Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Хæххон-Карабахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады тæфæрфæсы тел Хуссар Ирыстоны, йæ фæдыл адæймæгты амæлæт чи расайдта, рейсон автобусы уыцы аварийы тыххæй

18 июлы ТрансКАМыл трагеди кæй æрцыдис, уый тыххæй Хæххон-Карабахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Георгий Петросян тæфæрфæсы тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæтмæ.
Телы дзырд цæуы:

«Арцахы стыр хъынцъымимæ фехъуыстой Ручъы ‘фцæгыл, йæ фæдыл бирæнымæц адæймæгты амæлæт чи, расайдта, уыцы траедийыл. Ацы трагедии уæлдай зындæр та уымæн у семæ дзы кæй фæмард сты æнæхъом сывæллæттæ дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварады тæфæрфæсы тел Хуссар Ирыстоны йæ фæдыл адæймæгты амæлæт чи расайдта, рейсон автобусы уыцы аварийы тыххæй

18 июлы ТрансКАМы, аварийы фæстиуææн трагеди кæй æрцыдис, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны чи ис Уæрæсейы Федерацийы уыцы Минæварад Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ арвыста тæфæрфæсы тел.
Телы дзырдæуы:

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг хайад райста Дунеон Тымбыл фынгы куысты

2010 азы 21 июлы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министры фыццаг хæдивæг Плиты А.С. хайад райста Мæскуыйы Дунеон Тымбыл фынджы куысты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цхуырбаты Казбулаты дзуаппытæ радиостанц «Голос России»-йы фарстатæн

Фарст: Цахæм аргъ кæныс Баиугонд Нациты Организацийы Дунеон тæрхондоны вердиктæн Косовойы статусон проблемæйы тыххæй?

Дзуапп: Баиугонд Нациты Организацийы Дунеон тæрхондоны уынаффæйæн кæд консультативон характер ис, уæддæр аразы бæрæг дунеон-барадон прецедент. Принципиалонæй ахсджиаг у уый банысан кæнын æмæ тæрхон аргъ скодта æрмæстдæр хæдбардзинад расидыны Декларацийæн.

Фарст: Гæнæн ис æмæ уыцы уынаффæйæ спайда чындæуа, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад суа дунеон банымад?

Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Минæвар Чехойты А. комментарий паддзахадон информацион агентад «Рес»-æн

Хъыгагæн, констатации кæнын ахæм факт æмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгадæн йæ бон нæ бацис, цæмæй йæхицæн хатдзæгтæ сарæзтаит 2008 азы августы трагикон цауты фæстæ.

Приднестроваг Молдоваг Республикæйы РХИ Официалон Минæварады (Посольство) Сæргълæууæджы тел Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы дыккæгæм азы охыл

Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийыл дыууæ азы кæй сæххæст æмæ йæ фæдыл Республикæйы сабыр цæрджыты бирæнымæц адæймæгты амæлæт кæй расайдта, уый охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады (Посольство) Сæргълæууæг Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Сергей Сураго тæфæрфæсы тел арвыста РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæтмæ.
Телы сæрмагондæй дзырд цæуы:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады хъусынгæнинаг Республикæ Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы дыууæ азы охыл.

2010 азы 7-8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны фыдмион агрессийыл дыууæ азы сæххæсты охыл зæрдылдарæн мадзæлттæ.

Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Фæсæрæйнаг хъуыддæгты министр Владимир Ястребчакы тел

Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы дыккæгæм азы боны охыл, йæ фæдыл Республикæйы сабыр цæрджытæй бирæнымæц адæймæгты амæлæт кæй расайдта, уый фæдыл Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Владимир Ястребчак тел æрæрвыста РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæтмæ.
Телы сæрмагондæй дзырд цæуы:

Бар мын радт, цæмæй Приднестроваг Молдоваг Республикæйы номæй æмæ сæрмагондæй мæхи номæй зæгъон фарсхæцынады æмæ æмхуызон масткæнынады ныхæстæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны хæстон агрессийы бон банысан кæныны охыл.

Европæйы цæуынц Хуссар Ирыстоны æвварсхæцæг акцитæ

Цалдæр европæйаг бæстæты сæйраг горæдты абон уагъд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны фарсхæцæг митингтæ, кæцыты сорганизаци кодтой «Æндидзынад»-ы дунеон æхсæнады ирон ассоциаци.

Акцитæ уагъд æрцыдысты Берлины, Страсбургы æмæ Брюсселы ИА «Рес»-æн фехъусын кодта адæймаджы барты фæдыл Хуссар Ирыстоны Президенты æххæсатбарджын Санахъоты Давид.

«Митинглæуджытæ æрæмбырд сты Европæйы Советы агъуысты, Еврокъамисты офисты размæ лозунгтимæ, кæцыты æвзæрыл нымадтой гуырдзиаг агресси æмæ сидтысты, гуырдзиаг ахæстæттæй ирон ахстыты ссæрибар кæнынмæ» - фехъусын кодта уый.

Венесуэлæйы Республикæ Абхазы Минæвар Зауыр Гваджавайы тæфæрфæсы тел Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы дыууæ азы бонмæйы охыл

Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийыл дыууæ азы кæй сæххæст æмæ йæ фæдыл сабырæй цæрæг бирæнымæц адæймæгты мæлæт кæй расайдта, уый охыл Венесуэлæйы Абхазы Минæвар Зауыр Гваджава тæфæрфæсы тел арвыста РХИ Фæсарææйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæтмæ.
Телы сæрмагондæй дзырдæуы:

«2008 азы августы гуырдзиаг-ирон конфликт кæй фæкарздæр, уый фæстиуæгæн фæмард сты Республикæйы сабырæй цæрæг æмбæстæгтæ, бирæтæ та дзы баззадысты æнæхæдзæрттæй.