Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий ЕЦПА зымæгон сессийы Г. Вашадзе раныхасы фæдыл

2012 азы 25 январы Страсбургы Евроцæдисы Парламентон Ассамблейы доклад сарæзта Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Г. Вашадзе. Сахатæй фылдæры дæргъы уый ЕЦПА уæнгтæн дзырдта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны алыварс ситуаци куыд уыны, уый фæдыл.

Гуырдзиаг хицауиуæгад радон хатт спайда кодта бæрзонд дунеон трибунæйы, цæмæй та ногæй фехъусын кодтаит дунеон æмæхсæнадæн, йæхимæ хуыздæр куыд кæсы, ахæм информаци æмæ аххосаг аппæрстаит Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Уæрæсейы адресмæ.

Хъыгагæн, кæд бирæ хæттыты хатыд цыдис дунеон организацитæм, уыцы нымæцы ЕЦПА, цæмæй Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн радтаиккой сæ позици комкоммæ фехъусын кæныны фадат, уæддæр сæ нæма бамбæрстой. Афтæмæй Гуырдзыстоны хицауиуæгад иуварсонæй уавæры тыххæй дзуры, æрмæстдæр йæхи куыд фæнды æмæ йын хуыздæр куыд у, афтæ.

Раныхасы Гуырдзыстоны федералон арæзтады тыххæй радон тезисы тыххæй дзæнгæдайыл кувтæ дзурæм, кæцыйы, дам, хæдбар, нымад Республикæ Хуссар Ирыстон «райсдзæнис уæрæх автономи», уæддæр гуырдзыйы министры раныхасы нæй, ахæм хъуыдытæ. Сæйраджыдæр та уый æмæ афтæ кæй загъта, зæгъгæ, дам, мах никуы ныкъуылымпы кодтам иунæг гуманитарон проект кæнæ архайд, кæцы здæхт уыдаит кæрæдзийыл æууæндыны хъуыддагмæ. «Мах никуы уыдыстæм, зæгъæм, ацы Ассамблейы уæнгтæ кæцы фарсы ‘рдыгæй бацæудзысты оккупацигонд территоримæ Цæгаты æви хуссары ‘рдыгæй, уый ныхмæ». Ахæм хъусынгæнинаг дард лæууы æцæгдзинадмæ. Гуырдзыстоны дырысæй кусы закъон «Оккупацигонд территориты тыххæй», кæцы йæ уæнгтæ бæтты Хуссар Ирыстонимæ цахæмфæнды экономикон бастдзинæдты инициативæтæн дæр. Гуырдзыстоны хицауад ныр цыппæрæм зымæг сийын кæны Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цæрджыты, сæйраджыдæр та этикон гуырдзиæгты, уымæн æмæ бар нæ дæтты æрдзон газ раздæр кæуылты цыдис, йæ уыцы территорийыл æй уадзынæн, йæ политикон амбициты сæраппонд ныхдуртæ аразы Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæнтыл рæстæгмæ ахизынæн (домы, цæмæй уый тыххæй æмбæстæгтæ фехъуысын кæной дæс боны раздæр æмæ а.д.). 2008 азмæ Хуссар Ирыстоны экономикæ æмæ социалон æндидзынады цалдæр ахсджиаг пректы, кæцыты æххæст кодтой ОБСЕ уылты лигъдæтты хъуыддæгты фæдыл Еврокъамисы æмæ
Норвегийы совет. Уыдон æххæст не ‘рцыдысты æрмæстдæр уый тыххæй æмæ Гуырдзыстоны хицауад æппæт хуызты дæр ныхдуртæ арæзта арæзтадон æмæ æндæр æрмæджытæ ласынæн.

Бынтондæр циникон рауадис афтæ зæгъын, зæгъгæ, ныхмæ никуы ничи уыдис Хуссар Ирыстонмæ адæм цæгаты æмæ хуссары ‘рдыгæй цыдаиккой, уымæн. Уый тыххæй бæлвырд сты æртыккаг бæстæты адæймæгты Гуырдзыстонмæ цæмæй ма уадзой, уый тыххæй бар нæ дæттыны æмæ бацамындты цаутæ кæнæ-иу Гуырдзыстоны территоримæ куы бафтыдысты, уæд сæ-иу ахæстæтты кæй бакодтой, æрмæстдæр уый тыххæй æмæ-иу уырдæм цæгаты ‘рдыгæй фарсæй кæй æрбафтыдысты Хуссар Ирыстонмæ æмæ уый тыххæй нысангонд уыдис паспортты дæр.

