Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæuns Министрады хъусынгæнинаг Дзылон информацийы фæрæзтæн Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады Женевайы фарастæм раунды тыххæй

28 январы Женевайы уагъд æрцыдис Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл дунеон дискусситыфæлгæтты фарастæм фембæлд. Хайад дзы райстой Абхазы Республикæ, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федераци, АИШ, Республикæ Хуссар Ирыстон, афтæ ма Евроцæдисы, БНО æмæ ОБСЕ делегацитæ дæр. Уæрæсейы делегациты сæргъ лæууыдис статс-секретарь-Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Г.Б.Карасин.

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады æхсæн капитал бавæрды æмæ хъахъхъæныны тыххæй

Дарддæр Дыууæ Бадзырдаразæг Фарсы кæй хуындæуы, уыцы Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад, æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад


иу Бадзырдзаразæг Фарсы паддзахады территорийыл иннæ Бадзырдзаразæг Фарсæн йæ паддзахады инвестортæн капитал бавæрыны бакæныны тыххæй æмбæлон уавæртæ аразынмæ тырнгæйæ,

ацы Фидыды бындурыл капитал бавæрыны иумæ разæнгард кæнын æмæ хъахъхъæныны хъуыддаг кæй стимуляци кæндзысты капиталы æрбацыд æмæ иумиаг базарадон-экономикон æмæ зонадон-техникон æмгуыстады райрæзт нымайгæйæ,