Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

1_8.jpg

2013 азы 2 октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Венесуэлæйы Боливарианаг Республикæйы Минæварады уынаффæгæнæг Марко Хиль Касановайы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Венесуэлæйы Боливарианаг Республикæйы Минæварады Фыццаг секретарь Мария Габриела Руисы.


Хæларадон уавæрты чи ацыдис, уыцы цымыдисон фембæлды дывæрсыг ахастыты дарддæры рæзты фарстаты фæдыл сразы сты кæрæдзи хъуыдытимæ, бафидар кодтой сæ фæндондзинад социалон-экономикон æмæ культурон къабæзты практикон æмгуыстады дывæрсыг формæтæ дарддæр рæзын кæнын æмæ хуыздæр кæныны хъуыддагыл.


Цхинвал, 2013 азы 2 октябрь