Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д. Г. интервью газет «Южная Осетия»-йæн

- Цахæм аргъ кæныс аивгъуыйгæ азы фæстиуджытæн Хуссар Ирыстоны æддагон политикæйы рæзт æмæ фидар кæныны цæстонгасæй?


— Аивгъуыйгæ аз Хуссар Ирыстоны æддагонполитикон уагдонæн, æцæгæйдæр, уыдис уæлдай зæрдылдаринагдæр юбилейон.
20 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад банысан кодта йæ сырæзты 20 азы бон. Уыцы азты дæргъы нæ уагдон цы фæндагыл рацыдис, уый уыдис вазыгджын, йæ ‘мыдзаг алыгъуызон цаутæй, фæлæ министрады коллектив хæдбардзинадмæ фæндагыл фидар æмæ æууæнкджынæй архайдта, ныфсджынæй иуварс кодта æппæт ныхдуртæ дæр. Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад 2012 азы алы ран дæр фидар кодта Республикæйы арæзтады æвæрццаг имидж, ахъаз кодта, цæмæй объективонæй æвдыст цæуа Республикæ Хуссар Ирыстон куыд суверенон демократон бæстæ æмæ нырыккон паддзахады æппæт атрибуттæ кæмæн ис, ахæмæй йæ истаиккой, афтæ ма æвдыста æргомдзинад æппæт бæстæтимæ дæр æмкуысткæнынмæ цæттæ кæй у.

— Æрæджы Дæуæн фембæлд уыдис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ. Цахæм аргъ кæныс ацы фембæлды фæстиуджытæн æмæ Дæ уырны, зæгъгæ, РХИ æддагонполитикон позицитæ Уæрæсейы æххуысæй тынгдæр сфидар уыдзысты дунеон аренæйы?

— Æцæгæйдæр, фарон 9 октябры аз фембæлдтæн Сергей Викторы фыртимæ, кæцы фидар æмæ дырысæй загъта, Уæрæсейы Федерацийы курс Хуссар Ирыстонмæ ахасты æнæивгæ кæй у, æмæ кæй хæцдзæнис хæдбар суверенон паддзахад Хуссар Ирыстон æмæ йæ адæмы фарс æмкуысткæнынады æппæт сферæты дæр. Уый та фыццаг рады у нæ бæстæты арæнтæ æмæ территорийы æдасдзинад ифтонг кæнын, социалон-экономикон характер кæмæн ис, уыцы фарстытæ аскъуыддзаг кæныны æххуыс кæнын. Фембæлды ма нысан æрцыдис æддагонполитикон, экономикон æмæ культурон æмкуысткæнынады дарддæры рæзты ахсджиагдзинад.

— Гуырдзиаг политиктæ æмæ эксперттæ, Хуссар Ирыстоны суверенитет банымайынмæ чи хауы, Уæрæсейы президент Владимир Путины уыцы дзуаппы федтой цахæмдæр ахæм сигнал, кæцымæ гæсгæ, цыма ма, гæнæн ис, уыцы уынаффæмæ ногæй æркастæуа Гуырдзыстоны пайдайæн. Æниу, Путин дырысæй æмæ комкоммæ загъдта, зæгъгæ Уæрæсе нæ хъавы банымайыны тыххæй уынаффæмæ ногæй æркæсын. Уый охыл Ды цахæм комментаритæ саразис Гуырдзыстоны ныфсытæ æмæ æнхъæлмæкастæн?

- Фарон, фæззæджы, мах не ‘ппæт дæр æвдисæн уыдыстæм Уæрæсейы Федерацимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Л. визитæн, цахæм зæрдиаг райст ын уыдис Уæрæсейы ‘рдыгæй. Мах не ппæт дæр фехъуыстам УФ æмæ РХИ президентты фембæлды рæстæджы Владимир Путин фидарæй кæй загъта, зæгъгæ, Уæрæсейы фæнд у, цæмæй Хуссар Ирыстонæн дарддæр дæр æххуыс кæна æнæмæнгхъæуæг фарсхæцынадæй йæ паддзахаддзинады дарддæры рæзты æмæ уый кæй у Уæрæсейы принципиалон позици. УФ æмæ РХИ президенты фембæлд уыдис Гуырдзыстоны хицауад ивд куы ‘рцыдис, уый фæстæ. Фембæлд дунейæн фенын кодта радон хатт: Уæрæсе Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы кæй банымадта, уый тыххæй йæ уынаффæмæ ногæй нал æркæсдзæнис. Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбар статус раджы сбæлвырд кодтой хуссарирыстойнаг адæм. Банымадтой йæ къорд бæстæтæ æмæ тæрхæттæ кæныны фарст нæу. Уый та нысан кæны, Гуырдзыстоны мæнгныфсытæ уæрæсейаг-ирыстойнаг ахастытæ фæивыны тыххæй кæй сты æнæбындур.

