Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады пресс-службæйы хъуысынгæнинаг

Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы дыккаг аз банысан кæныны охыл 7-8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты фыдохы мадзæлттæ.

7 августы 23 сахат æмæ 35 минутыл Цхинвалы уагъд æрцыдис акции «Зæрдылдарæны Удгас Рухс», афтæ мА уыдис концерт-реквием, кæцыты хайад райстой музыканттæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй æмæ Мæскуыйы Рахманиновы Симфонион оркестр. Акциты хайад райста Республикæйы къухдариуæгад президент Кокойты Эдуард Джабейы фырты сæргълæудæй.

Приднестроваг Молдоваг Республикæйы РХИ Официалон Минæварады (Посольство) Сæргълæууæджы арфæйы тел Уæрæсейы Федерации Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы Боны цытæн

26 августы Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы бæрæгбонон Боны цытæн Придненстроваг Молдоваг Республикæйы РХИ Официалон Минæварады (Посольство) сæргълæууæг Сергей Сураго арфæйы тел арвыста РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Мурæтмæ.
Телы дзырд цæуы:

«Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады æмæ сæрмагондæй мæхицæй æрвитын Дæуæн иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Уæрæсейы Федерации Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы Боны цытæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, ууыл дыууæ азы сæххæсты сæраппонд 2010 азы 26 августы Хуссар Ирыстоны уагъд æрцæудзысты бæрæгбонон мадзæлттæ.

2008 азы 26 август, Республикæ Хуссар Ирыстоны, дзырд дæр ыл нæй, ссис хъысмæтскъуыддзаггæнæг нымæцы агъоммæ ирон адæмы историйы уыдис сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад райсыны сæрыл тохы дыууын азы закъонбæрцон фæстиуæг.

Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министры тел Уæрæсейы Федерации Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны Боны сæраппонд

26 августы Уæрæсейы Федерации Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы Бæрæгбоны цытæн Приднестроваг Молдоваг Респуликæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Владимир Ястребчак тел арвыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæты адресыл.
Телеграммæйы дзырдæуы:

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддагты министры тел УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрмæ Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Минæварадты ‘мвæзадыл дипломатон ахастытæ кæй сырæзтысты ууыл дыууæ азы сæххæсты сæраппонд

Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Минæварадты ‘мвæзадыл дипломатон ахастыты сырæзтыл дыууæ азы кæй сыххæст, уый фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæт тел арвыста Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ.
Телы дзырдæуы:

«2008 азы 9 сентябры Уæрæсейы Федерации Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уый фæстæ дипломатон ахæстытæ арæзт кæй æрцыдысты, уый ноджыдæр иу хатт дзурæг у Стыр Уæрæсе Хуссар Ирыстонæн цахæм стыр фарсхæцынад дæтты æмæ æххуыс кæны, ууыл.

Фехъусынгæнинаг РХИ-йы дзыллон информациты фарастæм Женевæйы дискусситы тыххæй

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл 2010 азы 15-16 декабры Женевæйы уыдис дунеон дискусситы 14-æм раунд. Куыд раздар ,афтæ та ныр дæр фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Абхазийы, Гуырдзыстоны, УФ æмæ АНШ делегацитæ БАО, Евроцæдисы æмæ ОБСЕ минæвæртты сæрдариуæгадæй. Боны фæткы фæлгæтты æдасдзинады фæдыл кусæгон къорды фыццаг бон байхъуыстой кæрæдзийы хъуыдытæм РХИ æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæнгæрон территориты уавæры тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цыхуырбаты Казбулаты дзуаппытæ ОБСЕ Астаны саммиты фæстиуджыджытæм гæсгæ хуссарирыстойнаг информацион агентад «Рес»-ы фарстытæн

Фарст: Цахæм аргъ скæндзынæ ОБСЕ цы саммит уыдис, уымæн, æмæ цахæм уыдысты йæ фæстиуджытæ?

Дзуапп: 1-2 декабры ОБСЕ-йы цы саммит уыдис, уый ныридæгæн бирæтæ хонын райдыдтой историон. Фыццаджыдæр уый, æмæ уымæй размæ цы саммит уыдис, уæдæй фæстæмæ рацыдис 11 азы, дыккаджы та уый, æмæ уагъд æрцыдис Азийы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъуысынгæнинаг

18 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæ Абхазы Чрезвычайон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Плиты Нодары.

Ныхæсты рæстæджы сæйраг хъусдард здæхт æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Абхазы ‘хсæн рæзты перспективæты уавæрмæ. Дыууæ ‘рдыгæй фарс дæр райгондæй банысан колтой, æндæр æмæ æндæр къабæзты æмкуысткæнынады позитивон динамикæ. Загътой, зæгъгæ, дарддæр дæр цæттæ сты, дыууæ паддзахады интерестæн дæр дзуапп чи дæтта, ахæм дывæрсыг бастдзинæдты дарддæры къахдзæфтæ аразынмæ.

РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæваримæ

РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады хъусынгæнинаг

18 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Мурат йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæ Абхазы Чрезвычайон æххæстбарджын минæвар Плиты Нодары.
Ныхæсты рæстæджы сæйраг хъусдард здæхт æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Абхазы æмахастыты рæзты уавæр æмæ перспективæтæм.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæт хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæйы Боны цытæн уагъд ææрцæуæг бæрæгбонон мадзæлтты

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæт хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Прокуратурæйы Боны цытæн уагъд ææрцæуæг бæрæгбонон мадзæлтты.

РХИ Прокуратурæйы кусджыты коллективы профессионалон бæрæгбон нысан æрцыдис 2008 азы августы цауты фæстæ РХИ Генералон Прокуратурæйæн арæзт чи ‘рцыдис, уыцы ног бæстыхайы.

Хуссар Ирыстоны прокуратурæ бирæ сарæзта барвæтк æмæ закъондзинад сфидар кæныны сæраппонд.