Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

НАТО-йы Генералон секретарь Йенс Столтенбергы хъусынгæнинаджы фæдыл

НАТО-Гуырдзыстоны къамисы рабадт ауадзыны фæстæ пресс-конференцийы НАТО-йы Генералон секретарь Йенс Столтенберг сарæзта къорд хъусынгæнинаджы, Уæрæсемæ а
Æрсидтис, цæмæй фæстæмæ асида Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинады банымад, афтæ ма катайдзинад загъта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе сæ къухтæ цы бадзырдыл æрфыссинаг сты, уый фæдыл дæр.


Иуйæ-иу ныгуылæйнаг политикты ‘рдыгæй ахæм æнæбындур æрсидтытæ хъусынц ныр æхсæз азæй фылдæры дæргъы. Зындгонд куыд у, афтæмæй иу кæнæ иннæ бæстæйы хæдбардзинад банымайын æрмæстдæр у, чи нымайы, уыцы паддзахады прерогативæ. Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмкуысткæнынад рæзы æрмæстдæр дунейон барады нормæтæ æмæ принциптæм гæсгæ æмæ йæм ницы бар дары æртыккаг фарсы фæндондзинад.

Ныгуылæны иуæй-иу политикон хъазтгæнджытæн æнцайад нæ дæтты Фæскавказы политикон процессты æндыгъдадлæмæгъдæр кæй кæны, уыцы хъуыддаг æмæ дарддæр кæнынц Тбилисы НАТО-мæ баласыны уыцы хъуыддаг, кæцыйæ архайдтой раздæр Михаил Саакашвилийы режимы рæстæджы æмæ йæ ардыдтой регионы фыдракæндон авантюратæ аразыныл, кæцытæ сæ фæдыл расайдтой 2008 азы августы цаутæ.

Алчи дæр хорз зоны уый æмæ кавказаг регион кæй ис геополитикон уавæры доминиуæгæнæджы эпицентры æмæ иууыл æххæстдæр æмæ интенсивондæр геополитикон конфронтацийы тæссагдæр зонæйы. НАТО йæ рауæрæхдæр кæныны курс кæй дарддæр кæны, уымæй хъазы зынгимæ æмæ йæ «трансформацийы» фæдфæдылонæй фылдæр кæны тыхæй спайда кæныны гæнæнуæвæг сценариты нымæц. АИШ-æн Гуырдзыстоны æнæмæнгхъæуæг у æфсæддон плацдарм æмæ сæ уый сæраппонд сæ стратегион нысæнтты фæнды национализмæй спайда кæнын Гуырдзыстонæй æнæхъола, фæстиуæг кæмæн нæй, сæ уыцы геополитикон хъæзтыты амынæт скæнын.

Гуырдзыстон НАТО-йы æфсæддон блокимæ партнерон ахастытæ афтæ зæрдиагæй кæй рæзын кæны – Гуырдзыстоны НАТО-йы æфсæддон ахуыргæнæндоны центр аразыны плантæ сты Хуссар Ирыстонмæ æмæ Абхазмæ æртхъирæнты ратæдзæнтæ, уымæн æмæ 2008 азы августы хæст уыдис хæрзрæджы, фæлæ у, ацы регионы æппæт цæрджытæ дæр сæ зæрдæты фидарæй кæй бавæрдтой, ахæм. Афтæ æмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазмæ ныртæккæйы æртхъирæнты ныхмæ хъуамæ агурой йæ ныхмæ æвæрд дзуапп. Æмæ уый та у Уæрæсейы Федерациимæ æмкуысткæнынад фидардæр кæнын.

Цæгататлантикон Альянсы минæвæрттæ, афтæ ма «Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады» сæрылхæцджытæн афон у, цæмæй бамбарой ахæм хъуыддаг æмæ Хуссар Ирыстоны адæм дунеон барады бартæм гæсгæ кæй сæххæст кодтой сæ хисбæлвырдкæныны бар. Æмæ æххæстгонд чи æрцыдис, уыцы факты фæдыл быцæу кæнын, фактон æгъдауæй, нысан кæны сабырады, æдасдзинады æмæ регионы æхсæнпаддзахадон ахастыты ныхмæ рацæуын.


Цхинвал, 2015 азы 11 февраль