Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2012 азы 28 ноябры Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны Минæварады Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Дауытæн фембæлд уыди Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дипломатон академийы хъусджытимæ æмæ Дунеон ахастыты Мæскуыйы паддзахадон институт (Университет), афтæ ма Уæрæсейы паддзахадон социологион университеты дунеон ахастыты факультетмæ Хуссар Ирыстонæй ахуырмæ ‘рвыст чи рцыд, уыдонимæ.

Фембæлды уыд УФ Республикæ Хуссар Ирыстоны Чрезвычайон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Медойты Д.Н.

Фæсарæйнаг Хъуыддæгты министр Санахъоты Дауыт студенттæм фæхæццæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды арфæйы ныхæстæ æмæ сын ныфс бавæрдта, зæгъгæ, къухдариуæгады фæнд у, Уæрæсемæ ахуырмæ ‘рвыст чи ‘рцыд, уыдоны проблемæтæм дарддæр дæр æмбæлон хъусдард уыдзæн.

Æддагон-политикон уагдоны разамонæг студенттæн сæ зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты кæй ахуыр кæнынц, уый сын сæ разы гом кæны стыр фæндæгтæ æмæ сæ бафæдзæхста, цæмæй сын ахуыр æмæ æхсæнæдон царды цахæм æнтыстытæ уа, ахæм хъуыды æвзæра алфæмблай чи ис, уыдонмæ, канд студенттæн сæхимæ нæ, фæлæ ма цы республикæйы сты, уый тыххæй дæр. Ныртæккæ сæ разы лæууы иттæг серьезон хæстæ, уымæн æмæ уыдон сты хæдбар паддзахадоы минæвæрттæ æмæ сомбоны дунеон ахастытæ аразджытæ, хъæздыгдæр кæндзысты нæ бæстæйæн канд йæ интелектуалон æмæ культурон цард нæ, фæлæ ма сæ зонындзинæдтæ æмæ тыхтæ здахдзысты дунеон аренæйы йын йæ интерестæ дарддæр дæр хъахъхъæнынмæ.

Санахъоты Дауыт студенты базонгæ кодта, ныртæккæ Республикæйы æмæ йæ алыварс цы хабæрттæ цæуынц, уыдонимæ. Студенттæ министрмæ радтой, цымыдис цæмæ кодтой, уыцы фарстатæ.

Цхинвал,
2012 азы 30 ноябрь.