Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг



19 июны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Д.Н. йæхимæ райста Республикæ Дагестаны минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны М.М.Шамиловы.


Ныхасы рæстæджы дзырд цыд Хуссар Ирыстоны æмгуыстады фарстатыл Цæгат Кавказы республикæтимæ æмæ традицион чи сты, уыцы хæларадон ирон-дагестайнаг ахастыты дарддæры райрæзтыл, уыдоны æхсæн гуманитарон, культурон æмæ базарадон-экономикон бастдзинæдты рауæрæх кæныныл.

Дыууæ фарсы ма æрныхас кодтой зынгæ советон æмæ уæрæсейаг поэт, публицист æмæ æхсæнадон архайæг, Дагестаны гуырд Расул Гамзатовæн цырт сæвæрыны фарстайыл. Цхинвалы 2013 азы поэты 90 азы цытæн Расул Гамзатовы номыл цытджын æгъдауæй сквер баконд куы æрцыд, уæд фидæны цыртæн дæр дур уæд бавæрдæуыд.

Медойты Димитр бæрзонд аргъ скодта Магомед Шамиловы архайдæн Хуссар Ирыстон æмæ Дагестаны адæмты ахастытæ фидар æмæ рæзын кæныны хъуыддаджы.


Цхинвал, 2017 азы 19 июнь