Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Фæстаг рæсæджы Гуырдзыстоны дзыллон информацийы фæрæзтæ се ‘мыдзаг сты ирон æмæ абхазаг адæмты гуырдзиаг къухдариуæггæнджытæ цы æнæкæрон уарзтæй уарзынц, уый тыххæй хъусынгæнинæгтæй æмæ сыл, æзфæраздæронæй, бæттынц куы се ‘фсымæрдзинад, куы сын Гуырдзыстоны сконды автономи кæй ратдзысты, куы европæйаг перспективæ.


Гуырдзыстоны политикты хъусынгæнинæгтæ адæймаджы дисы æфтауынц сæ æнæхъоладзинадæй. И. Гарибашвилийы – гуырдзыйы премьер-министры ныфсæвæрд, Гуырдзыстоны сын автономи радтыны тыххæй у, уавæры реалитæ ницæмæ даргæйæ, радон утопи. Æнусы цыппæрæм хайы бæрц рацæугæ рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстон у хæдбар æмæ æхсæз азы та – нымад паддзахад, кæцы, Гарибашвили куыд зæгъы, афтæмæй йæ паддзахадзинад аразы «æцæгæлон территорийыл» нæ, фæлæ йæхи фыдæлты зæххыл æмæ Гуырдзыстонæн бирæ хуыздæр уаит ацы фактыл куы басæттит, цæмæй ма рæдийын кæной, куыд сæхи адæмы, афтæ дунеон æмæхсæнады дæр.

Хуссарирыстойнаг адæм хорз зонынц гуырдзиаг къухдариуæгады сабырадон инициативæйы аргъ, кæцытæ фæвæййынц тугкалд æмæ адæймæгты мæлæтæй. Адæймаджы зынтæй уырны уый æмæ зноны знаг йæ фыссæн сисы иу рахаххæй, зæххы уалцъарæй цы адæмы хъавыдис фесафын, æмæ уый тыххæй иунæг фæсмоны дзырд дæр йæ дзыхæй кæмæн не схаудис æнæхъæн æхсæз азы дæргъы, уый абон уыдонæн йе ‘фсымæрдзинад кæй хъары, уый. Гуырдзиаг хицауиуæгад, куыдфæнды дæр ма хъава, цæмæй йæ фыссæн сисы иу рауагъдæй ахахх кæна йæ историйæ, Хуссар Ирыстонмæ цы бабырстытæ сарæзта фæдфæдылонæй, массон æгъдауæй кæй цагъта æмæ массон æгъдауæй цы ирæттæм хъавыдис асыгъдæг кæнынмæ, афтæ ма 2008 азы августы хæст, уæддæр сын нæй рохгæнæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, æппæт бæрндзинад æнкъаргæйæ, хъусын кæны уый æмæ, цалынмæ Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ ахасты тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл йæ къух не ‘рфысса, уæдмæ се ‘хсæн дзурæн нæй цахæмфæнды ахастытыл дæр. Ацы документыл къух æрфыссыны хъуыддаг Женевайы дискусситы ныр æхсæз азы дæргъы растдæр гуырдзиаг делегаци къуылымпы кæны. Уымæй дарддæр ма Хуссар Ирыстонмæ гуырдзиаг агрессийæн хъуамæ ‘рцæуа адекватон политикон-барадон аргъ, æмæ, сæйраджыдæр та, Гуырдзыстонæн йæхи мидæг. Гуырдзыстон хъуамæ басæтта, ирон адæмæн геноцид кæй сарæзта, уыцы фактыл, банымайа Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, бафида Хуссар Ирыстонмæ агресситы рæстæджы цы материалон зиан ракодта, уый аргъ.

Æрмæстдæр ахæм уавæрты ис гæнæн сабырадон æмдзард кæнынæн. Æмæ Гуырдзыстон, бонæн йæ фæстагмæ, кæддæр хъуамæ бамбара хæларсыхагон цард пайдадæр кæй у, уый. Æмæ уæлдæр ранымадгонд къахдзæфтæ аххæст куынæ ‘рцæуой, уæд гуырдзиаг политикты дзырдтæ сты афтид æмæ ныгуылæйнаг политиктæн та – политикон хъазт.

Банысан кæнын хъæуы, æнæмæнг, уый дæр æмæ æцæгдзинад монополи кæй никæмæн у æмæ йын хи домындзинæдтæм гæсгæ кæй нæй зыгъуыммæгæнæн, уымæн æмæ йын нæй альтернативæтæ. Гæдыдзырды политикæ дзуапп нæ дæтты нырыккон дуджы домындзинæдтæн æмæ ныхмæдзыд у демократон цардарæзтады процессты рæзтæн. Афон у æмæ базындæуа стабилондзинад æмæ сабырад къухты кæй бафтдзысты æрмæстдæр кæрæдзийæн аргъ кæныны æмæ кæрæдзийы интерестæ хынцыны фæрцы.


Цхинвал, 2014 азы 28 октябрь