Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий Чикагойы НАТО-йы саммиты райсгæ хъусынгæнинаджы фæдыл

НАТО-йы саммиты фæстиуæгæн 2012 азы 21 майы Чикагойы цы хъусынгæнинаг райстæуыдис, уым цæгататлантикон альянсы бæстæтæ Гуырдзыстоны НАТО-йы баиу кæнынмæ тырнындзинады æвварс хæцгæйæ, æрсидтысты Уæрæсемæ, «цæмæй фæстæмæ алæууа Гуырдзыстоны регионтæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбар паддзахадыл банымайынæй æмæ фæкъаддæр кæна уæрæсеаг уæвынад ацы регионты».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад афтæ нымайы, æмæ ацы документ, кæцы, æнæмæнгдæр, пълангонд æрцыдис гуырдзиаг аудитори цæмæ æнхъæлмæ кастис, уымæ гæсгæ, ис ын барæй арæзт фæдæздæхт. Зындгонд куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстон нæу «Гуырдзыстоны регион» æмæ 2008 азы августы Уæрæсейы архайд фервæзын кодта Хуссар Ирыстоны адæмы Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны хæстон мæнгард бабырстæй.

Ныр цыппар азы бæрц Хуссар Ирыстоны цæрджыты æдасдзинад гарантигонд цæуы Уæрæсейы Федерациимæ дывæрсыг бадзырдты руаджы. Хуссарирыстойнаг адæм æгæрон бузныг сты Уæрæсейы Федерацийæ, фæлæ, куыд зыны, афтæмæй, адæмы хъуыды бирæ ницы тыхсын кæны саммиты хайадисджыты.

Кæд æмæ альянс, æцæгæйдæр, бæллы Хуссар Кавказы стабилизацион уавæрмæ, уæд æмбæлон куыст хъуамæ бакæна Саакашвилийы режимимæ, комкоммæдæр та – цæмæй Гуырдзыстон тыхæй ма ма спайда кæна Хуссар Ирыстоны ныхмæ, уый тыххæй йын хæсджынгæнæг документыл йæ къух æрфыссын кæнын уаид пайдайы хъуыддаг. Ау, Альянсы бæстæты æххуысс æмæ фарсхæцынадæй кæй фæзынд фадат 2008 азы августы хæстон агрессийæн. Афон у, цæмæй алчидæр архайа ныры рæстæджы реалиты фæлгæтты æмæ уыдон та сты ахæм, æмæ Хуссар Кавказы картæйыл, дунейы æппæт нормæтæм гæсгæ, фæзындысты дыууæ ног паддзахады – Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхаз.

Дунеон барадмæ йæхи куыд фæнды, ахæм ахаст чи дары, уыдон цалынмæ ацы тынг бырынцъаг фæндагыл слæууой, æнхъæл дæр цæмæй не сты, ахæм фæстиуджытæ расайгæйæ, уæдмæ ма йыл ноджыдæр иу хатт хорз хъуамæ ахъуыды кæной, уымæн æмæ уый стабилондзинадæн пайда ‘рхæссыны бæсты йæ фæдыл расайсдзæн æндыгъдад.

Цхинвал,
2012 азы 24 майы.