Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

РХИ Гуырдзыстоны хотыхджын агресситыл фондз азы сæххæсты охыл

22 азы дæргъы Хуссар Ирыстон уæвынад кæны куыд хæдбар паддзахад, афтæ. Ацы рæстæджы дæргъы Хуссар Ирыстоны адæм баййæфтой Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æртæ тугкалæн хæсты. Гуырдзиаг абырæгон къордтæ æмæ регулярон æфсад зæххы ‘мвæд скодтой дæсгай ирон хъæуты, фæдфæбылонæй ирон цæрджытæм ахасты æххæст кодтой геноциды акттæ канд Хуссар Ирыстоны территорийыл нæ фæлæ ма Гуырдзыстонæн йæхи мидæг дæр.


Фондз азы рацыдис Пекины Олимпион хъæзтытæ куы байгом сты, уæдæй фæстæмæ, гуырдзыстоны лидер М. Саакашвили Гуырдзыстоны телеуынынады куы раныхас кодта æмæ куы дзырдта, зæгъгæ, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй никуы спайда кæндзæнис. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, Гуырдзыстон йæ хæстон хъомысады машинæйы æппæт тыхтæй дæр бабырста Хуссар Ирыстонмæ.

Хуссар Ирыстонмæ йæ гадзрахатæй бабырстой Гуырдзыстон канд æхсæнадæмон бындурон бартæ нæ ныссæста йæ къæхты бын, фæлæ ма фенын кодта цивилизацигонд æхсæнады нормæтæ дæр кæй ницæмæ дары, уый дæр.

Фынæй чи кодта, Цхинвалы уыцы цæрæн кварталтыл æмæ хъæутыл артиллерион æхсты æмæ сыл бомбæтæ калыны тымыгъы арт. Цыбыр рæстæгмæ мард фесты сæдæгай сабыр, бынтондæр аххосджын чи нæ уыдысты, уыцы адæймæгтæ. Мингай адæймæгтæ баззадысты æнæбалæууæндæттæй, афтид абадтысты цæрæнбонтæм кæуыл фæфыдæбон кодтой, сæ уыцы мулкæй. Гуырдзыйы танктæ æмæ артиллери лигъдæтты комкоммæ æхстой сæ машинæтæм, æхстой æхсæнадон агъуыстыты æмæ цæрæн хæдзæртты. Хуссар Ирыстоны ацы хъаймæтæй стыр фæразондзинад æмæ хъæбатырдзинадæмæ дзы Уæрæсе йæхи афоныл кæй фæхæццæ кодта, уый.

2008 азы августы Гуырдзыстоны фидауынмæ куы ‘ркодтой, уæд сæ президент йæ къух æрфыста Медведев-Саркозийы Æрбæстонгæнæг планыл. Фæлæ Гуырдзыстон уæддæр нæ сæххæст кодта, йæхимæ цы хæстæ райста, уыдон. Гуырдзыстоны ‘рдыгæй фарс фæдфæдылон æгъдауæй къуылымпы кæны Женевайы дискусситы куыст æмæ йæхи тылиф кæны Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй кæй нал спайда кæндзæнис, юридикон æгъдауæй йæ афтæ чи хæсджын кæна, уыцы документыл йæ къух æрфыссынæй. Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазмæ ахастыты йæ агрессийы дарддæр дæр хоны Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны хæст.

Афтæмæй та Тальявинийы къамисы доклад, кæцыйы лæмбынæгæй ахуыргонд æрцыдысты 2008 азы цаутæ, цæстуынгæйæ комкоммæдæр æвдисы 2008 азы августы растдæр Гуырдзыстон кæй райдыдта хæст Хуссар Ирыстонимæ. Хуссар Ирыстоны бахъуыдис йæ бахъахъхъæныны сæраппонд йæ бартæй спайда кæнын æмæ æххуысмæ бахатыдис Уæрæсейы Федерацимæ, кæцы йын 1992 азы Сочайы сабырадон сразыдзинæдты уыдис гарант. Иттæг вазыгджын уавæрты Уæрæсейы къухдариуæгад уынаффæ райста Гуырдзыстоны сабырдзинад æркæныны тыххæй архайдтыты райдианмæ. Уый та сарæзта, канд дунеон хæсджындзинады тыххæй нæ, фæлæ ма бæрзонд этикон принциптæм гæсгæ дæр. Гуырдзыстоны ног агрессийæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы паддзахадон æдасдзинад сифтонг кæныны уый уыдис иунæг раст къахдзæф æмæ банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

Гуырдзыстоны ног хицауад фæдфæдылон æгъдауæй аххосджын кæнынц сæ размæйы хицауады, зæгъгæ дам, сæрмагондæй М. Саакашвили у аххосджын цы ‘рцыдис, уый тыххæй. Афтæмæй фæхъавынц сæхи хуыздæрæй равдисыныл. Фæлæ Гуырдзыстоны ног хицауады курс йæ размæйы политикты курсæй бирæ ницы фæхицæн кæны. Тбилисы раздæрау ныр дæр нæ фæнды, цæмæй бамбарой ног сæвзæргæ реалиты. Ныгуылæны уазал хæстæй баззайæццаг хъуыддæгтæй пайда кæнгæйæ, йæхи æвæры Уæрæсейы мификон хæсты амæттаджы бынаты. Ногæй æмæ ногæй йæхи бакæнынмæ хъавы Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы зæххыты. Тбилисаг манипуляторты политикæ цахæмфæнды арæхстджын ма уой, уæддæр уый у, адæмты интерестæ нæ хынцгæйæ, уавæр ноджыдæр цырынгæнæн фæндаг.

Гуырдзыстон хъуамæ ныууадза дунеон æмæхсæнады фæсайынмæ бахъавдтытæ, фактты интерпретаци æмæ зыгъуыммæ кæнгæйæ, йæ къух æрфысса æмæ æрæвнала Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркаци кæнынмæ. Уый фадат радтит арæнгæрон территориты æндыгъдад сисын æмæ фæндаг байгом кæнит дыууæ бæстæйы ‘хсæн кæрæдзийыл æууæндындзинадæн.

Хуссар Ирыстоны хорз зонынц сабырад æмæ æдасдзинады аргъ, уымæ гæсгæ тырны регионы бæстæты æмархайд æмæ æмкуыст кæныны фидар кæныныл, æдасдзинад æмæ дунеон организацитимæ æмкуысткæнынадмæ. Хуссар Ирыстон зæгъы кæй у бындурæвæрды принципты æмæ дунеон барады нормæты фарс, æргомдзинад æмæ дунеон æмæхсæнады æппæт уæнгтимæ æмкуысткæнынад æмæ диалогмæ.


Цхинвал, 2013 азы 8 август