Республикæ Хуссар Ирыстон ис Кавказаг хæхты хуссарварс.
Йæ фæзуат у 3900 квадратон километры. Йæ сæйраг сахар у Цхинвал.
Йæ зæххы дæсæм хай йын ахсынц хохрæбынтæ.
Иннæ зæхх та у хæххон, 850-æй 3938 метры онг денджызы сæрмæ.
Иууыл бæрзонддæр хох у Халаца (3938 метры).

Archive - 2013

December 31st

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2013 азы 31 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Харитоны фырт цы Указ рауагъта, уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны ‘мбæстæг Джерапты Таймураз Савелийы фыртæн хатыргонд æрцыдис йæ фыдракæнд, кæй тыххæй йын 2010 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Тæрхондон УФ УК 278 статьямæ гæсгæ тæрхон рахаста 13 азы ‘мгъуыдмæ йæ сæрибардзинад байсын.

December 20th

Хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаг дзыллон информацийы фæрæзтæн

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл Женевæйы дискусситы 26-æм раунды тыххæй

December 12th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2013 азы 1 декабры 5 азы сæххæст Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварад саразыны æмæ йæ куыст райдайыны тыххæй Указыл къух фыст куы ‘рцыдис, уæдæй.


Дипломатон службæ равзарын, хуымæтæг хъуыддаг, мыййаг, нæу. Уый кæддæриддæр нысан кодта хи бæстæйы хæрзиуæгæн æндыгъд куыст кæнын, æдзух æй хуыздæр кæнынмæ тырнындзинад. Хъæуы дзы аналитикон зонд æмæ алыварсон æгъдауæй фенæг адæймаг, цахæмфæнды вазыгджын ситуациты дæр йæ бон раст уынаффæ райсын кæмæн у, ахæм.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

zheneva_0.jpg

2013 азы 26 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны кусæгон визитимæ уыдысты Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы Æмсæрдæрттæ. Делегаци Цхинвалы фембæлдис фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты Æххæстбарджын минæвар Джиоты Мураты сæргълæудæй Хуссар Ирыстонæй Женевæйы дискусситы хайадисджытимæ.

December 11th

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

mkkk_2.jpg

15 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид йæхимæ райста Сырх Дзуары Дунеон Комитеты Минæварады сæргълæууæг Валентина Кимы.


Фембæлды уынаффæ кодтой РХИ-йы территорийыл фæстаг мæйты Сырх Дзуары архайдмæ хауæг фарстатыл. Дзырдтой, уымæй размæ цы фембæлд уыдис æбæрæгæй сæфт адæймæгты агурыны сæраппонд, уый фæдыл. Кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ загътой цымыдисаг къорд фарстаты тыххæй.

Санахъоты Давид бузныг загъта ДСДК-йы сæргълæууæгæн йæ визиты тыххæй æмæ банысан кодта ДСДК-йы бирæазон ахадæн куыст Хуссар Ирыстоны. Фембæлды хайадисджытæ цæттæдзинад загътой сæ дарддæры координацигонд архайды æмæ æргом æмкуысткæнынады тыххæй.


Цхинвал, 2013 азы 15 ноябрь

November 24th

Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион хостæй ифтонгад дæр сæм бафтаугæйæ, медицинон æххуыс бакæныны къабазы æмгуыстады фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, дарддæр – Дыууæ Фарсы,


Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн специализацигонд, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион, æххуыс кæныны рæстæджы сæм хостæй ифтонгад дæр бафтаугæйæ, медицон æххуыс бакæныны къабазы æмгуыстад сифтонг кæныны нысæнттæн,

November 22nd

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. интервью ИА «Рес»-æн

sanakoev.jpeg

- Абоны бонмæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн йæ куысты приоритетон цахæм фæдæздæхтытæ сты?


— Сæйраджыдæр уый æмæ нын нæ æттагонполитикон архайды бындуронæй приоритетон у Республикæ Хуссар Ирыстоны дунеон æмæхсæнады аккаг бынатæй ифтонг кæнын. Æттагон политикæйы къабазы æнтыстытæ æнæфæхицæнгæнгæйæ баст сты паддзахадæн йæхи динамикон рæзтимæ, уымæ гæсгæ æппæт тыхтæ дæр мах хъуамæ аздахæм, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны имидж скæнæм иууыл химæлвасгæдæр дунейы æппæт бæстæты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

italiya.jpg

2013 азы 8 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæuns министр Санахъоты Д.Г. кусæгон визиты ацыдис Италимæ. Хуссар Ирыстоны æттагонполитикон уагдоны сæргълæууæг балцы фæлгæтты ауагъта къорд фембæлды бæстæйы политикон æмæ æхсæнадон архайджытимæ, кæцыты дзырд цыдис дыууæтæн дæр цымыдисаг чи уыдысты, ахæм фарстатыл.

November 14th

Хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаг дзыллон информацийы фæрæзтæн

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы 25-æм раунды тыххæй

2013 азы 5-6 ноябры Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл дунеон дискусситы фæлгæтты Женевæйы уагъд цыдис радон фембæлд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, ЕЦÆО, ИНО минæвæрттæ дæр. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.

Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

1_12.jpg

2013 азы 14 октябры Приднестровьейы Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады Сæргълæууæг С. Сураго фембæлдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Официалон Минæварады ногæй снысангонд сæргълæууæг Коцты Е.


Ныхасы рæстæджы С. Сураго æмæ Коцты Е. загътой, дарддæры сæ дыууæ дæр кæмæ цымыдис кæнынц, уыцы æмгуыстад хуыздæр кæныны тыххæй.

Фембæлды кæрон Коцты Е. кадджын уазджыты фыссæн чиныджы ныууагъта зæрдылдарæн фыст.


Тирасполь, 2013 азы 14 октябрь