Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты К.И. комментарий дзыллон информацийы фæрæзтæн РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Экспертон совет арæзт кæй æрцыдис, уый фæдыл

img_0996.jpg

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Бардзырдæй Республикæ Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыдис Экспертон совет. Советы куысты сæ бон у хайад райсой политологтæн, ахуыргæндтæн, эксперттæ-аналитиктæн æмæ æхсæнадон архайджытæн. Экспертон совет конд уыдзæнис æдзухон уæнгтæй (уыдон уыдзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ), афтæ ма конкретон рабадты теметикæмæ гæсгæ дæр Советмæ хуынд цæудзысты æндæр, уыцы нымæцы фæсарæйнаг эксперттæ дæр.


Экспертон совет саразыны хъуыды фæзындис, хъуыдытæ кæрæдзийæн радзурыны сæраппонд æдзухон фæзуаты æнæмæнгхъæуындзинадæй. Экспертон советы архайды фæлгæтты экономисттæн, ахуыргæндтæн, политологтæн уыдзæнис сæ хъуыды зæгъыны æмæ актуалон æттагон политикæйы сæ цæстæнгас æвдисыны фадат. Экспертты хъуыды гæнæн ис æмæ иттæг пайда фæуа æттагонполитикон хæстæ æххæст кæныны хъуыддагæн.

Мах эксперттæн ратдзыстæм Республикæ хуссар Ирыстоны æттагон политикæ æххæст кæныны фæдыл радон эксперттон советы конкретон мадзæлттæ бакусыны æмæ сæ хъуыдытæ зæгъыны фадат. Гæнæн ис æмæ Советы архайды фæлгæтты амынд æрцæуой æттагонполитикон хæстæ æххæст кæныны фæдыл ног фæндæгтæ.

Мах хондзыстæм, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады абоны куысты æрмæст хорздзинæдтæ чи уыны, канд уыдон нæ, фæлæ ма йын йæ цухдзинæдтæ чи уына æмæ сæ æргомæй чи критикæ кæна, ахæм экспертты дæр. Ныфс нæ ис, критикæ кæй уыдзæнис конструктивон. Гæнæн ис æмæ, растдæр ахæм критикæйы форматы, бауа нæ бон кокретон хæстæ скъуыддзаг кæнын.

Советы куысты фæлгæтты загъдгонд æппæт хъуыдытæ дæр фыст цæудзысты суагъæты, дарддæр сыл уынаффæ кæныны сæраппонд. Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ Советы куыст хорз пайда хъуамæ фæуа Республикæйы æттагонполитикон курс æххæст кæныны хъуыддагæн.


Цхинвал, 2015 азы 13 август