Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2016 азы 11 майы Гуырдзыстоны дыккаг хатт райдыдтой НАТО-йы уæрæхмасштабон хæстон ахуыртæ «Nobie partner-2016». Уыдоны нысан у Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æхсæн хæстон æмгуысткæнынад æмæ æмархайды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй гуырдзиаг æфсады дæлхæйтты хайадист иумæйаг хæстон операциты.


Фыццаг хатт Гуырдзыстоны территоримæ æрæппæрстæуыд америкæйаг танкæтæ æмæ фистæг æфсæддонты хæстон хæдтулгæтæ, æмæ Гуырдзыстонмæ æрцæуæг АИШ æмæ Стырбританийы хæстонты нымæц та фылдæр у хæстон ахуырты хайадисæг гуырдзиаг æфсæддон дæлхæйтты нымæцæй.

Сыхаг бæстæйы территорийыл НАТО-йы хæстон активондзинад планмæ гæсгæ дарддæр кæны, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны гарантитыл Гуырдзыстон æнæразыдзинады, йæ къухдариуæгады минæвæртты реваншистон тырнындзинтæ æмæ æбæрн раныхæсты фоныл.

Гуырдзыстонæн ахæм хуызы политикон æмæ хæстон æххуыс НАТО-йы бæстæтæ-хайадисджытæ, фыццаг рады, АИШ-ы æрдыгæй, Хуссар Ирыстоны нымайынц хæстон-политикон уавæры ног дестабилизацийы комкоммæ тæссагдзинадыл, æмæ уый та, æнæдызæрдыгæй, кæны Женевæйаг дискусситы форматы уыцы иу бадзырдон процессы фæзындæр кæнынмæ.


Цхинвал, 2016 азы 16 май