— Цахæм комментарий ратдзынæ Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстыты фæуæлахизуæвæг «Гуырдзиаг бæллиц»-ы минæвæртты хъусынгæнинагæн Хуссар Ирыстонимæ ахастытæ æрбæстон кæныны тыххæй? Ацы партийы сабырадуарзæг риторикæ цас раст æвдисы гуырдзиаг политикты реалон тырнындзинад Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ахастытæ æрбæстон кæныны хъуыддаджы?

— Кæд бæстæйы мидæгæй политикон ивындзинæдтæ æрцыдис, уæддæр Гуырдзыстоны æддагон политикæ практикон æгъдауæй баззадис, цахæм уыдис, ахæмæй. Гуырдзыстойнаг сноггонд политикон къухдариуæгадмæ, æцæгæйдæр, ис фæндондзинад, цæмæй æддагон политикæйæн æрмæстдæр йæ формат фæивгæйæ, баззайа, цахæм уыдис, ахæмæй. Дзырд дæр ыл нæй, Гуырдзыстоны ног хицауадмæ ног адеймæгтæ кæй бацыдысты, фæлæ раздæры риторикæ баззадис. Уыдон, иуæрдыгæй, афтæ дзурынц, зæгъгæ бæстæ бахъахъхъæндзæнис йæ стратегион курс НАТО æмæ Европæйы Цæдисмæ баввахс кæныны хъуыддаджы æмæ ницы амалæй нæ разы кæнынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинадыл, фæлæ ма сæ уый дæр уырны, æмæ Уæрæсеимæ сæ ахастытæ кæй æрбæстон кæндзысты. Фæлæ уый у талынг къуымы хуызæн, уымæн æмæ нæй гæнæн, цæмæй бадай дыууæ бандоныл æмæ дæхи хатай иттæг хорз.

— Уæрæсеимæ Хуссар Ирыстонæн ис сæрмагонд ахастытæ, кæцытæн ис традицион æфсымæрон характер æмæ ма сын уыцииу рæстæджы ис стратегион нысаниуæг дæр. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн арæзт æрцыдис 50 æхсæнпаддзахадон бадзырдæй фылдæр практикон æгъдауæй æппæт сферæты дæр. Куыд æххæст цæуынц ацы фидыдтæ æмæ куыстгонд æмæ сыл къухтæ рфыссынмæ та цахæм фидыдтæ цæуынц?

- Нæ æддагон политикæйы приоритетон фездæхт у Уæрсейы Федерациимæ æмкуысткæнынад фидар кæнын. Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты рæзты динамикæ у иттæг позитивон. Абон Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн кæны реалон ахъаз, хорз хайбавæрд хæссы йæ территори йын бахъахъæнынмæ, æххуыс ын кæны социалон фарстытæ скуыддзаг кæныны хъуыддаджы. 2008 азы августæй фæстæмæ рацæугæ рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн алыгъуызон æмвæзадыл арæзт æрцыдысты 70 дунеон фидыдæй фылдæр. Ис сæ æхсæнпаддзахадон, æхсæнхицауадон, æхсæнуæгдонон æмвæзæдтыл æмкуыскæнынады бирæ фарстытæ. 2012 азы къухтæ фыст æрцыдысты 6 фидыдыл. Куыст цæуы 20-æй фылдæр фидыдыл, уыцы нымæцы дывæр æмбæстагдзинады фарст æрбæстон кæныны тыххæй Бадзырдыл, Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг паддзахадон арæны тыххæй Бадзырдыл æмæ а.д. Хуссар Ирыстоны адæм стыр аргъ кæнынц Уæрæсейы адæмимæ историон æгъдауæй чи сырæзт, уыцы хъарм, хæлар ахастытæн, стыр аргъ кæнынц Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы ‘рдыгæй цы стыр æххуыс æмæ фарсхæцынад ис, уымæн.

— Хуссар Ирыстоны ма Уæрæсейæ дарддæр банымадтой ахæм серьезон æмæ дзырддзæугæ паддзахадтæ, куыд Венесуэлæ æмæ Никарагуа. Фæлæ, уæддæр, политикон контакттæй дарддæр ацы падзахадтимæ æндæр фæдыздæхтыты (спорты, культурæйы, экономикæйы) нæ рæзынц. Кæд сытынг уыдзысты, цы сферæты кой скодтам, уыдоны, Хуссар Ирыстон æмæ ацы паддзахадты ‘хсæн ахастытæ?

