцы ИНО-мæ дæр, фæлæ уырдæм Дискусситы æндæр хайадисджыты минæвæрттæ хуынд не’рцæуынц. Ахæм уагахаст ныридæгæн æркодта Женевæйаг дискусситы лигъдæтты проблемæйы фарсты фæдыл уынаффæты æрурæдмæ, уыцы проблемæтæ та иттæг актуалон сты фарсытæй се’ппæтæн дæр.


Цхинвал, 2017 азы 14 апрель