Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давиды интервью Информацион агентад «Рес»-æн

- 8 августы Хуссар Ирыстон нысан кæндзæнис Гуырдзыстоны агрессийы райдианы фондз азы бæрæгбон. Уыцы фондз азыл цæст ахæсгæйæ, гæнæн ис æмæ зæгъæм, хæстæй фервæзынæн гæнæн уыдис зæгъгæ?


— 2008 азы августы Гуырдзыстон радон хатт æрбабырста Хуссар Ирыстоны территоримæ. Ацы æрбабырст нæ нырыккон историйы уыдис иууыл дæрæнгæнæндæр æмæ тугкалæндæртæй сæ иу. Фæлæ æз цæхгæрæй рæзы нæ дан ахæм формулировкæйыл, зæгъгæ, ацы бонты мах нысан кæнæмгуырдзиаг агрессийы райдианы фондз азы – гуырдзиаг агрессийы нырыккон истори райдыдта 1989 азæй. Махæн нæй йæ ферох кæныны бар. Растдæр уæд райдыдта «Гуырдзыстон – гуырдзиæгтæн»-ы политикæ, кæцы дарддæр кæны абоны онг дæр, кæд гуырдзиаг къухдариуæгады адæймæгтæ кæрæдзийы фæдыл ивд цыдысты, уæддæр. Растдæр уæд райдыдта нæ адæмы тох хæдбардзинады сæрыл, хæдбардзинад, фыццаджыдæр, та Гуырдзыстонæй. Махæн бар нæй æмæ ферох кæнæм зары фæндагыл куыд фехстой лигъдæтты, ирæтты удгасæй куыд ныгæдтой гуырдзиаг хъæу Ереды, цахæм фыдмитæ кодтой адæмæн…

Хæст цæмæй ма уыдаит, уымæн гæнæн уыдис æви нæ, уымæй бафæрсын хъæуы гуырдзыстоны къухдариуæгады. Хæст райдайынæн æппæт разæууæлтæ дæр арæзта Гуырдзыстон – уый ницæмæ дардта, уыцы рæстæджы чи уæвынад кодта, уыцы бадзырдтыты форматы, ницæмæ дардта уæд ам чи уыдысты, уыцы фидауынгæнæг тыхты дæр. Растæр Гуырдзыстон бабырста сабыр цæрджытæм, фидауынгæнджытæм. Уыцы хъуыддаг абон зоны дунеон æмæхсæнад, уыцы факттыл сæттынц гуырдзиаг политиктæй дæр бирæтæ. Афтæ æмæ ацы фарст фыццаг рады радтын хъæуы Гуырдзыстоны къухдариуæгадмæ.

- Фæстаг рæстæджы официалон Тбилисы ‘рдыгæй хъуысынц хъусынгæнинæгтæ, зæгъгæ, 2008 азы августы агрессийы тыххæй бæрндзинад хæссы Гуырдзыстоны президент Михаил Саакашвили æмæ хъуысынц хъуыддæгтæ «сыгъдæг сыф»-æй цæмæй райдыдæуа, ахæм сидтытæ дæр…

— Гуырдзиаг хицауады кæд ивындзинæдтæ æрцыдис, уæддæр дарддæр кæнынц, раздæры минæвæрттæн характерон чи уыдис, уыцы риторикæ. Саакашвилийы 2003 азы Хуссар Ирыстонмæ ахасты æмæ ныры хицауады риторикæ кæрæдзийыл куы абарæм, уæд сæ фембæлæн ис, суанг, иугъуызон фæндæттыл дæр. Суанг сæхи нæ фæлмæцын кæнынц дзырдтæн сæ бынæттæ уæддæр фæивыны тыххæй дæр. Гуырдзыстон «фæивта» хъуыддагмæ йæ балæудтытæ, фæлæ йæ нысан у æнæивгæ – басæтта Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы. Æмæ мах ницы ныфс ис, Хуссар Ирыстоны цæрджытæм æмбæлон ахаст дарой, суанг уымæй дæр. 20 азы дæргъы нæ суверенитет куыд хъахъхъæдтам, афтæ кæндзыстæм нырæй фæстæмæ дæр, уымæн æмæ нæ адæмы фæрвæзт ууыл баст у.

