Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давиды интервью информацион агентад «Рес»-æн

david.jpeg - - Цъахæм аргъ кæныс Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыстæн, Дæу дзы куы баурæдтой, уæды онг? Ведомствойы кæцы фæдыздæхт Дæ фæнды фæтыхджындæр кæнын æмæ уый тыххæй цахæм мадзæлттæ аххæст кæнын ис Дæ зæрды?

— Уыцы азты дæргъы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад бакодта тынг стыр куыст. Аз афтæ æнхъæлын, æмæ алы этапы дæр æххæстгонд æрцыдысты æнæмæнгхъæуæг мадзæлттæ æддагон-политикон уагдоны ‘рдыгæй.

Абоны бон, кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт уыдонмæ ноджыдæр бафтауын хъæуы æндæр саразгæ къахдзæфтæ дæр, цæмæй нæ Республикæйы зоной канд политикон цастæнгасæй нæ, фæлæ ма культурон, экономикон, спортивон сферæты дæр. Мах хъуамæ рæзын кæнæм æддагон-политикон ахастытæ. Æмæ уый тыххæй та хъæуы хорз камандæ, цæмæй дунеон æмæхсæнадæн зонгæ кæнæм Хуссар Ирыстон кæй у сæрибар, рæзгæ паддзахад, кæцы тырны фидыдадмæ, стабилондзинадмæ, тырны йæ цæрджытæн хорз, æдас æмæ хæрзгъæд цард сифтонг кæнынмæ. Хуссар ирыстон кæй у дунеон æмæ хсæнады бæрнон уæнг.

— Цахæм аргъ кæныс Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы эффективондзинадæн?

— Женевæйы дискусситы сты иунæг ахæм формат, кæцыты хайад исынц Хуссар Ирыстон, Абхаз, Уæрæсе, Гуырдзыстон æмæ дунеон организацитæ. Уый фæлгæтты махæн нæ бон у æмæ иу кæнæ иннæ фарсты фæдыл дзурæм нæ интерестыл,кæцытæй иууыл ахсджиагдæр у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æдасдзинады гаранти, афтæ ма гуманитарон фарстатæ скъуыддзаг кæнын дæр. Хуссар Ирыстон Женевæйы дискусситы хайад кæй исы, уый у Республикæ дунеон аренæйы йæ интерестæ кæй размæ кæны, ахæм фактортæй сæ иу.

— Цы хъуыды кæныс дунеон аренæйы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад дарддæр дæр нымайыны перспективæты тыххæй?

— Хуссар Ирыстоны цæмæй æндæр бæстæтæ дæр банымайой, ис уыйперспективæтæ æмæ мах кусæм уыцы перспективæтыл. Кусæм алы фæдæздæхтыты дунейы бирæ бæстæтимæ, уадзæм консультацитæ æмæ фембæлдтытæ. Ӕз афтæ хъуыды кæнын æмæ уыдонæн уыдзæнис хорз фæстиуджытæ.

— Цахæм комментаритæсаразис Ныгуылæны æмæ Уæрæсейы позицийы тыххæй Сирийы ситуацийы фæдыл?

— Сирийы ситуаци тынг вазыгджын у. Ӕмæ ам,æнæмæнг банысан кæнын хъæуы уый æмæ Сирийы адæм сæхæдæг хъуамæ аскъуыддзаг кæной сæ дарддæры хъысмæт. Арæхсджынæй баллæууын хъæуы, канд Сирийæн йæхимæ нæ,фæлæ ма регионы æдасдзинадмæ дæр. Уымæ гæсгæ æз афтæ хъуыды кæнын æмæ уæрæсейы позици зындгонд у æмæ йæ хъахъхъæны принципиалонæй æмæ ахæм хъуыддаг та у иттæг ахсджиаг. Уырны мæ æмæ уæддæр кæй разындзсты ахæм фадаттæ, кæцытæ ацы ситуаци сараздзысты максималон корректонæй æмæ йæ афтæ скъуыддзаг дæр кæй акæндзысты.

— Дæ хъуыдымæ гæсгæ Хуссар Кавказы бæстæтæ цахæм мадзæлттæ хъуамæ райсой регионы ситуаци стабилизаци кæныны сæраппонд?

