Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Уэльсы НАТО-йы саммиты фæдыл

4-5 сентябры Уэльсы уагъд чи цыдис, НАТО-йы уыцы саммиты Гуырдзыстон райста «Фæтыхджындæр кæнынады» уæзгæ пакет, кæцы, кæд Альянсы уæнгдзинад нæ нысан кæны, уæддæр уæрæхдæр кæны Гуырдзыстоны гæнæнтæ фæдæсгæрсты зонæнтæм баирвæзынмæ, хæстон архайдтыты хайадисынмæ æмæ хъахъхъæнынады сферæйы æмкуысткæнынад фæтыхджындæр кæныны хъуыддаджы. Уымæй дарддæр ма Иугонд Штаттæ сæ хъахъхъæнынады министр Чак Хейгелы дзыхæй 7 сентябры Тбилисы йæ гуырдзиаг коллегæимæ фембæлды рæстæджы Уæрæсемæ æрсидтис, цæмæй Гуырдзыстоны арæнæй акæла йæ гарзджын тыхты.


РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ахæм хъусынгæнинæгтæ æвзæрын кæнынц бæрæг катайдзинад, уымæн æмæ, рогæй йæ зæгъгæйæ, Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгады æнæхæларадон амбициты ахастытæм гæсгæ ахъуыдыгæнæн ис афтæ, æмæ та Гуырдзыстонмæ гæнæн ис, æмæ ногæй фæзына 2008 азы августы рацæугæ фæндаг сфæлхатт кæныны хъуыды. Æнæгуырысхо у ахæм хъуыддаг, æмæ НАТО æмæ АИШ, Гуырдзыстоны хотыхджын кæнгæйæ æмæ йын сæ глобалон бирæцыдон хъæзтыты фæндаг амонгæйæ, æххæст кæнынц радон хæс. Афтæмæй Гуырдзыстонæн куыд АИШ-ы марионеткæйæн сæ планты цæхгæр рæзы йæ роль æмæ кæны тæссагдæр. Куыд зыны, афтæмæй Гуырдзыстоны августы авантюрæйы хуызæн кæцыфæнды монцæн дæр йæ бон у æмæ æркæна, рагацау бæлвырд чи не сты, ахæм фæстиуджытæм. Æмæ уыдон та Кавказы бынтондæр не ‘ркæндзысты фидар сабырадмæ.

Дунеон æмæхсæнад æнæуый дæр æвзары дунеон ахастытæ аразыны вазыгджын системæйы архайды дуг, рагацау зынтæй базонæн кæмæн ис, ахæм фидæнимæ Альянсы уæнг-бæстæтæн августы агрессийæ хатдзæгтæ саразыны, Гуырдзыстоны къухдариуæгады зæрдæйы уаг снейтрализаци кæныны фæлтау æмæ æдасдæр æмæ рæстæгдæр сабырад саразыны бæсты цæхæр калынц, скъуыддзаг чи нæма у, уыцы карз проблемæтыл, аразынц ног æмæ тæссаг сидтытæ.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад радон хатт нысан кæны, зæгъгæ, уæрæсейаг æфсад регионы кæй сты, уый фæрцы дзы ис сабырад æмæ стабилондзинад æмæ уымæй æвдисы йæ фидауынгæнæг удыхъæд.

Вазыгджын критикон рæстæджы Уæрæсе афоныл райста ахæм уынаффæ, кæцыйæ Гуырдзыстонæн райсын кодта сабырад. Ныр та æрцыдис ахæм рæстæг æмæ дунеон æмæхсæнады архайын хъæуы, цæмæй ныртæккæйы сæвзæргæ реалиты фæлгæтты Гуырдзыстонæн саразын кæна хæларсыхагон ахастытæ.


Цхинвал, 2014 азы 9 сентябрь