Уыдон сæ нысæнттæ æмæ хæстæ кæй фæивтой, уый бæлвырд у æхсæндунеон Женевæйы дискусстæй дæр, кæцыран æмбар бындурыл æмбæлынц Уæрæсейы, Хуссар Ирыстоны, Абхазы, Гуырдзыстоны, афтæ ма ЕЦ, УВКБ, БНО, ЕЦÆО æмæ АИШ минæвæрттæ. Гуырдзыстоны къухдариуæгад архайы, цæмæй ацы факт мацæмæ ‘рдара æмæ ацы дискусситы хоны алыгъуызон нæмттæй: куыд Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн бадзырдтæ. Фæлæ æцæгæй та ацы дискусситы бындуры æвæрд ис, фондз азы размæ къухтæ фыст кæуыл æрцыдысты – Медведев-Саркозийы уыцы фидыд. Уым бæлвырдæй дзырдæуы, зæгъгæ, Гуырдзыстон хъуамæ гаранти радта, Хуссар Ирыстонмæ æмæ Абхазмæ ахасты тыхæй кæй не спайда кæндзæнис, уый тыххæй. Уым иттæг хорз æмбæрстгонд у уый æмæ уыдис Гуырдзыстоны хæст Хуссар Ирыстоны ныхмæ, æндæр ницахæм хæст нæ уыдис. Тбилис ма ныр дæр хъавы, цæмæй дунеон æмæхсæнадæн бауырнын кæна, зæгъгæ,хæсты амæттаг ссис Гуырдзыстон, фæлæ факттæ та иннæрдæм дзурынц – Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ агресси сарæзта растдæр Гуырдзыстон.

- Дæ цæстæнгасмæ гæсгæ ма Гуырдзыстонимæ перспективæтæ ис исты ахастытæ сæндидзын кæнынæн?

— Гуырдзыстонимæ нын гæнæн ис æмæ уа исты ахастытæ æрмæстдæр уый фæстæ, кæд æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ йæ къухдариуæгады архайдтытæн скæна политикон-барадон аргъ, радта æдасдзинады гаранти, бафида, нæ Республикæйæн нын цы зиан ракодта, уый аргъ, басæтта, Хуссар Ирыстоны ныхмæ цыдæриддæр фыдракæндтæ сарæзта, уыцы нымæцы паддзахадон терроризмы политикæйы дæр, кæцыты фæстиуæгæн мард фесты дæсгай адæймæгтæ æмæ фæсахъат сты сæдæгæйттæ. Уым аххосджын чи уыдысты, уыдон аккаг æфхæрд куы баййафой, уæд гæнæн уыдзæнис æппæт иннæ темæтыл дæр ныхас кæнынæн.

- Цахæм аргъ кæныс Хуссар Ирыстон фондз азы дæргъы нымадгонд статусы кæй уæвынад кæны, уыцы фæстиуджытæн? Гуырдзыстоны ‘рдыгæй арæх райхъуысынц ахæм хъуыдытæ, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон нымад куы ‘рцыдис, уæд уыимæ фесæфта йæ хæдбардзинад.

