Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

НАТО, АИШ æмæ европæйаг структурæтæ уыцы иу рæстæджы цы хъусынгæнинаг апарахат кодтой, уым сагъæсгæнгæ хъуысы, хуссарирыстойнаг хицауад паддзахадон арæн кæй бæстон кæны, афтæ ма Уæрæсемæ Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны уынаффæмæ ногæй æркæсыны тыххæй сидт æнæмæнгдæр арæзт æрцыдис, гуырдзиаг аудитори цæмæ æнхъæлмæ кастис, ахæмæй.


Гуырдзыстон йе спонсорты хорæн арæхстджын дирижер уæвгæйæ, радон хатт бахъавдзæнис, цæмæй Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы фæаххосджын кæна, йæ «территориалон æнæхъæндзинад» хæлд кæй æрцыдис, уымæй, æмæ йæ сразы кæна, цæмæй йæ уынаффæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы банымайыны тыххæй аива.

Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинадмæ нæдæр Хуссар Ирыстонæн æмæ, уæлдайдæр та Уæрæсейæн, ницахæм ахаст ис æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны дунеон банымад та у, фæстæмæ раздахæн кæмæн нал ис, ахæм факт. Дисы æфтауы ахæм хъуыддаг æмæ бæрзонд ранджы ныгуылæйнаг политиктæ бынтондæр кæй нæ сæттынц, ацы фарстайы ратæдзæн æмæ хъуыды бамбарыныл, æмæ барæй кæй парахат кæнынц дунеон барадон æмæ политикон принциптæн ныхмæвæрд чи сты, ахæм ангажиргонд æнæраст хъусынгæнинæгтæ. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе æххæст кæнынц, дунеон барады нормæтæ æмæ принциптæн ныхмæвæрд чи нæу, уыцы æндæр æмæ æндæр къабæзты фæлгæтты.

Гуырдзыйы ‘рдыгæй фарс, ситуаци дестабилизаци кæныныл архайгæйæ, Хуссар Ирыстоныл бандавынмæ тырнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны режим халгæйæ, регуляронæй æххæст кæны провокацитæ. Ахæм архайдтытæ, æмбæстæгты цард æмæ æнæниздзинадæн тæссагдзинад чи ‘взæрын кæны, уыдонæн нæй гæнæн æмæ сæ мацæмæ дардæуа. Паддзахадон арæны арæзтад æруромынмæ сидтытæ сты дзæнгæда цæгъдын, уымæн æмæ æмбæстæгты æдасдзинад бахъахъхъæнын паддзахадæй домы йæ арæнтæ йын бахъахъхъæнын. Арæны арæзтад æххæст цæуы æрмæстдæр Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æмæ æвнæлд нæ цæуы æмарæн паддзахады территоримæ.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хъусын кæны, зæгъгæ, арæнгæрон зонæйы гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй уавæр барæй карзгонд кæй цæуы, уый радон хатт кæны регионы ситуацийы дестабилизацимæ æмæ куыд гуырдзиаг политиктæн, афтæ сæ партнертæн дæр хъуамæ разына ахæм хъару, цæмæй сæхи хæрзиуæгæн дæр æмæ гуырдзиаг адæмы хæрзиуæгæн дæр бамбарой, 2008 азы августы фæстæ, Хуссар Кавказы цы реалондзинад ис, уый.

Хуссар Ирыстон, йæхи ‘рдыгæй фарс, ногæй зæгъы иумиагадæмон æргъадтæн, дунеон барадон нормæтæн æмæ принциптæн кæй аргъ кæны æмæ цæттæ кæй у регионы сабырад, æдасдзинад æмæ æмкуыстад фидар кæнынмæ чи тырны æппæт уыцы бæстæтимæ æмгуысткæнынадмæ.


Цхинвал, 2013 азы 5 октябрь