Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



Брюсселы дарддæр цæуынц «Ирон культурæйы бонтæ», кæцытæ ныр цалдæр азы дæргъы æрвылаз уадзы ассоциаци «Ренесанс-Сæндидзæн» Пухаты Радионы сæргълæудæй. Баконды кадджын церемонийы хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты А.К. Уый Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты А.И. номæй æмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Д.Н. номæй бакаст арфæйы ныстуантæ.


Мадзалы фæлгæтты уагъд æрцыд тымбыл фынг «Æмгуыстады хидтæ», цыран бакастæуыд докладтæ культурæйы, культурон баивдтыты æмæ æхсæнкультурон диалоджы ролы тыххæй адæм æмæ адæмы хæттыты æхсæн ахастытæ сфидар кæныны хъуыддаджы.

Йæ балцы рæстæджы Коцты А. ауагъта фембæлдтытæ ирон диаспорæйы минæварттимæ Бельгийæ æмæ Германийæ.


Цхинвал, 2017 азы 5 июнь