Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - 2020

Date
  • All
  • Jan
  • Feb
  • Mar
  • Apr
  • May
  • Jun
  • Jul
  • Aug
  • Sep
  • Oct
  • Nov
  • Dec

June 19th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Сидт ирон адæмы геноцидыл 100 азы сæххæсты фæдыл фæсарæйнаг паддзахадты Хицауадтæм



Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад хаты фæсарæйнаг паддзахадты Хицауадтæм, цæмæй хъусдардмæ райсой, Ирыстоны адæмæн трагикон – XX æнусы 1918-1920 азты Гуырдзыстоны хицауад ирон адæмы ныхмæ кæй сарæзта, уыцы геноцидыл 100 азы бон. 2020 азы 20 июны Ирыстоны алы бинонтæ дæр нысан кæндзысты уыцы фыдохы бон сæ хиуæттæ æмæ æввахс адæмы, гуырдзиаг тыхгæнджыты къухæй фæмардуæвæг, Хуссар Ирыстоны сабыр цæрджыты ном арынæн.


Уæдæй рацыд бирæ азтæ, фæлæ хъизæмайраг рыст нæ сабыр кæны абоны онг дæр. 1920 азы æрцæугæ тугкалæн цаутæн нæй рæстæгæй сбарæн, нæй сын ферох кæнæн, уыцы адæймагады ныхмæ фыдракæндтæн ферохгæнæн куыднæ ис, афтæ.

June 11th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-релиз



2020 азы 5 марты Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йӕ къух ӕрфыста Барамындыл, гуырдзиаг куынӕггӕнджытӕ 13 ирон коммунары куы фехстой, уыцы бон – 20 июны ирӕтты геноциды амӕттӕгты Мысӕн бон сфидар кӕныны тыххӕй.


Геноциды амӕттӕгты ном мысыны тыххӕй Республикӕ Хуссар Ирыстоны, афтӕ ма хуссарирыстойнаг фӕсарӕйнаг уагдӕтты дӕр уагъд ӕрцӕудзысты фыдохы мадзӕлттӕ, ӕруаддзысты паддзахадон тырысатӕ, аргъуанты цӕгъддзысты дзӕнгӕрджытӕ ӕнаххосӕй фӕмардуӕджыты ном арынӕн, иумиагӕй иу уысм ӕмырӕй алӕугӕйӕ.