Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М. комментари Гуырдзыстоны президент М. Саакашвилийы æрæджыйы хъусынгæнинаг францаг журналисттæн ратгæ интервьюйы

2008 азы августы фæстæ дунеон æмæхсæнад фылдæрæй-фылдæр зоны ныры гуырдзиаг режимы æцæг цæсгомы тыххæй. Æхсин Хайди Тальявинийы къухдариуæгæй бацæттæгонд чи æрцыдис, уыцы Евроцæдисы хæдбар Къамисы доклады комкоммæ дæр нысангонд ис уый æмæ растдæр Гуырдзыстон кæй райдыдта 2008 азы 7 августы æнæспровацигонд агрессии Хуссар Ирыстоны ныхмæ. Гуырдзыстоныл æвæрд æрцыдис агрессоры ном æмæ йæ президентæн та дунеон æмæхсæнады йæ президентæн та йæ къух кæмæн нæ фæисынц, ахæм. Фæстаг рæстæджы æхсанадмæ фæхæццæ адæймаджы барты фæдыл Европæйы Советы Къамисары æлдар Хаммербергы доклад, кæцыйы дырысæй дзырд цæуы, зæгъгæ, Хуссар Ирыстойнаг цыппар æмбæстаджы (уыдонæй иу уыдис фаг азтæ кæуыл нæма сæххæст, ахæм). Уыдон нымад цыдысты 2008 азы æбæрæгæй чи фесæфтис, ахæмтыл. Æрцахстой сæ Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ æмæ уый фæстæ фесæфтысты. Æмбæрстгонд у уый ææмæ уыдон тыххæй бæрндзинад хæссынц Гуырдзыстоны официалон хицауад.

Бæрндзинад кæй хæссы, уый басæттыны æмæ йæ юридикон æгъдауæй чи хæсджын кæны Хуссар ирыстоны ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны тыххæй гарантии радтыны бæсты гуырдзыйы президент æмæ йæ эмиссарты архайынц æндæр æмæ æндæр дунеон форумты (куыд ацы цауы Франкофонийы министериалы) цæмæй бандавой Гуырдзыстоны мæнг территориалон æнæхъæндзинад, йæ «оккупаци» æмæ æнд. ах.

Хъыгагæн, бирæ ныгуылæн политикон архайджытæ уыцы хъуыддаджы кæнынц гуырдзиаг къухдариуæгады ‘вварс æмæ уый та нæ регионы нæ ахъаз кæны сабырад æмæ стабилондзинадæн.

Ноджыдæр фæлхатт кæнын уый æмæ РХИ ницы ахаст ис сыхаг Гуырдзыстоны паддзахадимæ æмæ цæттæ у, цы ныхмæдзинæдтæ дзы ис, уыдоныл æруынаффæ кæнынмæ æмбар диалогы æмæ дунеон барадмæ гæсгæ. Æмæ диалог та растдæр Хуссар Ирыстонимæ хъæуы.

Куыд зыны, афтæмæй Саакашвили хæлар нæу нымæцтæ æмæ факттимæ, гъе, уымæ гæсгæ зæгъы афтæ, зæгъгæ, дам Хуссар Ирыстоны цæры æхсæз мин ироны æмæ, дам, «иннæ ирæттæ фæлыгъдысты Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр хæйттæм». Чизоны йæ зæгъын фæндыдис æрмæстдæр национ хиадмæ гæсгæ Гуырдзыстонæйтард чи ‘рцыдис, уыцы сæдæ мин ироны æмæ бындуронæй Уæрæсейы чи сты уыдоны тыххæй. Фæлæ уым цы давы Гуырдзыстоны «æндæр æмæ æндæр хæйтты?» Кæнæ чи зоны Ленингоры районы цы цæрджытæ цардысты, уыдоны 2008 азы Гуырдзыстоны хицауады хъомысæ сæ хæдзæрттæ кæй ныууадзын кодтой æмæ сæ Гуырдзыстонмæ кæй акодтой, уыдоны кой кæны. Æмæ уыдон тæригъæддаджы уавæры куы ныууагътой Саакашвили æмæ йæ командæ. Хуссар Ирыстоны хицауад та архайы иннæрдæм. Официалонæй сын бирæ хæттыты хъусын чындæуыдис, цæттæ кæй сты ацы цæрджыты Ленингоры районмæ сæ хæдзæрттæм раздахынмæ. Æниу уыдон нырттæкæ дæр æрвылбон æрбацæуынц æмæ кусынц сæ зæххытæ. Ахæм хъусынгæнинаг æрæджы арæзт æрцыдис Фæскавказы стабилондзинады фæдыл Женевæйы чи цыдис уыцы дискуссийы 13-æм раунды.

2010 азы 27 октябрь