Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, ууыл фодз азы кæй сæххæст уый фæдыл

Дæсгай азты дæргъы Гуырдзыстон тырныдта Хуссар Ирыстоны зæххыл йе ‘лдариуæгад æрфидар кæнынмæ, уый тыххæй пайда кодта националон дæлдзиныгады æппæт амæлттæй дæр, этникон асыгъдæгдзинад æмæ ма сæм комкоммæ геноцид дæр бафтаугæйæ. Хуссар Ирыстоны адæмæн уымæй фервæзынæн уыдис иунæг-иу гæнæн сæхи сæрмагонд суверенон паддзахад саразын, цæмæй цардаиккой, адæймагæн аккаг чи у, ахæм цардæй, сæрибар уыдаиккой Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æппынæдзух хæстон бахъавдтытæй.


ССР Цæдисы фехалыны фæстæ Гуырдзыстон хæст самадта Хуссар Ирыстоны ныхмæ, цæмæй бахъыгдардтаит, хи сбæлвырд кæныны тыххæй уæды рæстæджы цы закъонон бартæ уыдис лæвæрд, уыдон сæххæсткæныны хъуыддаг. Мингай фæмардуæвджытæ, дæсгай мин лигъдонтæ, сæ мулк кæмæн фæхастой æмæ кæй басыгътой дæсгай ахæм цæрæн пункттæ – ахæм уыдис гуырдзиаг æфсады архайды фæстиуæг.

Тугкалд æруромын къухты бафтыдис, Уæрæсе дзы йæхи куы фæхæццæ кодта æмæ 1992 азы Сочийы фидыдыл къухтæ фыст куы ‘рцыдысты хæстон архайдтытæ æруромын тыххæй, уый фæстæ. Сочийы фидыдмæ гæсгæ Уæрæсе дыууæ фарсы ‘хсæн æххæст кодта æхсæны лæджы роль, арæзт æрцыдис кæрæдзийыл æмбæлыны хаххы дыууæ фарсы дæр димилитаризацигонд зона. Хъаугъайы зонамæ баконд æрцыдысты уæрæсейаг фидауынгæнджытæ. Арæзт æрцыдис кæрæдзиимæ бадзурыны механизм Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы хайадистæй.

Фæлæ Гуырдзыстон йæ химæрайсгæ хæстæ намысджынæй æххæст кæныны фæлтау равзæрста æндæр фæндаг: Сочийы фидыдмæ гæсгæ химæрайсгæхæстæ фæдфæдылон æгъдауæй не ‘ххæст кæнын, бадзырдты къухтыбафтгæ æнтыстытæ ницæмæ дарын, политикон æмæ æфсæддон провокацитæ, фидауынгæнджытæм бабырстытæ, бадзырдты процесстæ халын. 2004 азы Гуырдзыстон ногæй бафæлвæрдта Хуссар Ирыстонмæ ногæй æрбабырсыныл.

2008 азы августы БНО Устав æмæ дунеон фидыды химæрайсгæ хæстæ фехалгæйæ, Гуырдзыстон хæст райдыдта Хуссар Ирыстоны ныхмæ, кæцыйы нысан уыдис, йæ цæрджыты йын скунæг кæныны амалæй йын йæ территори аннекси скæнын. Хуссар Ирыстоны территорийы бирæ сахатты дæргъы æхстой æмæ йыл уагътой сармадзалты æмæ ракетаты цæхæр, бомбаты йыл калдтой уæлдæфæй æмæ йын ракодтой уæззау зиæнттæ, ныппырх æй кодтой. Цыбыр æмгъуыдмæ дзы мард фесты сæдæгай адæймæгтæ. Гуырдзиаг æфсад куыдфæндыйæ мардтой уæрæсейаг фидауынгæнджыты æмæ сабыр цæрджыты, уыцы нымæцы устыты, сывæллæтты, зæрæдты. Хæст банцайыны фæстæ, æмæ уымæн та фадат фæцис, Уæрæсе дзы йæхи кæй фæхæццæ кодта æмæ Гуырдзыстоны фидыдмæ кæй æркодта, уый фæрцы, Уæрæсейы Федерацийы Президент йæ къух æрфыста Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй Указыл.