— Гуырдзыстоны ‘рдыгæй фарс цæмæфæбæллы, уый радæтты куыд æцæгдзинад, афтæ. Адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма, Гуырдзыстон реалондзинад ницæмæ даргæйæ, цæры æрымысæккаг дунейы. Уыдон адекватонæй куы æсаргъ кодтаиккой ситуацийæн, уæд гуырдзыстойнаг къухдариуæгад, цахæмфæнды уардигъуыз кæсæнцæстытæй дæр ма кастаит, уæддæр йæ бон бауыдаит, цæмæй федтаит Хуссар Ирыстон ныр 20 азæй фылдæр кæй рæзы, куыд суверенон паддзахад, афтæ. Æмæ уыцы суверенитет у Хуссар Ирыстоны адæмы. Гуырдзыстонæй дарддæр нын нæ суверенитетмæ ничи лæбурдта, мах уый хъахъхъæнæм, нæ паддзахад цас уæвынад кæны, уыййас рæстæджы дæргъы. Куыд суверенон паддзахад, афтæ мах нæ ахастытæ рæзын кæнæмнæ хæлар паддзахадтимæ. Сæрмагонд ахастытæ нын сырæзтысты Уæрæсейы Федерациимæ, кæцы райста Хусар Ирыстоны адæмы тыххæй хъысмæтскъуыддзаггæнæгуынаффæ. УФ æмæ РХИ сарæзтой тынг бирæ фидыдтæ. Уыдон бындурыл махмæ, зæгъæм, хъахъхъæд цæуыпаддзахадон арæн, ифтонг цæуы æттагон тæссагдзинадæй бахъахъхъæныны хъуыддаг, кæцытæй æнхъæлмæкæсæн ис Гуырдзыстонæй.

Æхсæнадон ахастытæ фидар кæныны процесстæ цæуынц, нæ хæдбардзинад нын чи банымадта, уыцы бæстæтимæ дæр.

- Ды куыд хъуыды кæныс, Хуссар Ирыстон гæнæн ис æмæ æнхъæлмæ кæса Гуырдзыстон, тыхæй ма спайда кæныны фæдыл йæ хæсджын чи кæна, ахæм документыл йæ къух кæй æрфысдзæнис, уымæ. Æмæ кæд документыл къух æрфыст уæддæр не ‘рцæуа, уæд дзурæн ис Гуырдзыстон кæй нæ ныууаддзæнис йæ «территориалон æнæхъæндзинады» фарст тыхæй аскъуыддзаг кæнынмæ бафæлвæрд?

— Хуссар Ирыстон исы æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй документыл къухфыст æрцæуа. Фæлæ Гуырдзыстон ницæмæ дары Женевæйы дискусситы фæзуаты йын кæй амонынц, æппæт уыцы конструктивон инициативæтæ. Уыдон архайынц формулировкæтæ фæивыныл, сæхи цæстæй цы факттæ уынынц, уыдон ницæмæ даргæйæ. Ахæм документыл къух фыст куы нæ ‘рцæуа, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы серьезонæй гæнæн нæй æмæ дзырд цæуа кæрæдзийыл æууæндыны æмæ паддзахадон ахастыты тыххæй дæр. Æхсæнадæмон практикæйы ис, æнæмæнг æххæсткæнинаг чи сты, ахæм бæлвырд нормæтæ. Гуырдзыстоны дзыхæйдзургæ хъуысынгæнинæгтæ, иувæрсыг парламентон резолюцитæ, гæнæн ис æмæ уой æрмæстдæр æхсæнкъахдзæф, æххæст аргъ кæмæн ис, ахæм дывæрсыг документыл къухтæ æрфыссынмæ къахдзæф, кæцы гаранти дæтта Хуссар Ирыстоны ныхмæ тыхæй ма спайда кæнынæн. Мах иу æмæ дыууæ хаты, мыййаг, нæ уыдыстæм æвдисæн уымæн æмæ Гуырдзыстон кæй фехалы йæ иувæрсыг хъуысынгæнинæгтæ, йæхи сæрмагонд закъæттæ. Гарантитæ лæвæрд хъуамæ ‘рцæуа Хуссар Ирыстонæн, фæлæ уыцы гарантиты тыххæй Гуырдзыстон бæрндзинад хъуамæ хæсса канд нæ адæмы раз нæ,фæлæ ма дунеон æмæхсæнады раз дæр.