Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæрсарайнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы комментарий АИШ æмæ Гуырдзыстоны президентты фембæлды фæдыл

АИШ æмæ Гуырдзыстоны президентты фембæлды рæстæджы нæм цы информаци цыдис, уымæ гæсгæ, уынаффæ цыд канд Гуырдзыстоны демократи æмæ ирддзинадыл нæ, фæлæ ма америкæйаг хæцæнгæрзтæ Гуырдзыстонмæ æрвитыны хъуыддаг сног кæныны фарстытыл дæр, кæцыты æрвитыны куыст урæд æрцыдис 2008 азы августы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы хæстон агресси сарæзта,уый фæстæ.

Хъыгагæн нæ констатаци кæнын хъæуы уый, æмæ Урс хæдзары Саакашвилийы кæй райстæуыд, уыцы факт йæхæдæг у америкæйаг хицауадæн Гуырдзыстоны цы процесстæ цæуынц, уыдонмæ йын критикон ахаст кæй нæй, ууыл дзурæг æмæ нæ æфтауынц ахæм хъуыдыйыл, АИШ æргомæй кæй хæцдзысты Гуырдзыстоны фарс цахæмфæнды хуызы, суанг ма йæ деспотон режимы фарс дæр, æмæ сæхи кæй хизынц Гуырдзыстоны къухдариуæгады æргомæй критикæ кæнынæй.

2012 азæн АИШ националон хъахъхъæнынады хæрдзты тыххæй план ист кæй æрцыдис æмæ дзы дзырд кæй цæуы Гуырдзыстонмæ хæцæнгæрзтæ æрвитыны хъуыддаг сног кæныныл, уый нæ зæрдыл даргæйæ, Урс хæдзары фембæлды æмæ ацы фарстыл уынаффæ кæнын æмæ сæххæст Саакашвилийы сразæнгард кæной ног агрессивон архайдтытæм.

Хуссар Ирыстоны хорз, зонынц бирæ азты дæргъы АШИ æмæ æндæр бæстæтæй Гуырдзыстонмæ цы хæцæнгæрзтæ æрвыстой,уый æцæгæй цы нысан кæны,уый.Ам ма хорз хъуыды кæнынц уый дæр æмæ АШИ бæрзонд бынат ахсæг минæвæрттæ кæй уырнын кæнын кодтой,зæгъгæ, Гуырдзыстонмæ цы хæцæнгæрзтæ æрвыст цæуынц,уыдонæй не спайда кæндзысты Хуссар Ирыстоны ныхмæ.2008 азы цы трагедии æрцыдис,уымæн бирæбæрцæй фадат лæвард æрцыдис ныгуылæйнаг хæцæнгæрзты фæрцы.

Æмæ ныр дæр Гуырдзыстоны хицауад АИШ æргом фарсхæцынады аххосæй йæ къух нæ фыссы Хуссар Ирыстонимæ,юридикон æгъдауæй йæ чи хæсджын кæны,тыхæй цæмæй ма спайда кæна,уыцы документыл. Афтæмæй практикон æгъдауæй саботаж кæны Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситæн.

Уымæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад цæхгæрæй ныхмæ у Гуырдзыстонмæ хæцæнгарз æрвитыны хъуыддаг сног кæныныл æмæ хъусын кæны,зæгъгæ,уымæн йæ бон у æмæ æркæна регионы уавæр ногæй дестабилизаци кæнынмæ.

Цхинвал,
2012 азы 3 февраль.