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй уынаффæйы фарс Уæрæсейы адæм иулдæр. Сæ фæндондзинад амынд уыдис Уæрæсейы субъекты закъондæттынадон хицауады закъæтты, уыдис ын ахæм мотиваци, цæмæй кæрон счындæуыдаит Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны ирон адæммæ ахасты фæдфæдылон бабырстытæн, этникон асыгъдæг кæнынæн кæрон æрцыдаит.

Хуссар Ирыстоны дыууæ референдумы – 1992 æмæ 2006 азты фæндондзинад, БНО Уставы уагæвæрдтæ æхсæнадæмон барады тыххæй 1970 азы Деклараци, кæцы хауы паддзахадты ‘хсæн хæлар ахастытæм, Хельсинкийы 1975 азы ЕЦÆЦ кæронбæттæн акт æмæ дунеон æндæр бындуриуæгæнæг документтæ систы, Уæрæсе Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уымæн æнæлаз дунеон барадон бындур.

Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый ссис канд адæймаджы бартæ æмæ сæрибардзинад хъахъхъæныны хъуыддаджы бындурон принциптæ бахъахъхъæныны фæстиуæг нæ, фæлæ ма ахæм акт, кæцы бæлвырд кæны дунеон барады бындуриуæггæнæг хæдбардзинады принциптæй сæ иу, афтæ. Растдæр ацы аспект у дунеон барады æмæ дунеон ахастыты æппæт системæйы сæйраг бындур, кæцыйæн фæдфæдылонæй сгæрстæуы йæ фидардзинад.

Абон Хуссар Ирыстон у, фидар демократон традицитæ кæмæн ис, ахæм паддзахад, кæцытæ дзуапп дæттынц æппæтадæймагадон иумиаграйстгонд нормæтæн æмæ принциптæн.

Республикæйы хæдбардзинад расидыны фæстæ уагъд æрцыдысты цыппар æппæтадæмон референдумтæ, цыппар хаты комкоммæ хъæлæсæппæрстæй æвзæрст цыдис бæстæйы президент, фондз хаты уагъд æрцыдысты Парламенты депутаты æвзæрстытæ. Республикæйы хæдбардзинад банымадтой Уæрæсе, Никарагуа, Венесуэла, Науру æмæ Тувалу. Республикæ æндидзын кæны, хæст кæй ныппырх кодта, уыцы адæмон хæдзарад, цæуы социалон-экономикон рæзты комплексон планы реализаци. Хуссар Ирыстоны адæм баисты, дыууын азы дæргъы йын чи нæ уыдис, уыцы сабырдзинады хицау æмæ æууæнды йæ фидæныл.

Хуссар Ирыстон тырны дунеон æмæхсæнады æппæт паддзахадтимæ дæр хæларадон ахастытæ аразынмæ, архайы, цæмæй сабырад æмæ стабилондзинад сфидар уа Кавказы регионы æмæ æгас дунейы. Ис фидар уырнындзинад æмæ рæстæг куыд цæуа, афтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны банымайыны афтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны банымайыны прцесс дæр кæй раздзæнис æмæ аккаг бынат кæй æрцахсдзæнис æндæр нациты ‘хсæн, фæлæ ирон адæм кæддæриддæр мысдзæнис, мæлæтæй йын тæссаг куы уыдис, уыцы рæстæджы йæм йæ къух чи фæдаргъ кодта, йæ фыдæлты бирæфыдæбæттæ бавзарæг зæхмæ йын сабырдзинад чи ‘рхаста æмæ йын йæ паддзахадон хæдбардзинад фыццаг чи банымадта, уый.


Цхинвал, 2013 азы 26 август