— Зындгонд куыд у, афтæмæй, Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уæдæй райдыдта Хуссар Ирыстоны дунейы банымайыны процесс. Уæрæсейæ дарддæр ма Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадтой Никарагуа, Венесуэлæ, Науру æмæ Тувалу, кæцытимæ рæзын кæнæм æхсæнпаддзахадон æмахастытæ. Кæрæдзиимæ æмкуысткæнынад, базарадон-экономикон, культурон бастдзинæдты фарстытыл кусгæйæ, нæ паддзахахадты ‘хсæн дарддæр дæр партнерон ахастытæ, æнæмæнг, арфдæр кæнын кæй хъæуы, ууыл мах уынаффæ кæнæм æмæ кæрæдзи æмбарæм. Æввахсдæр рæстæджы мах фæнд кæнæм Никарагуамæ «Симд»-ы ансамбль гастролты арвитын. Æрæджы РХИ Президент йæ къух æрфыста Тыбылты Даниел Израилы фырты Боливараг Республикæ Венесуэлайы Республикæйы Хуссар Ирыстоны Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй снысан кæныны тыххæй.

— РЦИ-Аланийы ацы бонты байгом РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады консулон хайад. Цахæм нысæнттæ æмæ хæстæ æххæст кæндзæнис Фæсарæйнаг хъуыддæгты ацы дæлхай?

— Уæрæсейы Федерацийы территорийыл, растдæр та - горæт Владикавказы (РЦИ-Алани) Хуссар Ирыстоны консулон уагдон бакæныны тыххæй фарст боны фæткы лæууыдис, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн паддзахадон ахастытæ арæзт куы ‘рцыдысты, уæдæй фæстæмæ. Республикæйæн æдте, растдæр та - Цæгат Ирыстоны æдзух кæй цæрынц, кæнæ рæстæгмæ кæй сты Хуссар Ирыстоны бирæ æмбæстæгтæ, уый хынцгæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы къухдариуæгады адресыл Хуссар Ирыстоны хицауады куырдиат, Владикавказы консулон агентад бакæныны тыххæй, сæйраджыдæр уыдис уый тыххæй, цæмæй не мбæстæгтæ ахадæндæрæй ифтонг цæуой консулон лæгæдтæй.
Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй Республикæйæн æдтæ чи сты, уыдонæн тагъд сæ бон уыдзæнис, сæ проблемæты фæдыл Консулон агентадмæ бахатын документтæ легализации кæныны тыххæй, нотариалон фарстыты фæдыл, сæ æмбæстагдзинад сын чи бæлвырд кæны, ахæм рæстæгмæ документтæ райсынмæ, Республикæмæ бацæуыны (раздæхыны) бар чи дæтты, ахæм документ райсынæн æмæ æндæр фарстаты тыххæй.

— Æддагон политикæйы сферæйы цахæм плантыл кусдзыстут 2013 азы?

— Нæ æддагонполитикон архайды бындурон фæдæздæхт, сæйраджыдæр, арæзт уыдзæнис Республикæ Хуссар Ирыстонæн дунеон æмæхсæнады аккаг, æмбар бынат сифтонг кæнынмæ, цас гæнæн ис, уымæй уæрæхдæрæй рæзын кæндзыстæм нæ ахастытæ дунейы æппæт бæстæтимæ, фидар æмæ рæзын кæндзыстæм дарддæр дæр РХИ æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн кæрæдзийæн пайда чи у, уыцы æмкуысткæнынад. Кусдзыстæм æмбæлон æддагон фактортæ аразыныл, цæмæй рæза политикон, экономикон, духовон æмæ интеллектуалон потенциал, хъахъхъæд цæуой Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинад. Дарддæр кæндзыстæм куыст, цæмæй РХИ хæдбардзинад банымайой ноджы фылдæр бæстæтæ, уый та æнæмæнг хъæуы суверенитет хъахъхъæныыны кæройнаг гарантийæн æмæ Республикæйы социалон-экономикон рæзт сифтонг кæнынæн. Дарддæр кæндзыстæм Хуссар Ирыстоны позитивон имиджы сæраппонд куыст, цæмæй ивд æрцæуа Ныгуылæны цы стереотип сæвзæрдис, уый, кæцымæ гæсгæ Хуссар Ирыстонмæ кастæуы, куыд Уæрæсе кæй соккупаци кодта, ахæм территоримæ, кусдзыстæм, цæмæй дуне базона Хуссар Ирыстон у, нациты хи бæрæг кæныны барады бындурыл чи сæвзæрдис, ахæм цæрдхъом паддзахад кæй у, уый.