- Хуссар Кавказ дунеон æмæхсæнады ‘рдыгй йæхимæ стыр хъусдард здæхын кæны, бирæтæ архайынц, цæмæй дзы ссарой сæхи интерестæ. Ӕма мах, æппæты фыццаг, хъуамæ зонæм, цы нæ хъæуы уый. Ӕнæмæнгхъæуæг у, цæмæй хъуыддаджы сæргъ лæууой Хуссар Кавказы стабиллондзинад æмæ æдасдзинад. Уымæ иумæ хынцыдгонд хъуомæ цæуойуыцы бæстæтæй алкæцыйы интерестæ дæр, чысыл у æви стыр, уымæ нæ кæсгæйæ. Уымæ гæсгæ регионæн цыдæриддæр ахсджиагдæр фарстатæ сты, уыдоны фæдыл аразын хъæуы бадзырдтæ, æрмæст ацы фарст хъуамæ хауа Хуссар Кавказы æппæт бæстæтæм дæр.

— Дæумæ гæсгæ цас ахсджыйаг у, цæмæй Хуссар Ирыстон æмгуыст кæна дунеон организацитимæ? Ӕмæ кæд æмархайд кæнын хъуамæ, уæд цахæм уавæртæ хынцгæйæ?

- Иугæр мах стæм суверенон, барадон, демократон паддзахад, уæд нын иудзинад хъуамæ уа дунеон барады æппæт субъекттимæ дæр. Фæлæ нын фыццаг рæнхъыл хъуамæ уой нæ Республикæйы интерестæ. Ӕрмæстдæр ацы контексты ис æмкуысткæнынад дунеон организацитимæ. Хъæуы ма уый банысан кæнын дæр æмæ Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы къухты кæй æфтынц хицæн æхсæйнаг бадзырдтæ. Цæвиттонæн хæдбар дунеон эксперттæ дунеон барады къабазы 20-æм раунды термин «оккупацигонд территоритæ» Хуссар Ирыстонмæ æмæ Абхазмæ ахасты фенын кодтой уый æмæ дзы нæ бæстæтæм ахасты пайда кæнынæн кæй ницы бындур ис.

Фæлæ уæддæр ОБСЕ Парламентон Ассамблейы, Гуырдзыстоны минæвæртты амындмæ гæсгæ, цы резолюци исть æрцыдис, уым Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы кæй цæуы, куыд «оккупацигонд территоритæ», афтæ.
Махмæ ис хъыгаг фæлтæрдзинад Хуссар Ирыстоны ацы организациты архайды тыххæй æмæ уыцы нымæцы ацы фæлтæрдзинадыл бындуриуæг кæнгæйæ, нæ интерестæ хынцгæйæ, æмæ хъуамæ æмгуыст кæнæм. Уый дæр нæ, гæнæн ис, фæразмæ кæна на суверенитет банымайыны хъуыддаджы.

— Ды бирæ хæттыты хайад истой алыгъуызон форумиты æмæ семинарты æнæхицауадон организациты хаххыл. Дæумæ гæсгæ цас ахсджиаг у ацы фæдæздæхт æмæ йæ бон цахæм пайда æрхæссын у?

- Паддзахады рæзты хъуыддаджы æнæхицауадон организацитæ ахсынц стыр роль. Ис сын сæхи бæлвырд бынат, кæцыран сæ бон у æмæ хæссой пайда, кусынц цæрджыты хицæн къордтæн æмæ æмткæй æхсæнадæн дæр. Сæ архайд регламентацигонд цæуы нæ закъондаттынадæй æмæ йын йæ нормæтæ хъæуы æххæст кæнын. Тынг ахсджиаг у, цæмæй паддзахады æмæ æхсанадон организациты ‘хсæн цæуа конструктивон диалог. Уый у вазыгджын, фæлæ тынг ахсджиаг процесс æмæ уымæй бирæ аразгæ у.
Æнæхицауадон организациты ресурс æмæ потенциал стыр у æмæ дзы хъæуы спайда кæнын, цæмæй ралæууæм дунейы алыгъуызон бынæтты.

— Цы хъуыды кæныс Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн æхсæнпаддзахадон ахастыты тыххæй? Цахæм уавæрты уыдзæнис гæнæн ахæм контактæн?

Абоны бонмæ Гуырдзыстоны мæм Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ницахæм сразыдзинæдтæ ис, æмæ цæмæй уыдон фæзыной, уый тыххæй нын Гуырдзыстон хъуамæ банымайа нæ суверенитет. Ӕрмæсдæр уæд уыдзæнис дзурæн æхсæнадон хастытæ рæзын кæныны тыххæй.

Æдасдзинады фарстатыл уынаффæ уынаффæ цæуы Женевæйы дискусситы дæр, кæцыран Гуырдзыстон гарант дæтты хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн сæ æдасдзинадæн. Ницæмæ дардæуы Хайди Тальявинийы доклады хатдзæгтæ дæр, кæцыран дырысæй нысангонд цæуы 2008 азы агресси Гуырдзыстон кæй райдыдта. Фарст абоны онг дæр у гом.