Гуырдзиаг министр йæ хъусдард тынг аздæхта «бартæ хъахъхъæнын» æмæ «хæрзиуджытæм», кæцытæ сæ бон у æмæ райсой Хуссар Ирыстоны цæрджытæ Гуырдзыстонмæ куы ‘рбаиу уой, уæд. Фæлæ уыимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, кой дæр не скодта Хуссар Ирыстоны уыцы бартæ 20 азы дæргъы Гуырдзыстон кæй хæлдта Хуссар Ирыстоны ныхмæ перманентон агресситы цыди рæстæджы.

Гуырдзыстонæн йæхи мидæг адæймаджы бартæ хъахъхъæныны æбуалгъы уавæры тыххæй дзурынц, ацы темæйы тыххæй æрæджымыхуыр цы докладтæ æрцыдысты, уыдон. Фæлæ Гуырдзыстоны хицауиуæгады æцæг ахаст, æндæр нациты бартæ аргъ кæныны проблемæтæ, иттæг ирдæй разындысты æлдар Вашадзейы саркастикон худт æмæ дзуаппы, уæрæсейаг депутаты фарстæн, чи ныддаргъ, гуырдзыстойнаг уыцы месхеттæгты репатриацийы тыххæй: «Æз ныртæккæ скæудзынæн ам мын ды цы дзурыс, уый тыххæй». Куыд зыны, афтæмæй æлдар Вашадземæ искæй рисæй кæуын нæ, фæлæ худын æрцæудзæн. Афтæмæй та Гуырдзыстонæн туркаг-месхеттæгты репатриацийы фарст аскъуыддзаг кæнын уыдис æнæмæнг сæххæсткæнинæгтæй сæ иу 1999 азы йæ Европæйы Цæдисмæ куы истой, уæд.

Гуырдзиаг министр йæ раныхасы ногæй йæхи ныццавта Уæрæсейыл, кæцы, дам, цыма халы Женевайы процесс. Æмæ кæд Женевайы формат исчи халы, уæд уый у Гуырдзыстон, кæцы дискусситы хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг фæрсты фæсчъылдыммæ хъавы ахæм фарстытыл уынаффæ кæнын, кæцытыл хъуамæ уынаффæ цæуа. Женевайы дискусситы Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз кæм не сты, æндæр ахæм дунеон æмвæзадтыл. Æппæт конструктивон фæндæттæ Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстон æмæ Абхазы ‘хсæн тыхæй ма спайда кæныны фæдыл иумиаг документ æмæ бадзырд кæронмæ бацæттæ кæнын растдæр Гуырдзыстон æмæ йæ фарсхæцджыты архайдтыты фæстиуæгæн нæ цæуы арæзт.

ЕЦПА делегаттæм сидгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хаты, цæмæй уæвæг реалитыл æнцой кæнгæйæ, фæивой ныгуылæйнаг политикæйы арæзт чи ‘рцыдис Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн ахастытæ сабырадон æгъдауæй æрбæстон кæныны тыххæй æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн радтой ЕЦПА депутаттæм Хуссар Ирыстоны позици фæхæццæ кæныны фадат.

Æмæ кæд Гуырдзыстоны фæнды, цæмæй сабырадон æгъдауæй уавæр æрбæстон кæнын тынг даргъ рæстæгмæ нæ ахæссын, уæд йæ къух хъуамæ сиса Хуссар Ирыстонмæ изоляцийы политикæйыл. Гуырдзыстонæн ис, политикон реалитæ бахынцгæйæ, регионы ситуацийыл æвæрццагæй бандавыны æмæ Хуссар Ирыстонимæ хæларсыхагон ахастытæ саразыны фадат.

Цхинвал, 2012 азы 27 январь