Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М. комментарий информацион агентад «Рес»-æн Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Г. Вашадзейы хъусынгæнинаджы фæдыл

Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр йæ хъусынгæнинаджы афтæ кæй загъта, зæгъгæ, Латинаг Америкæйы бæстæты нæ нымайынц Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы, ууыл æз уадиссаг нæ бадис кодтон, уымæн æмæ уый у Гуырдзыстоны позици. Æбæртгонд у, гуырдзыстон æппæт тыхтæй дæр кæй архайы, цæмæй Хуссар Ирыстоны ма банымайай дунейы æндæр паддзахадтæ. Уый Гуырдзыстоны хицауиуæггæнджытæн у фæтк, фæлæ адæймаджы фæндгæ цы фæкæны, уый æцæгдзинадæй нæ хъæуы æвдисын. О, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæн стырдæр фадæттæ ис нæ ныхмæ кусынæн. Се ‘вварс хæцынц АИШ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментарий

Хуссар Ирыстоны хъыгагыл нымайынц ахæм факт, зæгъгæ, Тбилисы ныры онг дæр фенæн ис, ахæм методы арсеналæн, кæцытæн ис провокацион прессинг æмæ Гуырдзыстоны хицæуттæ ницахæм хатдзæгтæ кæй нæма сарæзтой 2008 азы августы трагикон цаутæй.

Гуырдзыстон хицауиуæггæнджытæ тынг цымыдис кæнынц, цæмæй дунеон организациты архайд ацы регионы зына афтæ, цыма уый символизации кæны Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинад, Хуссар Ирыстон дæр æм бафтаугæйæ, фæлæ уый у ныртæккæйы реалиты æмæ раст хъуыдыкæнынады ныхмæ.

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн зæххы хуылфы уæвæг æвæрæнты геологон æгъдауæй сахуыр кæнын æмæ сæ спайда кæныны къабазы æмгуыстады фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, дарддæр – Дыууæ Фарсы,


2008 азы 17 сентябры фыстæрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзион æххуысы тыххæй Бадзырды уагæвæрдтæй къухдариуæггæнгæйæ,

экономикон рæзтæн æрдзон ресурсты ахсджиаг нысаниуæг æмбаргæйæ, æмæ зæххы хуылфы уæвæг æвæрæнты геологон æгъдауæй сахуыр кæнын æмæ сæ спайда кæныны къабазы æмгуыстад рæзын кæнынмæ æмхуызон тырнындзинад хъусдардмæ исгæйæ,

сразы сты дæлдæруæвæгыл:

Уац 1

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М. К. Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæсарæнты се ‘мбæстæгтæй чи цæры, уыдонимæ куысты фæдыл Департаменты Директоры А. В. Чепуринимæ фембæлды тыххæй

18 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат æмæ РХИ æхсæнадон баиугæндты фæдыл РХИ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Дзугаты Къоста фембæлдысты Уæрæсеæн фæсарæнты чи цæры, уыдонимæ кусыны фæдыл Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Департаменты Директор А. В. Чепуринимæ, кæцы кусæгон визиты æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстонмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2011 азы 16 февралы уыдис фæсконфликт æрбæстон кæныны фæдыл рЕСПУБЛИКæ Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын минæвар Цоциты Б.Е. æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты М.К. фембæлд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл дискусситы æмсæрдæрттимæ фембæлд.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис, 2011 азы азы марты чи хъуамæ уа Женевæйы уыцы дискусситы радон раундмæ бацæттæ кæнын æмæ йæ ауадзыны фæдыл фарстытыл.

г. Цхинвал,
2011 азы 16 феврал

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады арфæты тел РХИ ПМР хсæн хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады фæдыл Бадзырдыл къухтæ рфыссыны 16-æм азы Боны цытæн

Республикæ Хкссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад цытдзинад зæгъы Приднестроваг МолдавагРеспспубликæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадон æмæ æрвиты иууыл рæсугъддæр æмæ зæрдæбындæр арфæтæ республикæ Хуссар ирыстоны æмæ Приднестроваг Молдоваг Ре спубликæйы хсæн хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады фæдыл къухтæ рфыссыныл 16-æм азы боны цытæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзты дыууынæм азы фæдыл

2010 азы 20 сентябры ирон адæмы историйы нысан цæуы зынгæ цауы бон – Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзты дыууынæм азы Бон.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Лигъдæтты тыххæй БНО Генералон Ассамблея цы резолюции райста, уый фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстон суанг 90-æм азты райдианæй фæстæмæ у сыхаг Гуырдзыстонимæ йæ ахастытæ сабыр æгъдауæй æрбæстон кæныны æмæ гуырдзиаг-ирон конфликты фæстиуæгæн лигъдонтæ æмæ æвæндонæй ацæуджыты проблемæтæ дунеон нормæтæм гæсгæ рæстагонæй аскъуыддзаг кæныны фарс.

Хуссар Ирыстоны рейсон автобусы аварийы фæстиуæгæн адæймæтæ кæй фæмард сты, уый фæдыл Приднестровьейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады тæфæрфæсы тел

Приднестроваг Молдоваг Республикаты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад стыр цыт кæны РеспубликæХуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн æмæ æрвиты зæрдæйы арфæй цæуæ тæфæрфæс Транскавказыавтомогистралыл цы траеди æрцыдис,уый фæдыл.

Владикавказæй Цхинвалмæ чи цыдис, уыцы автобус Ручъы хъæумæ ‘ввахс ахаудис былæй арф коммæ.

Афтокатастрофа йæ фæдыл расайдта бирæнымæц адймæты, уыдоны нымæцы сабиты мæлæт дæр. Уый у, баххæстгæнæн камæн ницæмæйуал ис, ахæм уæззау зиан, чи фæмард, уыдоны бинонтæ æмæ хиуæттæн.

Абхазы Президента тæфæрфæсы тел Хуссар Ирыстоны райсон афтобус аварийы адæймагы кæй фæмард сты, уый тыххæй

18 июлы ТрансКАМыл трагедии кæй æрцыдис, уый фæдыл Абхазы президент Серей Багапш тæфæрфæсы тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Кокойты Эдуарды адресыл.

Телы дзырд цæуы: